Алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды – цæмæдæр фæбæллы, цæмæдæр фæтырны. Йæ райгуырдæй фæстæмæ алчидæр фæцæры йæ райгуырæн зæххмæ, йæ адæммæ уарзты æнкъарæнтимæ. Уыдон кæмæ фылдæрбæрцæй вæййынц, кæмæ – къаддæрбæрцæй, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр  алкæйы  хæс дæр у раст, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ‘хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.

  Хуыцау цардмæ кæй рантысын кæны, уыдоны ‘хсæн разыны ахæмтæ, сæ удыхъæд хуыздæр æмæ æнæаиппдæр миниуджытæй хайджын кæмæн разыны; сæ миддуне  æнæхин, рæсугъд æмæ ирддæр ахорæнтæй дзаг кæмæн вæййы.

Ахæм хуыцауысконд адæймагыл æз нымайын Цхуырбаты Татьянæйы дæр. Уый у хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент. Æххуыс кæны  фонды кусджытимæ иумæ онкологон æмæ ма æндæр уæззау низтæй рынчын сывæллæттæн. Уадзы алыхуызон акцитæ æмæ цы æх-цайы фæрæзтæ æрбамбырд кæны, уыдонæй  баххуыс кæны рынчынты бинонтæн.

Дыццæджы фонд «Подари крылья»-йы хистæр Цхуырбаты Татьянæ  Цхинвалы 2-æм сколайы, 2«Б» къласы сабитимæ иумæ финансон фæрæзтæй баххуыс кодтой онкологон рынчын сывæллæттæн. Ахуырдзаутæ ацы аз зонындзинæдты бонмæ цы дидинджытæ хъуамæ балхæдтаиккой, уыцы æхцайы фæрæзты бæсты сæ ныййарджытимæ æрæмбырд кодтой æмæ сæ радтой фонд «Подари крылья»-йы президентмæ. Ӕрвылаз дæр Зонындзинæдты бæрæгбонмæ Цхинвалы ауæй вæййы мингай букеттæ, сæ æргътæ вæййынц æртæ сæдæйæ дыууæ мин сомы  онг.

«Низæфхæрд сывæллонæн баххуыс кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ æнцондæр æмбырдгæнæн сты. Хуыцау цæрынæн кæйдæриддæр радта, уыдон хъуамæ цæрой. Мах хæс та  у, сæ зыны сахат сæ фарсмæ æрбалæууын æмæ аудын. Рынчын адæймагимæ, уæлдайдæр сывæллонимæ, тынг зын у кусын. Адæймагмæ хъуамæ уа быхсындзинад, уа йын фидар зæрдæ, цæмæй дыл сæ рыст тынг ма æндава. Фæлæ адæймаг адæймаг уæд уыдзæн, æмæ иннæмæн куы баххуыс кæна. Чи уыд, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ иу куырыхон лæг афтæ загъта: «Тыхджын уый нæу, лæмæгъдæрыл чи фæуæлахиз, фæлæ лæмæгъæн чи баххуыс кодта», – загъта Татьянæ.

Фонды директор раарфæ кодта ахуырдзаутæн æмæ ахуыргæнджытæн сæ хæрзаудæн хъуыддажы тыххæй, радта сын бузныджы гæххæт, сывæллæттæн балæвар кодта къухылдарæнтæ. Уый фæстæ йæм сабитæ бахатыдысты, цæмæй сын радзура  фонды сæвзæрд  æмæ архайды тыххæй.

Цхуырбаты Татьяна сын раргом кодта, фонд «Подари крылья» кæй сæвзæрд йе ʻввахс æмбалы номыл, кæцыйæн йæ цардмæ тырнынад басаста уæззау низ.

“Сабитимæ ныхас кæнын   зындæр у, фæлæ мæ раныхасы фæстæ цæссыг калын куы райдыдтой, уæд мæхи цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Алчидæр нæ куы тырна æндæр адæймаджы хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынмæ æмæ адæмæн æххуыс кæнынмæ, уæд махæн бантысдзæн рамбулын. Зын уавæрты бахауæг бинонтæн баххуыс кæнын у махæй алкæйы хæс дæр!” – загъта Татьянæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.