Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонты фæхуыдтой Стыр Уæлахизы цытæн уагъдцæуæг конкурсмæ, – хъусын кæны Цхинвалы «Русский дом».

2022 азы 17-æм январæй 30-æм апрелмæ уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонты дунеон совет, фæсарæнты æмфыдыбæстæйонты хъуыддæгты фæдыл хицауадон къамисы, фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонты дунеон координацион советы, æндæр паддзахадон æмæ æхсæнадон организациты æххуысæй дистанцион форматы уадзы дунеон æвзæнгты онлайн-конкурс 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы фæдыл, кæцы баст у Стыр Уæлахизы 77-азы бæрæгбонимæ.

Конкурсы хайад райсынмæ хуынд цæуынц, фæсивæд фæсарæйнаг уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонтæ 10 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Конкурс конд у фондз этапæй (онлайн-викторинæтæй). Конкурсæн хатдзæгтæ арæзт æрцæудзæн æмæ уæлахиздзауты фехъусын кæндзысты 2022 азы Стыр Уæлахизы  бæрæгбоны хæдразмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.