Хуыты африкæйаг емынæ у хæцгæ низ æмæ дзы иу куы фæрынчын вæййы, уæд низ апарахат вæййы æмæ бахæцы æндæртыл дæр. Ацы низ нæ республикæйы дæр раджы фæзынд æмæ хъæууон цæрджыты хуытæ фæрынчын вæййынц куы иу, куы та – æндæр рæтты. Низ сдзæбæх кæнынæн ветеринарийы кусджытæн абоны онг сæ бон ницы баци, æрмæст дарддæр йæ парахат кæныны ныхмæ райсынц ахадæн мадзæлттæ.

Амæйразмæ ацы низ фæзынд Знауыры районы Мугуты хъæуы, цæрджыты хуытæй мæлгæ дæр акодта дзæвгар. Уæд районы ветеринарон службæ бынæттон цæрджытимæ иумæ бакодта æмбæлон куыст, хуытæй чи амард, уыдон баныгæдтой рæстæгыл, цæмæй иннæтæ хызт уыдаиккой низæй. Хъыгагæн, æрæджы та низ апарахат Чдилет æмæ Фарны хъæуты æмæ низы амæттаг фесты хуыты иу хай. Ацы бынæттæм дæр æвæстиатæй фæзындысты районы сæйраг ветеринарон дохтыр, республикæйы ветеринарийы сгуыхт кусæг Хъотайты Æхсар æмæ бакодтой, фыццаграды цахæм куыстытæ æххæст  хъæуы, уыдон. Хъотайы-фырт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йын кæддæриддæр цæстуарзон æххуыс бакæнынц администрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Олег æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Хуытæй цы анализтæ систой, уыдон арвыстой Краснодары крайы Кропоткины горæты ветеринарийы амбулаторимæ. Низ дарддæр ма апарахат кæныны тыххæй банысангонд хъæуты  цалдæр раны сæвæрдтой дезбарьертæ. Фæлæ зæгъын хъæуы, цæрджытæй иуæй-иутæ низмæ кæй дарынц куыдфæндыйы ахаст æмæ уый та фадат дæтты  йæ дарддæры парахат кæнынæн.

                                                                ХУЫБИАТЫ Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.