Æрхæццæ кæны Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты бон. Нæ республикæйы æмбæстæгтæ цы хъуыды кæнынц æвзæрстыты кампанийы тыххæй, ууыл  у нæ бацæттæгонд æрмæг.

Гаглойты Роберт – зонад-иртасæн институты директор:

– Абоны бон иууыл егъаудæр политикон цауыл нымад цæуынц Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæ. Æмбæхсинаг хъуыддаг нæу, хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ Владимир Путины кандидатурæйы фарс кæй рахæцдзысты, уый. Уый тыххæй нæ, æмæ нæ республикæйы æмбæстæгты фылдæр хай уæрæсейаг æмбæстæгтæ сты.  Кæнæ абоны бон нæ республикæйы сабырад уый фæрцы хъахъхъæд цæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый махæн, Хуссар Ирыстонæн, æгæрон æфсымæрон æххуыс у.   Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы, Владимир Путин ахæм гоймаг кæй разынд, кæцы йæ раст политикон къахдзæфтæй аккаг ныхкъуырд дæтты ахæм бæстæтæн, кæцытæ фæстаг азты Уæрæсейы Федерацимæ ахасты раст политикон къахдзæфтæ нæ аразынц. Рох кæнын нæ хъæуы уый дæр, æмæ Владимир Путин йæ æрлæудæй фæстæмæ  архайы, цæмæй Уæрæсе слæууа йæ къахыл æмæ слæууа æндæр егъау паддзахадты æмрæнхъ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ егъау æмæ уæззау куыстæн хорз фæстиуджытæ ис. Уæлдайдæр та ахæм фарстаты, кæцытæ баст сты Уæрæсейы æддагон политикæйыл. Ис йæ архайды цухдзинæдтæ дæр, уæлдайдæр та мидæггагон политикæйы фадыджы,  фæлæ нæй ахæм адæймаг, цухдзинад кæмæ нæй. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ æппæт ацы азты дæргъы Владимир Путин куынæ лæууыдаид Уæрæсейы паддзахады сæргъ, уæд Уæрæсейы Федераци ныппырх уыдаид, æмæ куыд паддзахад, афтæ нал уæвынад кодтаид.

Уымæ гæсгæ мæ фæнды зæгъын ацы æвзарæн кампанийы рæстæджы, иннæ кандидатурæтæм æркæсгæйæ, æз Владимир Путины кандидатурæйы раз никæй кандидатурæ æвæрын. Æз мæхæдæг дæр, мæ бинонтæ дæр æмæ хиуæттæ дæр 18 марты хъæлæс ратдзыстæм Владимир Путинæн. Æмæ мæ ныфс ис, нæ æмбæстæгты фылдæр хай дæр Владимир Путины кандидатурæйы фарс кæй рахæцдзысты.

Бибылты Валери – Цхинвалы районы администрацийы фыццаг хæдивæг:

– Махæн, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, сæ сомбон баст у Уæрæсеимæ. Ныртæккæ Уæрæсейы Президенты бынатмæ цы кандидаттæ ис, уыдоны ‘хсæн мах Владимир Путины кандидатурæйы хъуамæ равзарæм. Цы æххуыс нын бакодтой æмæ кæнынц Уæрæсейы Федераци йæ президент Владимир Путины сæргълæудæй, уый махæн амонын æмæ дзурын нæ хъæуы. Акæсут-ма, йæхицæн ын æндæр егъау бæстæтæ цы æндыгъд политикон уавæр аразынц, фæлæ æппæт уыцы сæвзæргæ уавæртæм нæ кæсгæйæ, се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынц сæ хуссайраг æфсымæртæм. Æмæ махæй  ацы къах-дзæфтæ рох ма хъуамæ  уой. Ацы æвзæрс-тыты фæстиуæгыл баст у махæн дæр æмæ æмткæй Уæрæсейы Федерацийæн дæр сæ сомбон.

Ныртæккæ Уæрæсейы телеканалтæй сæ иуы цæуы киноныв «Золотая Орда», цыран   æвдыст цæуы, раздæры рæстæджы Уæрæсе дихгонд кæй уыд æмæ йæм алырдыгæй раст тугдзых бирæгътау, кæй лæбурдтой. Уымæ гæсгæ нæй гæнæн, æмæ ацы истори фæлхатт æрцæуа, æппæт тыхтæ дæр радтын хъæуы æмæ æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй 18 марты не ‘мбæстæгтæ саразой раст къахдзæф æмæ хъæлæс скæной Владимир Путинæн. Уымæн æмæ æппæт кандидаттæй Владимир Путин нæ бауадздзæн ницахæм тыхтæн Уæрæсейы Федераци ныддих кæнын æмæ сын йæ аккаг политикон къахдзæфтæй ныхкъуырд дæтдзæн.

Кокойты Елиоз – Тъбеты хъæууон администрацийы сæргълæууæг:

– Ацы æвзæрстытæн ис тынг егъау нысаниуæг, куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Ныртæккæ æз Уæрæсейы Федерацийы æгæрон æххуысы кой нæ кæндзынæн. Зæгъдзынæн æрмæстдæр уый, æмæ нæ кæстæртæ кæй хъомыл кæнынц сабыр арвы бын, æрмæстдæр Владимир Путины руаджы. Æрмæстдæр ацы адæймаджы руаджы нæ æфхæрд республикæйы хъахъхъæд цæуы сабырад. Уымæ гæсгæ махæй иу адæймаг дæр хъуамæ ма хъуыды кæнид,  кæмæн радта хъæлæс, ууыл. Фæлæ иууылдæр 18 марты æрбацæуæм æвзарæн фадгуытæм æмæ æрбалæууæм Владимир Путины фарсмæ, æмæ уый та сараздзыстæм æмæ равдисдзыстæм, йæ кандидатурæйы фарс куы рахæцæм, уæд. Иу хатт ма йæ зæгъын, Хуссар Ирыстонæн Владимир Путин куынæ уыдаид, уæд Ирыстон абон нæ уаид. Æмæ мæ  газеты руаджы развæлгъау зæгъын фæнды бузныджы ныхæстæ, 18 марты Владимир Путинæн чи схъæлæс кæна, уыцы æмбæстæгтæн.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.