Нæ республикæйы къорд азты дæргъы фосы хæцгæ низтæй ирвæзт чи нæу, уыдонмæ хауы хуыты африкæйаг емынæ дæр æмæ дзы амæлы дзæвгар, фæвæййынц æнæфтиаг. Ацы тæссаг низæй ацы аз июны мæйы фæрынчын сты Цхинвалы районы Къохат, Сарабукъ æмæ Уанаты хъæуты цæрджыты хуытæ дæр. Цæмæй хуытæ хызт уой ацы низæй, ма фæрынчын уой æмæ сæ хицæуттæн та сæ афæдзы фыдæбон æмæ хæрдзтæ æнæхъуаджы ма фæуой, уый базоныны тыххæй ныхас кодтон районы эпидемиолог, хъæууон хæдзарады æмæ ветеринарийы сгуыхт кусæг Лолаты Владимиримæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы низ хуытыл куы бахæцы, уæд схизы сæ тæвд, буар схъулæттæ вæййы, хæрды монц сæм нал вæййы къуыригæйтты, гуыбын фæриссы, нал сын фæфаг кæны улæфт æмæ амæлынц, уыимæ дзæргъытæ та цот нал радтынц. Хъуамæ цæрджытæ сæ зæрдыл дарой æмæ рынчын хуыты ма æргæвдой, ма сæ пайда кæной хæлцæн. Куы стæвд вæййынц, уæд сæ æргæвдгæйæ, туг æддæмæ фаг нал рацæуы, нæ вæййы сæ дзидза хæрзгъæд. Уымæ гæсгæ карзæй фæдзæхсæм сæ хицæутты, цæмæй рынчын хуыты ма æргæвдой, фæлæ сæ æхсой æмæ ныгæной арф. Зæгъын хъæуы уый, æмæ хуыйæн йæ хæрдзтæ бирæ сты, холлаг ын куы æлхæнай æдзухдæр, уæд, æмæ уæд йе ‘фтиаг бирæ нæу. Уымæ гæсгæ сæ сæ хицæуттæ хизынмæ рауадзынц æрдзы хъæбысмæ æмæ уæд та фылдæр хатт рынчын фæвæййынц.

Лолайы-фырт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ хæдзарон хуытæм низ æрбафты хъæддаг хуытæй. Уыдон та дзæвгар сты Зонкъары тобæгонд хъæды, кæцытæ афтынц Гуырдзыстоны районтæм, уыдоны хуытæ та æрбахизынц мах арæнтæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон иууыл не скуынæг кæндзысты, фæлæ уæддæр хъæуы бацархайын æмæ уæд уыдзысты æдас ацы æнæхайыры низæй. Сæрды мæйты низ чысыл фæсабыр, фæлæ та æрæджы Бихъары хъæууон администрацийы хуытæй бирæ фæрынчын æмæ уый у катайаг. Цæвиттон, низ фыццаг фæзынд Хараулийы, уым хъæды куы ссардтой мард хуытæ, уæд сæ систæуыд анализ, арвыстам æй Краснодары краймæ æмæ сбæрæг, хуытæ ацы низæй кæй фæцагъдысты, уый. Низ уырдыгæй рапарахат Æрчъынаретмæ æмæ цæрджыты хуытæй иу дæр нал баззад. Куыд бæрæг у, уымæ гæсгæ Къохат æмæ Сарабучъы цæрджыты хуытæй амард 270 фылдæр, Бихъаргомы та – 39.

Лолаты Владимир ма ныхас кæныны рæстæджы загъта, зæгъгæ, районы ветеринарон службæйы кусджытæ сæ куыстмæ дарынц бæрндзинады ахаст, уарзынц æмæ зонынц сæ дæсныйад æмæ кæддæриддæр æххуысы охыл балæууынц цæрджыты уæлхъус. Уыдоны æнувыд архайдæй бирæ кæнгæ у хъæууон адæмы цæрджыты фосы нымæц æмæ æнæниздзинад. Фæлæ уыимæ иумæ тыхсынц, сæ мыздтæ бынтон кадавар кæй сты, ууыл æмæ домынц, цæмæй æмбæлон органтæ æркæсой ацы фарстмæ.

                                                   ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.