Абон Хуссар Ирыстоны адæм нысан кæнынц Республикæ расидыны бон.  Цы нысаниуæг дæттыс ды та уыцы бонæн? Ацы фарстæн дзуапп дæттынц:

Тедеты Эдуард, аразæг: 27 азы размæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ  республикæ кæй расидтысты, уымæй бахъахъхъæдтой ирон æвзаг дæр æмæ паддзахаддзинад дæр. Уыцы къахдзæф кæй сарæзтой, уый уыд иууыл растдæр. Уыцы къахдзæфы сарæзтæй фидар бындур æвæрд æрцыд нæ абоны паддзахадæн. Мах хъуамæ кад кæнæм, уыцы уæззау дуджы ахæм хъуыддæгтæ чи скъуыддзаг кодтой, уыдонæн, ма сын ферох кæнæм сæ хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинад. Уырны мæ, нæ фидæны фæлдæртæ дæр кад æмæ цыт кæндзысты æмæ нæ ферох кæндзысты, ирон адæмы интерестæ ныхасæй дæр æмæ хæцæнгарзæй дæр чи хъахъхъæдта, уыдоны.

Тыджыты Рузаннæ, пенсиисæг: 90-æм азы æз куыстон хуыйæн фабрикæйы, фæлæ иунæг нысаниуæгджын цау дæр нæ уагътон, алыранмæ дæр цыдтæн. Мæхæдæг æвдисæн уыдтæн бирæ хъуыддæгтæн. Облсоветы адæмон депутаттæ сесси куы уагътой, уæд цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уый дæр зонын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы цауты ахсджиаг роль уыд «Адæмон Ныхасæн», ацы хъуыддæгты инициатортæ уыдон уыдысты æмæ сæ нæ хъæуы рох кæнын. Уыдон куынæ уыдаиккой, уæд абон мах хæдбар, сæрибар паддзахады нæ цæриккам. Уыдон кæд рæстдзинадыл тох кодтой, уæддæр нæ адæмæй бæрнон бынæтты чи куыста, уыдонæй бирæтæ уыдысты сæ ныхмæ, æниу, кæд уыдон дæр сæ мидзæрдæйы разы уыдысты сæ фæндонимæ, уæддæр нæ уæндыдысты, тарстысты сæ къæлæтджын бандæттæн. Фæлæ фæуæлахиз рæстдзинад. Уымæй рабæрæг, чи уыд раст æмæ зылын. Абон мах хæдбар, нымад паддзахады цæрæм æмæ хъуамæ кусæм уæхскуæзæй йæ хæрзæбонæн. Ныхæстæй нæ, фæлæ не ‘рвылбонон куыстæй хъуамæ фидар кæнæм нæ паддзахаддзинад. Уымæй цыт кæндзыстæм, нæ хæдбардзинады сæрыл чи тох кодтой, сæ цард нывондæн чи æрхастой, уыдонæн, æмæ сомбон мах дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ныууадздзысты нæ фидæны фæлтæртæ.

Цхуырбаты Зарæ, службæгæнæг: Хæдбар, сæрибар паддзахад хуымæтæджы нæ бафтыд нæ къухты. Стыр хъизæмæрттæ бавзæрстой нæ адæм, сæ барты сæрыл кæй сдзырдтой, уый тыххæй, фæлæ нæ басастысты, сæ равзаргæ фæндаг кæд хъизæмайраг уыд, бирæ туг, бирæ удтæ аныхъуырдта, уæддæр ыл цыдысты æнæфæцудгæ æмæ сæ бæллиц сæ къухы бафтыд. 1990 азы 20 сентябры хæдбар республикæ куынæ расидтаиккой уæды депутаттæ æмæ æхсæнады активисттæ, уæд 2008 азы 26 августы Уæрæсейы къухдариуæгад цы банымадтаид, уый сын нæ уыдаид. Мах нæ хъæуы рох кæнын, 90-æм азты нæ сæрибардзинады сæрыл чи сдзырдтой, чи тох кодтой, æппæт уыдоны. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ сæ-рæгас нал сты, æмæ цы бæсты сты, уым Чырыстийы рухсы бадæнт. Сæрæгас чи у, уыдонæн  арфæ кæнын бæрæгбоны цытæн, мæ зæрдæ сын зæгъы æнæниздзинад æмæ дидинæфтаугæ Хуссар Ирыстон  – Паддзахад-Аланийы бирæ азты амондджынæй цæрын.

Плиты Заирæ, Цхинвалы цæрæг: 20 сентябрæн стыр историон нысаниуæг ис. Уымæн æмæ уæд нæ адæм æрцыдысты иу хъуыдымæ. Уыдон кæрæдзийы фарсмæ балæугæйæ, аскъуыддзаг кодтой фашистон Гуырдзыстонимæ сын цæрæн кæй нал ис. Уымæн æмæ уыдтой – Советон Цæдис пырх кæнын райдыдта. Иууыл фыццаг Цæдисæй рахицæны тыххæй гуырдзиæгтæ загътой сæ фæндон. Æнæ Уæрæсейæ та ирæттæн гуырдзиæгтимæ цæрæн нæ уыд. Гуырдзиæгтæ уæд равдыстой се ‘цæг цæсгом. Æрхъа-выдысты ирæтты, куыд этнос, афтæ скуынæг кæнынмæ, фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Нæ йæ зыдтой ирон адæм тыхст рæстæджы æнгомдæр, тыхджындæр æмæ ныфсджындæр кæй вæйынц. 1990 азы 20 сентябры республикæ кæй расидтысты, уый стыр ныфсхастдзинад уыд, уымæн æхсар æмæ хъару хъуыд, æмæ нæ адæмы активисттæн уый саразын бантыст. Уымæй бындур æвæрд æрцыд нæ паддзахаддзинадæн. Уæд Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депутаттæ райстой деклараци Хуссар Ирыстоны Советон демократон Республикæ ССР Цæдисы сконды. Декларацийы нысан æрцыд, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзтæн æнæмæнгхъæуæг у æппæт политикон, социалон-экономикон фарстатæ хæдбарæй скъуыддзаг кæнын. Уый та у стыр бæрндзинад æмæ махæй алчи дæр хъуамæ æнкъара уыцы бæрндзинад æмæ æппæт дæр араза нæ хæдбар паддзахады размæцыды тыххæй. Хъыгагæн, республикæйы территорийыл цæрджытæй алчи нæ хъуыды кæны паддзахады размæдзыдыл, фæлæ хъуыды кæны, куыд схъæздыг уа æмæ Хуссар Ирыстонæй кæдæм ацæуа, ууыл. Уый раст нæу. Нæ лæппутæ, исчи схъæздыг уа, уый тыххæй нæ тох кодтой, уый тыххæй сæ цард не снывонд кодтой, фæлæ тох кодтой размæдзыд, хъæздыг æмæ дидинæфтаугæ Ирыстоны тыххæй. 20 сентябрь стыр бæрæгбон у махæй алкæмæн дæр æмæ йыл алы аз дæр хъуамæ æмбæлæм стыр æнтыстытимæ, хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ.

Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын фæнды Мады Майрæмы бæрæгбоны цытæн дæр, алкæмæн дæр нæ æххуысгæнæг уæд.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.