Бибылты Анатоли инвалидон коляскæтæ балæвар кодта 42-аздзыд Пухаты Ланæ æмæ церебралон æндзыгнизæй рынчын дыууæаздзыд Джиоты Илларионæн.

Ноджы ма иу инвалидон къæлæтджын бандон æлхæд æрцыд Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы цæрæг Дриаты Уаликъойæн. Йæ хиуæтты ныхæстæм гæсгæ, Уаликъойæн йæ бон нæ уыдис ахæм бандон балхæнын, уæззау финансон уавæры кæй ис, уый аххосæй.

Паддзахады сæргълæууæг бацыд Пухаты æмæ Джиоты бинонтæм, хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы минæвæрттимæ.

Чысыл Илларион цæры микрорайон «Хурзæрин»-ы. Сывæллоны фыд куыд радзырдта, афтæмæй уыдоны тынг хъуыдис, зынаргъ чи у, ахæм коляскæ, фæлæ, хъыгагæн, сæ бон нæ уыди йæ балхæнын æмæ ахæм куырдиатимæ бахатыдысты Президентмæ.

«Стыр бузныг дын, Анатоли Ильяйы фырт. Махæн æхсызгон у, нæ куырдиаты нын афтæ тагъд кæй сæххæст кодтай æмæ нæм уазæгуаты кæй æрбацыдтæ», – загъта Джиоты Сергей.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æххуысхъуаг бинонтæн æххуыс кæй цæуы хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-ы фæрæзтæй, кæцыйы иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли. Уымæй дарддæр ма Президент финансон æххуыс кæны хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йæн.

«Президент æвæлмаст ахаст никуы равдисы нæ æмфыдыбæстæйонтæм, кæцытæн хъæуы æххуыс», – загъта фонд «Подари крылья»-йы сæргълæууæг Цхуырбаты Татьянæ.

Коляскæты аргъ кæнгæ у, сæ техникон фадæттæй æмæ пациентты карæй.

«Махæн æхсызгон у, Пухаты Ланæйæн кæй балæвар кодтам иууыл ногдæр уагъд коляскæ 144 мин сомæй, чысыл Илларионæн та æлхæд æрцыд 30 мин сомæй. Не ‘мбæстæгты ацы категорийæн сæ бон у кæддæриддæр банкъарой республикæйы сæргълæууæджы æххуыс», – банысан кодта фонд «Аланийы иудзинад»-ы минæвар Сиукъаты Олег.

Йæ рады Бибылты Анатоли дæр банысан кодта, зæгъгæ, æххуысхъуаг адæймæгтæн дарддæр æххуыс цæудзæн республикæйы æмбæстæгты куырдиæттæм гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.