Æрæджы мыхуыры рацыдис Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты философийы кафедрæйы доцент, философон зонæдты кандидат Дзугаты Къостайы монографи «Понятие «окна возможностей» применительно к интеграционно-воссоединительному процессу Осетии (1925)».

Чиныгæн 4-æм майы РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уыд презентаци æмæ дзы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Юри, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Элисо, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады кусæг Андрей Ядыгин, Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы минæвар Елбачиты Алан, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны зонадон кусджытæ, нæ горæты ахуырадон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ бынæттон жур-налисттæ.

Информацион агентад «Рес»-ы сæйраг редактор Уазæгты Юри, презентаци гом кæнгæйæ, банысан кодта монографийы темæйы актуалондзинад нæ республикæйæн, уымæн æмæ дыууæ Ирыстоны баиу кæныны фарст у ахсджиаг æмæ скъуыддзагкæнинаг. Монографийы темæ у серьезон æмæ йыл презентацийы æрныхас кодтой йæ хайадисджытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы темæйыл Дзугаты Къостайæн фыст кæй æрцыд йæ фыццаг чиныг дæр, кæцыйæн презентаци уыд ивгъуыд аз. Уым автор чиныгкæсæджы рæгъмæ хæссы 1917-1921 азты дыууæ Ирыстоны баиу кæныны инициативæтæ.

Дзугаты Къостайæн йæ ног монографийы та дзырд цæуы Уæрæсейы сконды Ирыстоны баиукæныны дыккаг историон бафæлвæрды тыххæй, кæцыйæн æрцæуæн уыдис 1925 азы.

Йæ раныхасы Президент Бибылты Анатоли стыр аргъ скодта Дзугаты Къостайы иртасынæдтæн æмæ банысан кодта монографийы ахадындзинад. Стыр бузныг æмæ йын арфæйы ныхæстæ загъта йе стыр куысты тыххæй. «Къоста Георгийы фыртæн хъæуы кад æмæ аргъ кæнын уый тыххæй, æмæ принципиалон æгъдауæй политикон конъюнктурæйы ницæмæ даргæйæ, йæ позицитыл кæронмæ, æнæдызæрдыгæй кæй лæууы дыууæ Ирыстоны баиу кæныны фарсты хъуыддаджы», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны бацыд Уæрæсейы Федерацийы скондмæ кæй нæу кæйдæр хисæрмагонд идея. Уый у уыцы идея, кæцы уæвынад кæны Ирыстон цæгат æмæ хуссарыл куы фæдих, уæдæй нырмæ. Æмæ, хъыгагæн, абонмæ дæр фарст скъуыддзаг не ʻрцыдис. Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерацийы сконды уаид фылдæр фадæттæ æмæ сын абарæн дæр нæ уаид нæ хæдбар паддзахады абоны уавæртæ æмæ фадæттимæ.

Махæн уайдзæфтæ кæнынц, дзурынц нын, зæгъгæ, нын ис хæдбар паддзахад, кæцыйы сæрыл тох кодтам бирæ азты дæргъы æмæ йæ æппынфæстагмæ райстам. “Æз, зæгъгæ, ныхас кодтон, 1989-1992 азты чи тох кодта, ахæмтимæ æмæ дзы иу дæр нæ загъта, кæй тох кæны УФ-йы арæнтæн æддейæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл”.

Презентацимæ æрбацауджытæн Дзугаты Къоста  бузныджы ныхæстæ загъта, кæй бацымыдис кодтой, уый тыххæй  æмæ дарддæр цыбыртæй æрдзырдта йæ монографийы æрмæджы тыххæй. «1917-1921 азты дыууæ Ирыстоны баиу кæныны фыццаг бафæлвæрд æвзæр æвдыст нæ цыдис Советон дуджы зонады, фæлæ уæддæр фылдæр се ʻргом здæхтой революцион проблематикæмæ. Октябры социалистон революцийыл-иу ирон автортæ куы уынаффæ кодтой, уæд-иу æркой кодтой ирон адæмы баиу кæныны темæйы фæдыл дæр», – банысан кодта Дзугаты Къоста. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Ирыстоны баиу кæныны дыккаг бафæлвæрд 1925 азы æнæхъусдардæй аззадис уæды историктæ, политиктæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæй. «Уыцы уавæры аххосаг уыдис æмбæрстгонд: иуæй гуырдзиаг историкты уый никуы хъуыдис, цæгатирыстойнаг историкты та адæмты хæлардзинады идеологийы сæрты ахизын нæ бафæндыд, кæцы бахъыгдæрдтаид, разиан кодтаид гуырдзиаг-ирон хæларадæн, Хуссар Ирыстоны историктæ та уыдысты æмбæлон структурæты æндæвдад æмæ контролы бын», – загъта чиныджы автор.

Дзугаты Къостайы ныхæстæм гæсгæ 1925 азы Ирыстоны баиу кæнынмæ бафæлвæрд зонадон æгъдауæй къаддæр цымыдис не ‘взæрын кæны æмæ у сахуыр кæныны аккаг. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ирон адæмы иудзинады тыххæй хахуыртæ æмæ цъыф калыны хъуыддаг знагæн кæй фæцис пайдайæн æмæ сын бантыст, цæмæй Ирыстон ма баиу уыдаид. Æмæ абон дæр ацы фарст йæ кæронмæ не ʻрцыд.

Презентацийы ма Дзугаты Къоста фехъусын кодта, дарддæр дæр кæй кусы ацы темæйыл æмæ цæттæ кæны радон чиныг “Ирыстоны баиу кæныны бафæлвæрд 1936-æм азы”.

Дыууæ Ирыстоны баиу кæныны процессты æмæ Дзугаты Къостайы монографийы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта историон зонæдты доктор, профессор Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг Дзидзойты Валери.

Йæ раныхасы уый банысан кодта, Дзугаты Къоста ацы фарстыл егъау куыст кæй бакодта æмæ йæ монографи кæй у стыр кады аккаг. «Æз уый зонын æмæ цъус кæй не сты уыцы адæймæгтæ, кæцыты нæ фæнды дыууæ Ирыстоны баиу. Уыдонæн ис сæхи аргументтæ æмæ сæ хъæуы нымайын. О, фæлæ уыдонæй фылдæр та сты ацы  хъуыддаджы фарс чи хæцынц, уыдон. Абон мах куы райдайæм кусын ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл, уæд фæстæдæр мах фендзыстæм фæстиуджытæ. Абон, практикон æгъдауæй, мах ничи хъыгдары æмæ йыл хъæуы æнæмæнгдæр кусын. Абон уа, æви райсом, уæддæр дыууæ Ирыстоны хъæуы баиу кæнын æмæ цас раздæр æрцæуа уыцы хъуыддаг, уыйас, æви уыдзæн хуыздæр», – загъта Дзидзойты Валери.

Мадзалы ма монографи æмæ йæ актуалондзинады тыххæй сæ хъуыдытæ загътой РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Парламенты депутат Гæбæраты Юри, ХИПУ-йы юриспруденци æмæ историон факультеты декан Тадтаты Таймураз, историк Гатыгкоты Гиви æмæ æндæртæ.

Кæронбæттæны чиныджы ав-тор мадзалы хайадисджытæн йæ къухфыстимæ балæвар кодта йæ ног чингуытæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ монографи рауадзынæн финансон æххуыс кæй бакодта æмæ ма йын дарддæр дæр йе ʻртыккаг чиныг рауадзынæн кæй баххуыс кæндзæн РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад.

Чиныджы презентаци та бацæттæ кодтой фæсивæдон организаци «Иууон Алани».

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.