Оу, мӕнӕ мӕгуыры мардӕрцыд – лӕг ма йӕ сӕр кӕдӕм фӕхӕсса ацы ӕмтъеры царды диссӕгтӕй!.. Дӕ кӕстӕры амондӕн ӕртӕ кӕрдзынӕй ма скув, ӕртӕ лӕгмӕ ма фӕдзур, дӕ мардӕн хӕрнӕджы фынг ма рывӕр, афтӕмӕй йӕ ныдӕлсыджыт кӕн… Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, дам, адӕмӕн иурӕтты ӕмбырд кӕнын бар нӕй, уӕд, дам, нӕ ацы вирус бынтондӕр ныццӕгъддзӕн… Гъемӕ, дам, нал дӕр чындзӕхсӕв, нал дӕр – хист!

Ацу ӕмӕ зӕрдӕдзурӕнты ма фӕу, ма дӕ бафӕндӕд дӕ сӕр искуыдӕм фесафын… Ноджы: кӕд, дам, цӕфӕй нӕ мӕлыс, уый та дын – рӕхуыст! Дӕ телефон куы ахуыссын кӕнай, уӕддӕр дын дӕ дуӕрттӕ ӕфтауынц, дӕ рудзгуытӕ дын сӕттынц, уыцы ӕмӕ, дам, уыцы бон дӕ хъуыддӕгтӕ куыд ныууадзай – мӕнӕ, дам, уый дӕр хъуамӕ спрезидент кӕнӕм, ӕмӕ, дам, нӕ «инициативонӕй группӕйӕн  сабрани ис»… Æмӕ цас сты, цас – иуты дзы дуарыл куы асурай, уӕддӕр дӕм иннӕтӕ рудзынгыл ӕрбахиздзысты…

Уӕдӕ ма мардӕрцыд цы вӕййы – кӕд уыцы ӕнӕхайыры вирус адӕмы хистытӕ ӕмӕ чындзӕхсӕвты афтӕ цӕгъдӕн кӕны, уӕд сӕ уыцы «сабраниты» ӕфсӕрмы кӕны?

Уымӕй дӕр, бӕргӕ алыбон дӕр чындзӕхсӕвтӕ куы кӕниккам, хист та нӕм дӕс азы иу хатт йедтӕмӕ куынӕ уаид – афтӕ арӕх куынӕ ӕмбырд кӕнӕм ахӕм рӕтты… Фӕлӕ, куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ацы «сабранитӕ» кӕд сахаты мидӕг дӕс нӕ уой, уӕддӕр иу боны мидӕг иу-ссӕдз уӕддӕр уыдзысты… Æмӕ нырма кӕм ис – мӕнӕ къухфыстытӕ ӕмбырд кӕнын райдайой!

Иу дзырдӕй, адӕм, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, президентӕй кӕй нӕ фӕнды, уыцы адӕм тасы, зӕрдӕдзурӕнты ныххаудтой. Иугӕр цалдӕр бонмӕ уыйбӕрц «желаюшшитӕ» разынд, уӕд адӕммӕ, кӕй ма нӕ фӕнды, уыцы адӕммӕ афтӕ кӕсын райдыдта, цыма уый дӕр, вакцинӕ аразынау, «абезаловкӕ» у ӕмӕ катӕйттыл фесты. Раздӕр обкомы ӕмӕ рай-комты зонгӕтӕ куыд агуырдтой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн иу къило гречка, кӕнӕ сӕ чызджытӕн зымӕгмӕ хъарм цырыхъы-тӕ самал кӕной, афтӕ сусӕг-ӕргом Цент-ралон ӕвзарӕн къамисы сӕхицӕн зонгӕ-тӕ агурынц, кӕд, дам, исты гӕнӕн ис, уӕд нӕ ма срегистраци кӕной президенттӕм кандидатӕй…

Омӕ уӕдӕ куыд уынгӕджы фесты адӕм, куыднӕ хъуамӕ тӕрсой?.. Бӕрцӕй ма иу къуырийы размӕ дӕр адӕмы хсӕн модӕйы хуызы иунӕг фарст йедтӕмӕ нӕ уыд: тест сарӕзтай?.. Ныр та: дӕ кандидатурӕ бавдыстай?.. Раздӕр нӕм, ӕвзӕрстыты рӕстӕджы, уыд иунӕг ӕмбарынад: иууылдӕр – хъӕлӕс дӕдтынмӕ! Ныр та – иууылдӕр регистраци кӕнынмӕ?..

Уыцы бынат иу йедтӕмӕ куы нӕу, мах та армыдзаг йедтӕмӕ куынӕ стӕм, уӕд цӕмӕннӕ хъуыды кӕнӕм хуымӕтӕджы цӕуылдӕртыл? Ныр адӕмы, кӕй фӕнды, уыцы адӕмы, бафӕрс: алӕ-ма, дӕу дӕр куы фӕнды, уый дӕр, иннӕйы дӕр, аннӕйы дӕр, уӕд куыд цӕуы, куыд – хъӕлӕс ма та чи дӕтдзӕн, уый бӕрц адӕм нӕм кӕдӕйнырмӕ ис?..

Сӕйраджы сӕйраг – ӕгӕр нӕ аслам кӕны нӕ фыдыбӕстӕ?.. Иуӕй уый, ацы дывыдон дуджы йӕ сӕргъы слӕууынмӕ йӕ ныфс алчи дӕр кӕй хӕссы, иннӕмӕй та ӕвзӕрстытӕ сӕ тыхы нӕма бацыдысты, афтӕмӕй нӕ армытъӕпӕныйас зӕххы гӕппӕлыл цы фидистӕ ӕмӕ цъыфкалӕнты чъизи азӕй кодта, уый не знӕгтӕ нӕ уынынц? Æгӕр ӕбӕрнон цӕстӕй кӕсын нӕ райдыдтам нӕ сомбонмӕ? Тӕккӕ знон дӕр ма афтӕ чи хъӕр кодта, мах уымӕн баиу стӕм, цӕмӕй нӕ фыдыбӕстӕйы йӕ уӕззау уавӕрӕй фервӕзын кӕнӕм, уыдонӕн ныр цы фӕцис уыцы иудзинад, алчи дӕр дзы кӕрц йӕхирдӕм ивазын цӕмӕн райдыдта? Уый Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмыл мӕт кӕнын нысан кӕны?

Бӕргӕ адӕймаг йӕ къух бынтондӕр куы сисид ацы ӕнӕхайыры интернетыл, фӕлӕ дуджы фӕзынд у, ӕгӕр арф бацыд нӕ царды, ӕмӕ дзы хи фӕтыллиф кӕнӕн нал ис – уӕд царды ӕмдзу нал кӕныс, уӕд фӕстейӕ зайыс. Бахизай дзы, уӕд та – мӕгуыры дӕ-дӕ-дӕй! Цӕстытӕ уӕзӕг ӕвӕрынц, зӕрдӕ цъӕх кӕны: чидӕр та йӕ фидистӕ ракалдта, уый йедтӕмӕ Ирыстоныл ничиуал мӕт кӕны, ӕмӕ сыгъзӕрин мӕсгуытӕ амайын райдыдта. Чи та, алырдыгӕй йӕм – Абхазӕй, Сомихс-тонӕй чи цы фарсхӕцӕн фыстӕджытӕ фыссы, уыдон рахъил кӕны, мӕнӕ ма, дам, ракӕсут, ӕцӕгӕлӕттӕ, дам, мӕ размӕ куыд схойынц, сымахӕн та, дам, уӕ цӕст нӕ уарзы, цӕмӕй мӕ уӕ къухтыл бахӕссат уыцы къӕлӕтджынмӕ. Бафӕр-сын аипп ма уӕд, ӕмӕ дӕ уыцы аб-хазӕгтӕ кӕнӕ сомихӕгтӕ зонынц, искуы демӕ куыстой, дӕ цуры цардысты, дӕ фадӕттӕ, дӕ арӕхстдзинӕдтӕ, дӕ хъуы-дыкӕнынады авналӕнтӕ дын бӕстӕтты зонынц? Нӕ? Уӕдӕ йӕ уыдон кӕцӕй зонынц, ды махӕн президентӕй сбӕз-дзынӕ, Ирыстон дӕ къухдариуӕгады бын дидинӕг рафтаудзӕн, уый? Махӕн уы-доны хъуыды, уыдоны фарсхӕцӕн фыстӕджытӕ цы дӕттынц, цӕмӕн нын сӕ схъил кӕныс нӕ цӕстыты раз?

Ай диссагӕн дзуринаг нӕу – йӕ мӕгуыр сӕры тау къоппайӕн чи ницы зоны, йӕ уды номыл иу пъамидоры хъил чи никуы сцыргъ кодта, ахӕмтӕ дӕр сӕ ныфс ӕнӕхъӕн паддзахады сӕргъ слӕууынмӕ куы хӕссой уӕд цы фӕуыдзыстӕм, цахӕм хъысмӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы нӕ хъӕбулты хуыздӕрты тугӕй ӕлхӕд фыдыбӕстӕмӕ? Фӕлӕ цы бакӕнӕм, мӕгуыр алцӕмӕй дӕр мӕгуыр у… Æнӕхӕлафӕй хъал митӕ кӕнын чи уарзы, уыдонӕн уыйбӕрц хъуыдыкӕнынад нӕй, цӕмӕй йӕ ӕмбарой, цалдӕр мӕйы дӕргъы ӕрмӕстдӕр «Украинӕмӕ Уӕрӕсейы бабырстӕй» чи цӕры, уыдонӕн сӕ фӕндтӕй уыцы здӕхты исты рауайа ӕви ма рауайа, уӕддӕр сӕ ных махмӕ сараздзысты, Уӕрӕсейыл махӕй ахӕцынмӕ ӕрхъавдзысты. Æмӕ?.. Йе мкусджыты хсӕнӕй «тӕргай» чи алыгъд, стӕй ӕгуыст кӕй баззад, ууыл чи куыдта, уый уӕд та, Гацийы загъдау, спрезидент ӕмӕ йӕм Вашингтонмӕ фӕдзырдтой, уӕд уым дӕр афтӕ фӕтӕргай уыдзӕн ӕмӕ ралиддзӕн? Æви афтӕ ӕнхъӕлы, Джо Байден ӕй фӕстейӕ расурдзӕн ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ раздахыныл архайдзӕн…

Алкӕмӕн йе мбисонд – йӕхи? Нӕ, афтӕ нӕу, алкӕмӕн йе мбисонды фӕндагыл цӕуыны бар куы радтӕм, уӕд нӕ фӕндаг фыдвӕдмӕ у, уӕд ӕмбисондӕн хӕссинаг кӕнӕм…

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.