(Ирон адæмы X-æм съездыл æмбæлгæйæ)

Дæс съезды рæстæг дæргъвæтин у, дзæвгар азтæ аивгъуыдта фыццæгæм съездæй фæстæмæ. Йæ сырæзтæй абонмæ нæ адæмы царды бирæ хабæрттæ æрцыд. Рацарæзт, демократи æмæ æргом ныхас ныццудын кодтой не Стыр Цæдисы, æфсымæрон республикæтæ кæрæдзимæ топпы кæсæнæй акастысты, тыхджынтæ æдыхты хурхыл бахæцыдысты, сног, стыхджын кæддæрау зæххы фарст. Истори, зонадмæ, ничиуал кæсы, тыхми, лæбурджытæ сарæх сты, стыхджын национ хæрамдзинад æмæ фæсивæд туджы малты балæгæрстой.

Хæццæ дуг йæ уæз къаннæг нациты уæхсджытæм раппары. Ирон адæмæн сæ цæстысыг нæма басур, афтæмæй та райдыдта ног, дыккаг геноцид. Сыхагæй нæ амонд нæ фæци Хуссары ’рдыгæй дæр æмæ Цæгаты  рдыгæй дæр. Ныббырста мæнгард Гуырдзыстон Хуссар Ирмæ, ныббырстой мæхъæл – хъулгъа Цæгат Ирыстонмæ. Цы ахастой, уый лæппутæ федтой. Табу Стыр Уырысæн, Путин æмæ Медведевы хуызæн сæрæнгуырдтæн – Иры знæгты, нæ «буц» сыхæгты сæ бынаты чи æрбадын кодта.

Ныккодта та тохы дуг, Иры та бахъуыд дыууæрдыгæй фыдæлты тохы зарæг ныккæнын: «Кæнæ – сæрибар, кæннод та мæлæт».

Раст ахæм уæззау, хæццæ рæстæджы байгом Иры Стыр Уынаффæдон. Скифтæ æмæ Сарматтæм куыд уыд сæ ныхас, уый тыххæй мæ бон зæгъын ницы у, Стыр Ныхас, лæгдзинады уынаффæдон Нартæм йæ тыхы кæй уыд, уый бæлвырд у сæ Ныхасæй, стæй цы Стыр Иумæйаг Хæдзар сарæзтой, уымæй дæр.

2000 азы Налцыччы уыд Нарты конференци. Уым банысан æрцыд, зæгъгæ, Нарты фæзындыл цæудзæн 3 мин азы бæрц. Нарты фарн, нарты лæгдзинæдтæ рахастой нæ адæм æмæ сæ абоны- бон дæр сты сæрыстыр. Сæрыстырæй загъта Къоста дæр: «Рагон Нæртон лæгау зарын куы зонин»…

Нæ адæм стыр тыгъд быдыртæй хæхтæм куы бахаудтой, уæд алы хæххон хъæуæн дæр сырæзт уынаффæйы бынат – ныхас. Уыцы уынаффæ уыдис лæгты. Нарты ныхасы сылгоймаг никуы уыд. Сатанайы сæр-иу сæ куы бахъуыд, уæд æм цыдысты хæдзармæ.

Дзæлгъæды ныхасæн йæ бынат æндæр ран уыд. Иры стыр ныхæстæн сæ сæйрагдæр фарстытæ уыдысты: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг», «Куыд хъахъхъæнын хъæуы æвзаг æмæ æгъдæутты». Ацы ахсджиаг фарстытыл сагъæсгæнгæйæ, Иры дыууæ хайы æмзондæй бауынаффæ кодтой – иу Стыр, фæрныджын, хъуыдыджын Ныхас саразын. Сырæзт уыцы Ныхас, кусы уæдæй абонмæ, рох дзы не сты уæлдæр ракойгонд ахсджиаг фарстытæ.

Ныры дæсæм съездæн йæ сæйраг рахæцæнтæ сты ацы фарстытæ æмæ сыл дзурдзысты Дзæуджыхъæуы Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан æмæ Цхинвалы, Хуссары хайады ныхасы хистæр Гаглойты Роберт.

Ирон адæмы Стыр Ныхас раджы бафæдзæхста йæхи – политикон парти кæй нæу æмæ политикон фарстытæм кæй не’вдæлдзæн, уый тыххæй.

Ныры – бон махæн политикон фарстытæ сты: Нартæ, Алантæ, Горæтгæрон район, Тырсыгом, Къоб, Хъуды ком æмæ Хуссар Ир æнæхъæнæй, Уыдонæй «Стыр Ныхас» йæхи иуварс куы ласа, уæд никæцы ирон æрлæудзæн Стыр Ныхасы рæнхъыты.

Æттагон бартыл тохæн дарддæр фæндæгтæ ссарæн ис, хъаст ахæсдзынæ искуыдæм. Мидæггагон бартыл тохæн йæ фæндаг æндæр у, уымæн ахæссæн никуыдæм ис, уыдон бынаты куыройыл æрысгæ сты.

Нæ хъуыды фергомдæр кæнæм. Ацы рæгъытæ фыссæг ис Стыр Ныхасы йæ фæзындæй абонмæ, хайад истон æппæт съездты дæр. Сæйраг фæрстытæ алы хатт дæр уыдысты не’взаг æмæ не’гъдæуттæ. Адæм та се’гъдау æмæ се’взагæй адæм сты.

Чизоны, исчи бафæрса:хуыздæр кæнынц, æви уыдонæн дæр сæ хъуын сæтты бонæй-бонмæ. Мæ цыбыр дзуапп у: хуыздæйрагæй дзы ницы ис.

Райдайæм уал не’взагæй. Ирон æвзаг фæхуыздæр уа, фæтыхджындæр уа, уый фæдыл уый бæрц чингуытæ, газет-журналон уацтæ æрцыд мыхуыр æмæ уыдон гонарарæй цалдæр скъолайы сырæзтаит. Фыссæм, фæлæ сæ кæсæг нæй, кæмæ хауынц уыдон сæ нæ кæсынц, чи сæ кæсы, уыдоны къухты та рахæцæнтæ не сты æмæ мæстæлгъæдæй, къæхты бынæй ныуулæфынц.

Нæ ирон æвзагæн йæ астæуыстæг сриссын кодта хъæутæ кæй федзæрæг сты, нæ хæхтæ кæй сафтид сты, ирондзинад тыхджын кæм уыд, уым цæрæг æмæ скъолатæ кæй нал ис, уыцы хъуыддаг.

Æгъдау æмæ æвзаджы уæз абоны бон Иры горæттыл кæй æрынцад, уый бæрæг у, æвзаг æмæ æгъдæутты сæрыл тох горæттæй домын та зын хъуыддаг у.

Ацы быгъдæгдзинад фæлм сæвæрдта бирæ мадæлон дзырдтыл, нал сæ спайда кæнæм, зайынц рохуаты. Уый аххосæй не’взаг кæны къæрисæй – къæрисдæр. Мадæлон æвзаджы ад æмæ тых лæмæгъ кæнын байдыдта æмæ нæм уый бындурыл фæзындысты ныхæстæ:

Цæгаты – «Ирон æвзаг хъæуы Елхотт æмæ Æрджынарæджы уонг; Хуссар Иры та – Гуры уонг.

Не’взаг къæрис, фæлахс кæй кæны, уый искæйы аххос ма кæнæм, йæ аххосаг нæхимæ ис. Кæддæры фыдхъуын азты кой нал кæнын. Абоны уавæрмæ æркæсæм. Алчи æндзары йæхи гуылы бын, мах та йын йæ артыл дон уадзæм. Нæ сæрмæ иронау дзурын нал хæссæм, бирæ хæдзæртты ирон ныхас нал хъуысы, нæ сабиты иппæрд кæнæм, иртасæм сæ мадæлон æвзагæй, хæдзарон мигæнæнтæн сæ ирон нæмттæ ферох кодтам, не скъолаты йæ æдзæллаг предметтыл банымадтам.

Диссагыл дис дæр ничиуал кæны – куыд ис уый гæнæн, æмæ ныййарæг дома хицауадæй, цæмæй йын йæ сывæллоны ирон уроктæй ссæрибар кæной. Ахæмты ирæттæ кæй хонæм, уый у нæ марæг, не сафæг. Ахæмтæй рох у, уый йæхæдæг æрдæг ирон кæй у, æнæхъæнæй та йæ сывæллæтты сафæг.

Катайаг уавæрмæ цæуынц не’гъдæуттæ дæр: нал сты сæ раны нæ куывдтæ, нæ чындзæхсæвтæ, нæ дзуарыбонтæ.

Нæ дзуарыбонтæм цæугæйæ, нæ дарæсы кондмæ нал кæсæм, вæййæм æрдæгбæгънæджытæ, ферох ис зард, кафт, ирон фæндыр. Хæссæм дзуармæ кæйдæр конд уæлибыхтæ. Дзуары фæзуæттæ бирæ рæтты кæй срæсугъд кодтой, уый тыххæй бузныг, фæлæ дзуары мысæйнæгтыл кæрæдзи кæй тонæм, уый худинаджы хъуыддаг у.

Æмбæрстгонд нæу иу хъуыддаг: кæйдæр хъæутæ æмæ мыггæгты дзуары мысæйнæгтæм Стыр Ныхас исты бар дары, æви нæ? Раст у, дзуæрттæ кувæг адæмæн иумæйаг сты, фæлæ нæ рох ма хъуамæ уа æндæр хъуыддаг дæр: алы дзуарæн дæр, сæ равзæрдмæ гæсгæ, кæй ис хицæуттæ. Зæгъæм: Хетæджы дзуары сæхи хонынц Хъæдгæрон, Атынæг бирæ рæтты зонынц, фæлæ у Ручъы дзуар, афтæ йæ амоны профессор Цыбырты Людвиг дæр. Зæхъайæн ис – Аларды, Тырсыйæн – Таранджелоз, Зругæн – Мады Майрæм, Хъудæн – Ломисы дзуар, Сбайæн – Дауджытæ (сызгъæрин дзуар) æмæ æнд. Сæ дзуæрттæн табугæнджытæ, хæсджын сты, цæмæй сæ мысæйнæгты æхцатæ радтой искæмæн? Нæй!

Абон нæ дзурдзыстæм, цас æхца дзы æртымбыл вæййы, ууыл, дзурын æмæ сын амонын та хъæуы, цы сæ саразын хъæуы, уыдæттыл.

Нæ адæм хæххон куы уыдысты, хъæугай нæм иугай фæндыртæ куы уыд, уæд нæ Иры чызджытæ зыдтой фæндырæй цæгъдын. Нæ лæппутæ хæхтыл фыййау куы цыдысты, хос куы карстой, уæд ахуыр кодтой кафын æмæ зарыныл дæр. Абон та?… Æххуырсгæ музыкæ, æлхæнгæ кæрдзынтæ, æнæраны фадыбарц. Рацыд афтæ дæр, хистæрæй кæсдæрмæ цæуæм хæрынмæ, нуазынмæ. Нал ис Ирон хъазт, кæм хъæуы, кæм æмбæлы, уымыты.

Уæддæр хуыздæр уавæры сты нæ зианы æгъдæуттæ. Фыдæлтæй нын цы баззад,уыдоны хъаймæгтыл хæцæм. Фæлæ… æгæр ницæмæй фидауы. Нæ зианы фынгтæ цины фынгты хуызæн систы – уæлдайдæр Хуссар Иры. Бамбарæм æй: зианы фынг цæлы фынг нæу. Æмбæлон æгъдау у, мардæн фæндараст зæгъын йæ фæстаг фæндагыл. Уырдæм кæй æрцæуæм, зианджыны уæлхъус кæй æрлæууæм, уый уæздандзинад у. О, фæлæ нæ ферох вæййы кæй цæуæм – урс хæдæтты, цыбыр дысджынты, æнæхудæй, спортивон дзаумæтты, бадты дымæм тамако. Кæдмæ æмбæлы, уæдмæ нæ бадæм, цалынмæ хистæр нæ зæгъа йæ бадты аххосаг цæй тыххæй у, уæдмæ фынгмæ æвналæн нæй.

Ферох кодтам, лæппу – чызгфæсивæд бадты фынгмæ нæ цыдысты, цыдысты лæггад кæнынмæ.

Лæггад кæныны хъуыддаджы абоны – бон дæр фæсивæдæй хъасткæнæн нæй, егъау у сæ лæггады хай, фæлæ уыдон вæййынц иугæйттæ, сæ фылдæр та фынгтыл фæисынц активон хайад хæрд æмæ нозтæй.

Ныхъхъуыды нæ хъæуы бæстон: афтæ куы ахæсса дарддæр, уæд нæ ирон фынгтæн дзуаппдæттæг (кувæг) нал уыдзæн, уымæн æмæ сæм нал хъусæм (цины хъуыддæгты). Мæгуырау у, уырдыглæуджытæ кæй нал дарæм, уый дæр. Уый тынг æрæппæрста æртæ хистæры кад, сæ дзаггарзты фылдæр сæхæдæг æркæнынц нозт.

Ирон фынджы æгъдæуттæ диссаг сты, Уасо ирон фынджы схуыдта академи. Куынæ йæм æркæсæм, уæд суыдзæни ликбезы хуызæн.

Ныхъхъуыды ма нæ хъæуы ууыл дæр, тагъд къухылхæцæгæн ссарæн кæй нал уыдзæн ныххæцыдыстæм æнæпайда хæрдзтыл, стъигъæм нæ уазджыты. Сиахс æмæ сæ бинонтæ райдыдтой агурын дзырддзæугæты нæ, фæлæ æхцаджынтæ.

Æгъдæуттæн хæцын хъæуы сæ рæсугъддæртыл.

Нæу зæрдæмæдзæугæ, нæ куывдтæ, нæ чындзæхсæвтæ кæй аразæм æххуырсгæ бынæтты, æххуырсгæ музыкæимæ. Нал хъусæм чындзхæсджыты зарæг, ферох нæ сæрзæты рæбын. Чызг чындзы цæуы иу хæдзарæй иннæмæ, абон та йæ бамидæг кæнæм бынаты фарн кæм нæй, ахæм ран.

Кæрон скæнын хъæуы чындзхæсгæйæ машинæтæ æмæ адæмы нымæцæн. Чындзхæсджытæй алкæмæн дæр вæййы цыдæр хæс, уыдонæй дарддæр, иннæты хонынц хъæмпхор уазджытæ.

Чысыл историмæ дæр ахизæм: алы ирон адæймаг дæр хъуамæ зона, Ир рагон адæмы хаттыл нымад кæй сты. Рагон адæмæн та вæййы хъæзныг истори, хъæзныг æвзаг. Кæд искæмæн зæххы къорийыл ис хъæзныг æвзаг, хъæзныг истории, уæд уыдон фыццæгтæй иу сты Ир, ирон адæм, Алантæ.

Не’взаг хъæзныг куынæ уаит, уæд Абайты Уасойæн йæ бон нæ бауыдаит ирон историон – этимологон дзырдуат саразын. Ахæм дзырдуæттæ зæххы къорийыл ис æртæ нацийæн æмæ уыдонæй иу сты ирæттæ. Уасойы дзырдуат та зæгъы: ирон адæмæн сæ дзырдты 95% сты сæхи. Зæгъы Уасо уый дæр: «Ирон æвзаг афтæ хъæзныг у, æмæ йыл алцы зæгъæн дæр ис».

Хъуамæ зонæм уый дæр: Нартæ, Къоста, Абайты Уасо, Нафи кæмæн сты, уыцы адæм хуымæтæг адæм не сты, тæхудиаджы адæм сты. Æмæ йын мах та цымитæ кæнæм. Дзæвгар у ахæм ирæтты нымæц, се’взаг сæ сæрмæ чи нал хæссы, æнæввæрсонтæ йыл чи кæны. Йæ рæстæджы сагъæсгæнгæйæ Тыбылты Алыксандр фыста: «Нæма амард Муссæ! (Брытъиаты Елбыздыхъо «Уæрæседзау»). Алыксандр абон куы акæсит, уæд фенит, Муссæйы цæуæт куыд сбирæ сты, мадæлон æвзаджы бырондонмæ куыд ласынц.

Алыксандр ахæмтæн зæгъы: ныууадзæнт Иры сæ уагыл, сæ «культурондзинад» мах никуыдæм хъæуы.

Уæлдæр æй загътон, алы наци йæ хæзнатæ биноныг кæнынмæ бавнæлдта. Мах та …. Ферох нæ ирон чиныг, нал æй кæсæм, нал кæсæм нæ журналты, нæ газетты.

Нал кæсæм Къостайы, Секъайы, Елбыздыхъойы, Нигер, Арсены æмæ æнд., Нарты. Секъа кæд бауайдзæф кодта Иры фæсивæдæн.

        «Худинаг уæм куыд нæ кæсы,

         Æнцад бадын фыддæрадæн.

         Иу уæ лæгау куыд нæ тæрсы,

         Фесæфынæй Иры взагæн».

 

Мадæлон æвзагыл къух исын, уый нацийы сæфты нысан у. Hе ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттæ абон цы уавæры сты, уый нæхи аххос у. Уыцы аххосаг та загъта йæ рæстæджы æдзард поэт Токаты Алихан:

«Æмвæнд нæ кæнæм,

Æнгом нæ цæрæм».

Акæсын нæ хъæуы нæ алыварс цы адæмтæ цæры, уыдонмæ. Куы акæсæм, уæд та фендзыстæм, алчи сæ йе ‘взаг, йе ‘гъдæуттыл куыд æнувыд у. «Симд» æмæ «Нæртон Нуазæн» кæмæ ис, «Уазæг хуыцауы уазæг» кæмæ у, уыцы адæм хуымæтæг адæм не сты. Кавказмæ цы бирæ бæлццæттæ фæцыд, уыдон ирæтты хуызæн кæмæй феппæлыдысты, Шегрен æмæ В.Миллер, Жорж Дюмезиль æмæ æнд. уæларвмæ цæмæн систой ирæтты. Цæмæн, уый фысгæ дæр ныккодтой, æрмæст сæ нæ кæсынц Иры мæгуыр æмæ гæвзыкк чи хоны, уыцы ирæттæ. Цымæ ахæм ирæттæ искуы ахъуыды кодтой, чи у Бало, Гергиты Валери, Гасситы Мурат…. Кæцы нацимæ ис ссарæн дыккаг Уасо.

Дæсæм съезды уынаффæтæ хъуамæ фæивой бирæты къуындæг зондахасты фæндæгтæ. Ныхъхъуыды хъæуы хъæуæг мадзæлттыл, æрлæууын хъæуы фидар къæсæрыл: «Ирон сывæллон хъуамæ ахуыр кæна йæ мадæлон æвзаг!». Уымæй иунæг ирон сывæллон дæр сæрибар нæ цæуы. Иримæ цы æндæр нациты минæвæрттæ цæры, уыдоны сывæллæттæн ирон æвзаг у бархийæ.

Ирон æвзаг гъенырмæ уыдис хæлардзинады хидтæ аразæг æмæ дарддæр дæр кæндзæн йæ хъуыддаг. Мах та нæ ныхас хъуамæ зæгъæм фидарæй: Ирыстоны чи цæры, уыцы ирæттæ хъуамæ зоной æмæ ахуыр кæной се ‘взаг.

Къоста, Секъа, Къубалты Алыксандр, Абайты Уасо æмæ ма бирæ æндæр адæймæгтæн сæ мадæлон æвзаг сахуыр кæныны фадат нæ уыд, фæлæ-ма акæсæм, цахæм ирон лæгтæ рацыдысты. Æниу, æмбисонд æнæхъуаджы нæ баззад: «Цал æвзаджы зоныс, уал лæджы дæ». Уый раст у, фæлæ уым фыццаг хъуамæ уа дæхи æвзаг.

Бамбарут ирон ныййарджытæ! Йæ сывæллоныл мадæлон æвзаджы дуæрттæ чи æхгæны, уый у абоны ирондзинады знаг, йæ сывæллонæн та фидæны фыдгæнæг. Нацийыл дæ къух куы исай, уæд хъуамæ се ‘хсæнæй ацæуай. Кæд ацы хъуыддаг кæмæдæрты нæ хъары, уæд бакæсæт Турк æмæ Сирийы ирон поэтты æмдзæвгæтæ, уæд бакæсæт Темырболаты тæригъддаг рæгъытæ:

 «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ,

Куыд-ма цæрæм уæ фæстæ».

Иры ныййарджытæ! Фылдæр ахъуыды кæнут уæ сабиты сомбоныл, уæ ингæнтæ æлгъыстаг ма фæкæнут. Наукæйы фыст у: цы сывæллон йæ мадæлон æвзагыл нæ сахуыр вæййы хъуыды кæнын, уый йæ нуæрттæй вæййы рынчын.

Мæн ныфс ис, съезд ахæм ныййарджыты ныхмæ хъæуæг мадзæлттæ кæй бацамондзæн. Фарст хуымæтæг нæу æмæ аккаг бынат хъуамæ æрцахса Кучиты Русланы, стæй та уæд Гаглойты Роберты докладты.

Фидарæй хъуамæ æрлæууæм Цуциты Асланы куырыхон хъуыдыйыл. Лæгау лæджы ныхас загъта: «Кæд нæ размæ, нæ мадæлон ирон æвзаг бахъахъхъæныны хæс æвæрæм, уæд æй хъуамæ ахуыр кæной ирон адæм, фæнда сæ æви нæ». Уый афтæ куынæ уа, уæд кæмæн аразæм терминологон къамистæ, стæй уæд алыгъуызон дзырдуæттæ.

Цуциты Аслан – РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр, раст æвæры фарст… «ирон мыггаг чи хæссы, Ирыстоны чи райгуырд æмæ схъомыл, ирон мад æмæ фыд кæмæн ис, уыдоны бафтауын хъæуы, цæмæй сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæной».

УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутатты раразмæгонд хъуыды алчи йæхи пайдайы рдæм  ма здухæт. Цæгат Ирыстоны зæххыл бирæ нациты минæвæрттæ цæры. Уыдон æй тынг хорз зонынц, ацы зæххыл паддзахадон æвзæгтæ кæй сты ирон æмæ уырыссаг. Уыцы минæвæрттæн бархийæ у ирон æвзаг ахуыр кæнын (сæ нымæц егъау у ахæм цæрджытæн, ирæттæ не сты, фæлæ ироныл сæхи нæ тигъ кæнынц, кæнынц æй ахуыр дæр. Сæ цæрæнбон бирæ.) паддзахадон æвзæгты ахуыр кæнын махæн бархийæ нæу.

Фарсты нысаниуæг цы рæстдзинад домы, ууыл лæуд сты Цæгат æмæ Хуссар Иры раздзæуджытæ: Битарты В., Мачнев Ал., Бибылты А.И., Пухаты Э.Г.

Уыдонæн сæ хъусдард егъау у мадæлон æвзагмæ. Аразынц æппæт фадæттæ дæр, цæмæй Ир æмæ Ирыстон ма фæиппæрд уой фыдæлты рæсугъд хæзнатæй – æвзаг æмæ æгъдæуттæй. Колыты Аксойы рæстæджы Иван Чепиговский йæ уд хъардта ууыл, цæмæй Иры сывæллæттæ ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев иронау куы фæдзуры, уæд æм тæхуды фæкæнын. Чепиговскийау Мачнев дæр архайы ууыл, цæмæй Ир се ‘взаг зоной.

Иры фылдæр хай Цæгаты ‘рдыгæй сты, æвзаджы æркæсинаг фарстытæ дæр сæйраджыдæр уым сты. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн йæ хъуыды æргом у æмæ йæ зæгъгæ дæр кæны:… «алчи дæр (ирæттæй-Г.П.) хъуамæ æмбара, мадæлон æвзаг ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый». Йæ фæндон та у: «… ирон æвзаг ахуыр кæнынæн хъуамæ уа закъонæвæрынады бындур». Бамбарын кодта ныййарджытæн дæр: «Абоны скъоладзауты ныййарджытæ хъуамæ сæ зæрдыл дарой, нæ национ культурæйы фидæныл бæрнон кæй сты, уый».

Сомбоны тыххæй та йæ фидар хъуыды у: «Мадæлон æвзаг сахуыр кæныны хъуыддаджы махæй цы аразгæ у, уый дæр афойнадыл кæндзыстæм».

Хуссар Иры Президент Бибылты Анатолийæн йæ уавæр хуыздæр у. Ам ныййарджыты тох у, цæмæй ирон æвзаг æмæ литературæйы сахаттæ фæфылдæр уой, ам Университеты алы факультет дæр ахуыр кæны йæ мадæлон æвзаг, йæ мадæлон литературæ. Уымæй сæрибар цæуынц ирон чи нæ у, уыцы сывæллæттæ скъолаты дæр æмæ университеты дæр. Æниу нæм дзæвгар ис ахæмтæ, уæлдайдæр та æфсæддонты сывæллæттæй, ирон уроктæй чи нæ акуымдта, абон иронау æдæрсгæ чи дзуры, нæ телеэкранæй æмдзæвгæтæ чи кæсы. Уыцы сывæллæттæм та худгæйæ тæхуды кæнынц сæ ныййарджытæ.

Бибылы фырт аразы æппæт дæр, цæмæй скъоладзаутæ æмæ студенттæ зоной се ‘взаг, се ‘гъдæутты. Бирæ студенттæ цæуынц ифтонг президентон стипендитæй, йæ тых та фылдæр аразы цы æртæ ирон факультеты нæм ис, уыдонмæ.

Нæ университеты ректор Тедеты Вадимæн йе ‘ннæ хъуыддæгтыл нæ дзурдзынæн, зæгъдзынæн æй цыбыртæй: алы бон дæр нæ фембæлды йæ ныхас вæййы: «Гацыр, ирондзинадæн дæ цы хъæуы, уый мæнæй дом».

Бузныг се ппæтæн дæр, фæлæ-ма мæ арфæйы ныхас фæнды зæгъын Самарайы Уастырджыйы зарæг чи ныккодта, ирондзинады тæгтæ дзы чи ауагъта, кæйдæр зæххыл тымбыл, нæртон «Симд» чи самадта, уыцы Хуыгаты Ростикæн.

Нæ ирон факультетты æнæхъусдардæй нæ уадзы, фæстаг азты сæ буц кæнын райдыдта Плиты Грис æмæ Нафийы стипендитæй, нæ кафджыты ансамбл нын сфæлыста сæрæй къæхтæм, йе ‘ххуысы къух кæддæриддæр дары нæ университетмæ, нæ ректормæ. Бынаты дæр нæ арæх абæрæг кæны йæ иузæрдион æххуысгæнæг Чилæхсаты Хъазбегимæ.

Кæронбæттæн мæ балхынцъ кæнын фæнды нæ куырыхон Гафезы ныхæстæй: кæд искуы дунейы адæмтæ æндæр планетæмæ тæхой, уæд махæн хуыцау уый бæрц амонд радтæт, æппæты фæстаг хæдтæхæгыл ирон адæм цы сбадой Уастырджыйы зарæг кæнгæ.

Уæндонæй йæ зæгъын: иугай райсгæйæ ирон лæгæй лæгдæр нæй, иумæ райсгæйæ та нæ сафæг у, æмбæлон иудзинад нæм кæй нæй. Иугæйттæй кæй архайæм, кæрæдзи фарсмæ кæй нæ лæууæм, уый та Брытъаты Елбыздыхъо нымадта кæуинаг хъуыддагыл.

Къостайæн æй йæ цæст дæр нæ уарзта, фæлæ йæ уæддæр йæ мæлæты размæ загъта: « Мæ адæм, кæрæдзи уарзгæйæ, цæрут!»

Зæгъæм уый дæр: газет «Рæстдзинад» нæм алы бон дæр сиды Къостайы хъæлæсæй:

«Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ

         Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!…

«Æххормаг – хæраг, мæстджын – дзураг!» Нæ Иры ныййарджытæ, нæ Иры разагътайы фæлтæр, Иры сомбон – нæ фæсивæд! Ма æгад кæнæм нæ рæсугъд, хæрзконд, нуарджын, фидауцджын, зæрдæмæдзæугæ, арты чин æ басыгъд, зæй æмæ дæттæ кæй нæ фæластой, тæтæр – монголы тохы цæхæрæй чи раирвæст, уыцы зæлаив аланты æвзаджы.

Дунейы нæ ном цы фыдæлтæ ныхъхъæр кодтой, уыдоныл ма æхгæнæм зæппæдзты дуарттæ. 1920 азтæ, 1991 – 2008 азтæм цы туг ныккалд, цы сагсур фæсивæд ныццагъды, уыдон сæ цард радтой фыдæлты ном, мадæлон æвзаг, Иры рæсугъд æрттиваг æгъдæутты сæрыл.

Хи адæмы хъæбулы ном куынæ хæсса, уæд дæ æндæр адæм куыд хъуамæ схоной сæхи хъæбул. Къоста æмæ Нартыл къухисæн нæй! Алчи дæр нæ уæндон æмæ цæсгомджынæй хъуамæ зæгъа Джиоты Дауиты ныхæстæ: «Адæм, дæ хъæбул дæн æз!»

Развæлгъау стыр арфæ кæнын X съезды хайадисджытæн. Уадз Ирыстоны хорздзинæдтæ уынæт, Ир та уыдоны хорздзинæдтæ.

«Гъе, Уастырджи, ракæс цæмæй, та фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!».

Арфæгонд мын ут кæддæриддæр!

ПЛИТЫ Гацыр,        

   Хетæгкаты  Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.