Цхинвалы районы ветеринарийы фæдыл дæсны специалист Лолоты Владимир æппæт амæлттæй дæр архайы, цæмæй цæрджыты фос уой æнæниз æмæ йæ зонындзинæдтæ та кæддæриддæр фæамоны, цæрджытæй йæм æххуысы охыл чи бахаты, уыдонæн. Куыд зæгъы, афтæмæй фос æнæмæнг хъуамæ зымæгиуат кæной хъарм бынаты, уа сын фаг æмæ хæрзгъæд холлаг. Зæгъын хъæуы, фос иу кæнæ иннæ низæй куы фæрынчын уой, уæд æвæстиатæй фехъусын хъæуы ветеринарон кусæгæн æмæ йын уый ратдзæн æнæмæнгхъæуæг амындтæ, уый фæстæ та йын схос кæндзæн. Тæссаг низтæй иу у хуыты африкæйаг емынæ, уымæй фæрынчын сты районы цалдæр хъæуы цæрджыты хуытæ дæр. Ныртæккæ та ацы низ бамынæг, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ та кæддæр ма фæзына. Вæййы афтæ æмæ хъæды вæййы хуыты мæрдтæ,  уыдон цурмæ бафтынц, сæрвæтты цы фос фæхизынц, уыдон æмæ низы вирустæ сæ къæхтыл æрхæссынц æмæ та афтæмæй дæр хуытæ ногæй рынчын кæнын райдайынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, низы ныхмæ нæ ветеринарийы кусджытæ кусынц, арвитæм анализтæ, æвæрæм шлагбаумтæ, цæмæй æндæртæ хызт уой ацы низæй. Ацы низ нæ фесæфдзæн, цалынмæ Гуры цы лабораторитæ ис, уыдон куынæг не ‘рцæуой, уæдмæ.

Уымæй дарддæр ма фос рынчын кæнынц æндæр низæй дæр æмæ уыдон ныхмæ ветеринарийы кусджытæ кæнынц æмбæлон куыст, хъæугай азилынц цæрджыты фосыл æмæ сын рагацау бакæнынц æнæмæнгхъæуæг æххуыс. Фосы хицау хъуамæ лæмбынæг йæ хъусдард здаха йæ фосмæ, бакæса сæм æмæ уайтагъддæр фæхатдзæн, йæ фосæй рынчын чи у, уый, ома вæййы мæллæг, æнкъард, нæ фæхæры холлаг. Уæд та æвæсиатæй хъæуы ветеринарон дохтыры æххуыс. Ахæмтæн аразын хъæуы судзинтæ, хæцгæ низты ныхмæ та  фæхъæуы прививкæтæ. Стуртæ арæх рынчын кæнынц фаднизæй, уый у тæссаг вирусон низ æмæ йын хъæуы рæстæгыл хос кæнын. Къаддæр тæссагдзинад не ‘взæрын кæны фосы хицæуттæн эмкар дæр, уый дæр бахæцы стуртыл. Ацы низ фæзыныны аххосæгтæ сты цалдæр, ома стуртæ куы уой антисанитарон уавæры, стæй ма куы нуазой цъыфдзаст бынæтты донæй æмæ æндæртæ.

Лолойы фырт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæ кусджытæ уарзынц сæ куыст æмæ кæддæриддæр архайынц цæрджыты фосы æнæниздзинадыл. Уыимæ иумæ куыд йæхæдæг, афтæ ветеринарон дохтыр Уалыты Фатимæ дæр хъаст кодтой, сæ куыстмыздтæ бынтон цъус кæй сты, уый тыххæй. Кусджыты 90 проценты сты кардзыд адæм, ног кусæг та сæм цæугæ нæ кæны мыздты кадавардзинады аххосæй. Домынц, цæмæй сын сæ уавæрмæ æркæсой æмæ йæ аскъуыддзаг кæной æвæрццагæй.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.