Бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ нывӕрдта йе нусон ӕвӕрӕнты ирон адӕмы истори. Цы фыд, цы рын ма нӕ бавзӕрстой ирон адӕм сӕ дӕргъвӕтин  фӕсмойнаг-ӕвӕсмойнаг фӕндагыл цӕугӕйӕ. Уыцы фӕсмойнаг хабӕртты иууыл ахсджиагдӕртӕм хауы, кӕддӕр ирон адӕмы иу хай сайдвӕстаг фӕндагыл ныллӕугӕйӕ Туркмӕ кӕй аивылдысты ӕмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы сӕ хъиутӕ хӕргӕйӕ фӕсмойнаджы арты кӕй басыгъдысты, уый. Æрмӕст Къуындыхаты инӕлары аххос уыдаид ӕви ма дзы ӕддагон ӕндӕвдады къухбахаст дӕр уыд, уыдӕттӕн абон нал дӕр бӕстон базонӕн ис, ницыуал дӕр нын дӕтгӕ ракӕндзысты. Фӕлӕ нӕ царды, нӕ нырыккон историон размӕцыды «туркаг ирӕттӕн» ахсджиаг бынат кӕй ис, дардӕй кӕрӕдзимӕ дзыназгӕйӕ дӕр уд ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕввахс, иу кӕй стӕм, ууыл дызӕрдыггӕнӕн нӕй.

Ирыстоны цӕгатӕй хуссармӕ ахӕм ирон адӕймаг нӕ разындзӕн, Турчы цӕрӕг ирӕттӕ сӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ сӕ традицион ӕгъдӕутты сыгъдӕгдзинад махӕй хуыздӕр кӕй бахъахъхъӕдтой, ууыл чи нӕ басӕтта. Ирыстоны нӕ райгуырдысты, Ирыстоны никуы цардысты, ирон ӕвзаг никуы ахуыр кодтой, афтӕмӕй! Ирон адӕмы уанелтӕм-иу сӕ куы фӕхуыдтам, уӕд-иу фӕстӕмӕ зӕрдӕсаст ӕмӕ катайгӕнгӕ аздӕхтысты – мах, дам, нӕхи Ирыстонмӕ уый цинӕй раппарӕм, кӕд ирон ныхасмӕ хъусынӕй бафсӕдиккам, сымах та, дам, ӕцӕгӕлон ӕзагыл фӕдзурут…

Уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цардысты иу риссаг сагъӕсимӕ: «Уӕ, нӕ хӕхтӕ, нӕ бӕстӕ – куыд ма цӕрӕм уӕ фӕстӕ!». Фӕлӕ сын уыцы ӕнусон сагъӕс сӕ национ удыхъӕд нӕ асаста, кодта сӕ ӕнгомдӕр, фидардӕр. Дардӕй дзыназгӕйӕ дӕр Ирыстоны къаддӕр нӕ уарзтой, чи дзы цард, уыцы ирӕттӕй. Гӕздӕнты Булат сӕм фыццаг хатт куы ныццыд, уӕд ӕй ахӕм рагон ирон цӕгъдтытимӕ базонгӕ кодтой, кӕцыты Ирыстоны бынтондӕр ничиуал зыдта, ничи сӕ фехъуыста. Булатмӕ та се нӕкӕрон уарзондзинад равдыстой ӕнахуыр хуызы: йӕ фӕндыры амонӕнтӕ йын сыгъзӕринвӕлыст скодтой…

Фӕстаг рӕстӕджыты сын ӕнгомдӕр ахастытӕ уыд сӕ фыдӕлты бӕстӕ  Ирыстонимӕ. Ууыл бирӕ азты дӕргъы иууыл зӕрдиагдӕрӕй чи куыста, уыдонӕй иу уыд дзӕнӕтыбадинаг Ханыхъуаты Ремзи, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады ӕххӕстбарджын минӕвар Турчы. Ремзи цӕргӕ Турчы кодта, фӕлӕ цард Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмы цардӕй, йӕ хъуыдытӕ, йӕ бӕллицтӕ йӕ раттӕг адӕмимӕ уыдысты. Йӕ царды фӕстаг азтӕ снывонд кодта ӕрмӕстдӕр иу хӕрзиуӕгон архайдӕн: ирон адӕм кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр хъуамӕ кӕрӕдзийы хъӕр хъусой, кӕрӕдзи ӕмбарой, цӕрой сӕ национ иудзинад фидар кӕныны хъуыдыимӕ. Æмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр кодта. Уымӕн-иу уыд Ирыстонмӕ йӕ алы ӕрцыд дӕр бӕрӕгбоны хуызӕн, уымӕн ӕй уарзтам. Фӕлӕ йӕ агъатыр мӕлӕт нал бауагъта уыцы рӕсугъд ӕмӕ мидисджын цардӕй ацӕрын…

Æрӕджы нӕ республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады уынаффӕмӕ гӕсгӕ Турчы нӕ республикӕйы ӕххӕстбарджын минӕварӕй нысан ӕрцыд Хоситы Бурхан (Дзамболат). Æмӕ диссаг цы у, нӕ диванон политиктӕй та кӕмӕндӕрты фадат фӕцис сӕ лыскъ удты марг скалынӕн: цӕмӕн, дам, хъӕуынц ахӕм сайӕн митӕ, Турк, дам, нын нӕ хӕдбардзинад куынӕ банымадта, мыййаг… Уый та у, не хсӕнады цы къуымыхзонд цардхалджытӕ ис, уыдоны радон провокаци! Уый та куыд? Турчы цы бирӕнымӕц ирӕттӕ цӕры, уыдоныл нӕ къух сисӕм, не хсӕн мацыуал бастдзинӕдтӕ уа? Æмӕ куыд, цы амӕлттӕй хъуамӕ дарддӕр кӕнӕм уыцы бастдзинӕдтӕ, уым нын нӕхи бӕрнджын адӕймаг куынӕ уа, уӕд? Не «ппӕтзонӕг» политиктӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕр нӕ зонынц, Турчы цы ӕндӕр нациты минӕвӕрттӕ цӕры, уыдон ирон диаспорӕмӕ куыд «хӕлӕг» кӕнынц, уый… Куыд ирон адӕм, афтӕ сын сӕхи паддзахад кӕй фӕзынд, уый тыххӕй. Уыдон сты, кӕддӕр Цӕгат Кавказы цӕрӕг адӕмтӕй,  ирон адӕмау, Туркмӕ хуыздӕр цардагур чи фӕлыгъд, уыцы нациты минӕвӕрттӕ. Уыдон кӕд туркӕгтимӕ иу диныл хӕст сты, уӕддӕр сын ныр ирӕттӕм ӕндӕргъуызон ахаст ис, сӕхицӕй сӕ уӕлдӕр бынаты ӕвӕрынц. Æмӕ уымӕй сӕрыстыр куыднӕ уыдзысты турчы цӕрӕг ирӕттӕ! Æмӕ ныр куыд, уыцы сӕрыстырдзинадӕй сӕ фыдӕнхъӕл, ӕнӕхай фӕкӕнӕм, ныууадзӕм сӕ ӕнӕхъусдардӕй, нӕ къух сыл сисӕм? Нӕ, уый бар нын нӕй, цасфӕнды хъӕстӕ ма калой, не знӕгты куыроймӕ дон чи уадзы. уыцы змӕнтджытӕ, уӕддӕр.

Хоситы Бурханы ном ныры онг дӕр зындгонд уыди Иры дзыллӕйӕн.  Хъаныхъуаты Ремзи ӕстайӕм азты кӕрон Турчы цӕрӕг Ирӕтты ӕхсӕнад «Алан» Хоситы Бурханимӕ сарӕзта. Фӕстӕдӕр Бурхан ӕвзӕрст ӕрцыд уыцы ӕхсӕнады сӕрдарӕй, у зынгӕ ӕхсӕнадон архӕйӕг, сфӕлдыстадон кусӕг. Хоситы Инусы фырт Бухран скъола каст фӕцис сахар Сивасы. 1969 азы ахуыр кӕнынмӕ бацыд Стамбулы Университеты экономикон факультетмӕ ӕмӕ йӕ каст фӕцис 1973 азы. Службӕ кодта Кипры. Бурхан уыдис Инус ӕмӕ Аминӕты фондз сывӕллонӕй цыппӕрӕм. Йӕхицӕн ын йӕ цардӕмбал Гюнесимӕ Хуыцауы цӕст бауарзта ӕртӕ сагсур фырты, фӕлӕ йын дыууӕ азы размӕ ӕгъатыр низ байста йӕ астӕуккаг фырт Угъуры.

Æвдайӕм азты Стамбулы арӕзт ӕрцыд Кавказаг Культурӕйы ӕхсӕнад. Уыцы ӕхсӕнады активон хайад иста ӕрыгон лӕппу Бухран дӕр. Федта, кӕсгон ӕмӕ ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕ сӕ фыдӕлты культурӕ ӕмӕ традицитӕн куыд аргъ кӕнынц, уый ӕмӕ уый дӕр зӕрдиагӕй бавнӕлдта ирон фӕсивӕды сӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ традицитыл цайдагъ кӕнынмӕ. Йӕхӕдӕг уал сахуыр кодта ирон альфавит. Ирон нывӕфтыд литературӕ йӕм кӕд зынтӕй ӕфтыд, уӕддӕр архайдта, Ирыстонӕй йын цы чингуытӕ ӕрвыстой, уыцы чингуыты фӕрцы ирон фысджыты уацмыстимӕ зонгӕ кӕныныл. Туркаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта ӕмӕ Кавказаг адӕмты культурон ӕхсӕнады журналы ныммыхуыр кодта Къоста ӕмӕ ӕндӕр ирон фысджыты уацмыстӕ.Куыдфӕстагмӕ йӕхӕдӕг дӕр райдыдта ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын. Кӕрӕдзимӕ фыстӕджытӕ фыссыны фӕрцы базонгӕ журнал «Мах дуг»-ы сӕйраг редактор Ходзаты Æхсаримӕ. Æхсар йӕ хъус зӕрдиагӕй ӕрдардта Бурханы сфӕлдыстадон фӕлварӕнтӕм. Йе мдзӕвгӕтӕ йын мыхуыры дӕр рауагъта журналы. Йӕ фыдыбӕстӕйӕ дард, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы чи райгуырд ӕмӕ схъомыл, уыцы поэты ирон ӕвзагыл фыст ӕмдзӕвгӕтӕ кӕд бынтон профессионалалон ӕмвӕзадыл не сты, уӕддӕр сӕ ис ирон лӕджы уды хъарм ӕмӕ фыдыуӕзӕгмӕ уарзондзинад. Уыцы ӕмдзӕвгӕтӕй сӕ иуы, цыма йӕ царды мидис бавӕрдта:

Æз дӕн ирон,

Æз дӕн дыгурон,

Æз дӕн къуыдар,

Дӕргъӕвсаг Хосийы цот

Аланты фӕдон.

……………………………………………

Ныфс мын у мадӕлон ӕвзаг, Ирыстон.

Сагъд лӕууынц мӕ риуы фыдӕлты мӕсгуытӕ,

Бӕркадджын Сатана, буц хистӕр Уырызмӕг нӕртон.

Бухранӕн йӕхи базонынӕй фӕстӕмӕ йӕ сӕйраг бӕллиц уыд йӕ къах Ирыстоны зӕххыл ӕрӕвӕрын, йӕ уӕлдӕфӕй йын сулӕфын. Уыцы амонд ӕм ӕрхауд ӕрмӕстдӕр 1993 азы. Уырнгӕ дӕр ӕй нӕ кодта, йӕ бӕллиц сӕххӕст, уый, нал ӕфсӕст йӕ фыдӕлты бӕстӕйы хӕхтӕм кӕсынӕй.

1994 азы Бухран ӕвзӕрст ӕрцыд диаспорӕйы хистӕрӕй, ӕхсӕнад «Алан»-ы сӕргълӕууӕгӕй ӕмӕ уӕхскуӕзӕй бавнӕлдта Ирыстонимӕ ӕнгом бастдзинӕдтӕ ӕмӕ ахастытӕ фидардӕр кӕнынмӕ. Стамбулы сорганизаци кодта ӕмӕ ауагъта аивадон симпозиум, цы ран Ирыстонӕй хайад райста иумӕйаг сӕрмагонд делегаци Цӕгат Ирыстоны Культурӕйы Министр Уататы Бибойы сӕргълӕудӕй. Делегацийы сконды уыдысты фысджытӕ, аивады архайджытӕ, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты ректортӕ. Дӕс боны дӕргъы сын Бухран ӕмӕ диаспорӕйы иннӕ уӕнгтӕ зӕрдиаг лӕггад фӕкодтой.

Бухран Хуссар Ирыстонмӕ фыццаг хатт ӕрцыд 2007 азы, ирон адӕмы ӕхсӕзӕм уанелмӕ. Уыцы балцы рӕстӕджы райста цытджын ӕгъдауӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаджы паспорт.

2008 азы хӕсты хӕдфӕстӕ Стамбулы арӕзт ӕрцыд Ирон-Кавказаг адӕмты ӕмвӕндзинады комитет, сӕрдарӕй йын сӕвзӕрстой Ханыхъуаты Ремзийы, йӕ хӕдивӕг та уыд Хоситы Бурхан. Ацы дыууӕ фӕрнджын ирон лӕджы фӕрцы комитетӕн бантыст ирон адӕмы рӕстдзинад ӕрмӕст Турчы цӕрӕг адӕмӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕты адӕмтӕн дӕр базонын кӕнын, архайдтой хӕстарыд Хуссар Ирыстоны адӕмӕн гуманитарон ӕххуыс ӕрвитыны хъуыддаг  сорганизаци кӕныныл. Хъаныхъуаты Ремзи ӕмӕ Хоситы Бухран хорзӕхджын сты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хӕлардзинады орденӕй.

Ныфс нӕ ис, Ремзийӕн цы нӕ бантыст нӕ иудзинады хъуыддаджы, уый бантысдзӕн Бухранӕн. Уый сӕр нӕ хъуыдис ӕмӕ хъӕудзӕн кӕддӕриддӕр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.