Алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды – цæмæдæр фæбæллы, цæмæдæр фæтырны. Йæ райгуырдæй фæстæмæ алчидæр фæцæры йæ райгуырæн зæххмæ, йæ адæммæ уарзты æнкъарæнтимæ. Уыдон кæмæ фылдæрбæрцæй вæййы, кæмæ къаддæрбæцæй, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр  алкæй  хæс дæр у раст, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ‘хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.

Хуыцау цардмæ кæй рантысын кæны, уыдоны ‘хсæн разыны ахæмтæ, сæ удыхъæд хуыздæр æмæ æнæаиппдæр миниуджытæй хайджын кæмæн разыны; сæ миддуне  æнæхин, рæсугъд æмæ ирддæр ахорæнтæй дзаг кæмæн вæййы.

Ахæм хуыцауысконд адæймагыл æз нымайын Цхуырбаты Татьянайы дæр. Уый у хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент. Æххуыс кæны  фонды кусджытимæ иумæ онкологон æмæ ма æндæр уæззау низтæй рынчын сывæллæттæн. Уадзы алыхуызон акцитæ æмæ цы æхцайы фæрæзтæ æрбамбырд кæны, уыдонæй  баххуыс кæны рынчынты бинонтæн.

Нæ абоны æнæнцой царды Таняйы хуызæн адæймæгтыл, хъыгагæн, арæх нæ сæмбæлдзынæ. Уымæн æмæ йæ риуы арф цæры хæлар зæрдæ. Кæд ныры дуджы цы бирæ æвзæрдзинæдтыл æмбæлæм, уыдоны ныхмæ иуæй-иутæ   æдых разындысты, уæддæр  Татьянайы уды цы уарзондзинад цæры цардмæ, уый тыхджындæр цы кæны, æндæр ын лæмæгъ уæвæн нæй.

Фонд «Подари крылья»-йы президент куыд радзырдта, афтæмæй сын стыр æххуыс кæнынц нæ республикæйы ведомствотæ,  сæрмагондæй та Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Уый æрвылмæй дæр йæ мыздæй рахицæн кæны бæлвырд суммæ фондæн. Афтæ ма политикон парти “Иугонд Ирыстон” æмæ сывæллæтты хæрзаудæн фонд “Подари крылья” бафыстой æмгуыстады фæдыл сразыдзинад. Бадзырдыл къухтæ æрфыстой фонды хистæр Цхуырбаты Татьяна æмæ парти “Иугонд Ирыстоны” сæргълæууæг Тадтаты Алан. “Ацы сразыдзинад нын дæтты фадат дарддæр дæр æххуыс кæнын рынчын сывæллæттæн. Фонд йæ куыст куы райдыдта, уæд парти “Иугонд Ирыстон” уыд фыццаг, мах презентациимæ æххуысы фæдыл кæмæ бахатыдыстæм. Ракуырдтам æххуыс æмæ нæм Алан Сергейы фырт æвæстиатæй фæдаргъ кодта йæ къух. Махæн æхсызгон у, ахæм æмгæрттæ нын кæй ис. Ныртæккæ ис бирæ сывæллæттæ, кæцыты хъæуы æххуыс æмæ нын уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг сты спонсортæ, – загъта уый. Æххуыс кæнын æнцон нæу. Фæлæ нæ сæйрагдæр хæрзиуæгыл нымайын  сабиты худт, æмæ сæ ныййарджыты циндзаст цæсгæмттæ”, – зæгъы Татьянæ.

Адæм кæрæдзийы  руаджы цæрынц. Кæрæдзийыл аудын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын, кæрæдзийы циныл цин кæнын, кæрæдзийы рисыл риссын ирон лæгæн йæ туджы ис. Уымæн дзырдтой фыдæлтæ: “Хæрзиуæг – удыбæстæ”, “Хорз ракæнæг зæдты ’мбал у”.

Арфæйаг хъуыддаг кæныс, Татьяна, æмæ дыл адæмы арфæтæ æрцæуæт! Ноджы дын фылдæр  бантысæд тыхст адæймæгты æнцой балæууыны хъуыддаджы!

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.