Президент Бибылты Анатоли Ветеранты Советы Сæрдар Бесаты Вячеславимæ бабæрæг кодтой фæсчъылдымы ветеран, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Дзигойты Сардионы идæдз — Мария Уасилы чызджы.

Дзигойты Марияйы чызджы чызг Дыгъуызты Зæринæ социалон хызæджы комкоммæ эфиры фæлгæтты паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыд йæ цæрæнуат ын сцалцæг кæнынæн баххуыс кæныны тыххæй.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Мария Уасилы чызгæн, йæ райгуырæн боныл 100 азы кæй сæххæст æмæ Сылгоймæгты дунейон боны цытæн æмæ йын бузныджы ныхæстæ загъта хæсты рæстæджы йæ фæллойы тыххæй.

«Ды бирæ сарæзтай Стыр Уæлахизы тыххæй, ныр та дæ æвзонг фæлтæрæн цæвиттойнаг. Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ уды хъæддыхдзинад», — загъта Президент.

Бибылты Анатоли федта Дзигойты бинонты хæдзар æмæ бахæс кодта, цæмæй йæ бацæттæ кæной реконструкцимæ.

«Æппæт арæзтадон куыстытæ сæххæст кæнынмæ æнхъæлмæ кæсын хъæуы, фæлæ нын куыддæр боныгъæд фадат радта, афтæ мах сараздзыстæм, цы хъæуы, уый», — загъта Президент.

Уый ма бахæс кодта, Дзигойты Марияйæн медицинон æххуыс бакæнын дæр.

Йæхи фарсæрдыгæй, фæсчъылдымы ветеран бузныг загъта уазджытæн сæ хъусдарды тыххæй æмæ радзырдта хæстон азты историтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.