Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференц-залы уагъд æрцыд профессор, филологон зонæдты кандидат, англисаг кафедрæйы сæргълæууæг Цхуырбаты Мирæйы монографи «От Скифии до Британских островов»-æн презентаци. Ацы диссаджы мадзалмæ фæуазæг ис бæстæйы Президент Бибылты Анатоли дæр. Презентацимæ æрбамбырд сты ХИПУ-йы ахуыргæнджыты коллектив, Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты минæвæрттæ, Парламенты депутаттæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн, ахæм рæсугъд мадзалмæ кæй саккаг кодтой, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм чингуыты фæзынд университеты царды ахсы ахсджиаг бынат.

«Абон мах презентаци сарæзтам радон чиныгæн, кæцыйыл бакуыста нæ кадджын ахуыргонд Цхуырбаты Мирæ. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæм цалынмæ ахæм ахуыргæнджытæ, ахæм ахуыргæндтæ æмæ æхсæнадон кусджытæ уа, куыд Цхуырбаты Мирæ, уæдмæ нæ университетæн тæссаг ницæмæй у, – зонындзинæдтæ дæтдзыстæм æмбæлон æмвæзадыл. Ацы чиныг куыддæр фæзынд, афтæ уайтагъд ссис популярон, зæгъæн ис, æмæ абоны бон у бестселлер. Ныридæгæн дæр нæм бирæтæ æрбахатынц, цæмæй ма сын радтæм ацы чиныджы экземпляртæй, фæлæ дзы, хъыгагæн, университеты лæвæртты фонды хæрзцъус баззадис», – банысан кодта ХИПУ-йы ректор.

Бибылты Анатоли зæрдиагæй раарфæ кодта монографийы авторæн æмæ йын йæ удуæлдай фыдæбон банымадта фундаменталон куыстыл.

«Историон факттæ æмæ æрмæджытæ иртасын, агурын æмæ æмных кæнын у титаникон куыст, кæцымæ алы ахуыргонд йæ ныфс нæ бахæссы. Нæ адæмы историйы тыххæй бирæ зонадон куыстытæ æрцыдис фыст, фæлæ Цхуырбаты Мирæйæн бан-тыст ноджы фылдæр æнæзонгæ æмæ цымыдисон факттæ ссарын. Мæнæм гæсгæ цы ахсджиаг куыстмæ бавнæлдта, уый сæххæст кодта иттæг хорз», – загъта йæ арфæйы ныхæсты Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг фæндон бахаста, цæмæй ацы чиныг тæлмац æрцæуа    англисаг æвзагмæ, зæгъгæ, ахæм хуызы фылдæр адæм базонгæ уыдзысты ацы диссаджы куыстимæ.

«Мæн фæндид, цæмæй иу ахæм чиныг балæвар кæнон, нæ республикæмæ цы фæсарæйнаг уазджытæ æрцæуы, уыдонæн, – зæгъæм, Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæн. Фæлæ уый тыххæй хъуамæ тæлмац æрцæуа англисаг æвзагмæ. Ахæм чингуытæ фæсарæйнаг чиныгкæсджытæм куы хæццæ кæниккой, уæд нын нæ историимæ хуыздæр базонгæ уаиккой. Ахæм зонадон куыстыты фæрцы рабæрæг вæййынц адæмты ‘хсæн бастдзинæдтæ, бæстæты историон цаутæ, нæ фыдæлты æхсæнадон æмахастытæ. Ахæм информаци сомбоны стыр ахъаз фæуыдзæн зæрдæхæлар ахастытæн æмæ йæ паддзахадтæ бамбариккой, историон фæндаг адæмæн иумæйаг кæй у, уый», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Чиныджы сæйраг рецензент, историон зонæдты доктор Дзаттиаты Руслан стыр райгондæй баззад ацы бакæнгæ куыстæй æмæ зæрдиагæй раарфæ кодта чиныджы авторæн.

«Мæнæн тынг æхсызгон уыд, ацы монографи мæ къухтæм кæй райстон æмæ йæ кæй бакастæн, уымæн æмæ у тынг цымыдисон. Историон цаутæ, факттæ афтæ аив равæрдта автор, æмæ дзы аипп ссарæн нæй. Ныры онг нæ историон цауты тыххæй баззадис бирæ ахæм факттæ, кæцытыл дзæвгар азты дæргъы ничи дызæрдыг кодта, фæлæ, ацы чиныг бакæсгæйæ, кæцыдæр хабæртты тыххæй мæ хъуыды фæивтон. Рецензи ныффыссыны тыххæй йын цæмæй йæ мидис хуыздæр бамбæрстаин, уый тыххæй йæ бакастæн цалдæр хатты æмæ дзы æдзухдæр истон æхцондзинад», – загъта йæ раныхасы Дзаттиаты Руслан.

Чиныджы тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой презентацийы иннæ хайадисджытæ дæр. Бакастысты дзы историон зонæдты доктор, профессор Бзарты Руслан æмæ  историон зонæдты кандидат, профессор Гаглойты Юрийы рецензитæ ацы монографийы тыххæй. Уымæй уæлдай ма ацы чиныджы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой абхазаг ахуыргæндтæ дæр.

Цхуырбаты Мирæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта презентацийы хайадисджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Президент куы нæ фæдаргъ кодтаид йе ‘ххуысы къух, уæд чиныг уагъд не ‘рцыдаид.

«Сæрмагондæй мæ бузныг зæгъын фæнды Бибылты Анатолийæн, кæцы нæ фарсмæ балæууыд, бакодта нын финансон æххуыс æмæ йæ фæрцы абон ног чиныгæн презентаци арæзт æрцыд», – банысан кодта чиныджы автор.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ хæсыл банымадта ахæм æххуыс бакæнын æмæ ма баныфс æвæрдта, зæгъгæ, дарддæр дæр республикæйы къухдариуæгад кæндзæнис алыварсон æххуыс ахуыргæндтæн, цæмæй нæ зонад размæ цæуа.

«От Скифии до Британских островов»-ы дзырд цæуы, нæ рагфыдæлтæ скифтæн цахæм бастдзинад уыд Британийы са-къадахимæ нæ эрæйы агъоммæ æмæ цахæм фæд ныууагътой ацы территоритыл цæрæг знæмты историйы.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.