2016 азы 27 майы Хуссар Ирыстоны Парламенты уыд журналист, эксперт, Кавказаг геополитикон клубы нымæрдар-координатор Яна Амелинайы информацион-аналитикон æрмæджыты æмбырдгонд «Куда приводят «розовые мечты»-йы презентаци.

Чиныджы æвдыст æрцыд 2001-2015 азты Гуырдзыстоны æхсæнадон-политикон уавæр. Автор йæ чиныджы лæмбынæг равдыста, Михаил Саакашвили Гуырдзыстоны президент куыд æмæ цы уавæрты ссис, Ачъарайы автономийы ныппырх, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси куыд цæттæ кодта, уыцы проблематикæйы уæрæсейаг экспертон æмæ политикон æмæхсæнад цы цæстæй каст, æппæт уыдæттæ.

Публикациты серийы бæрæгæй зыны куыд æмæ цахæм хуызы фæзынд Гуырдзыстоны агрессивон режим, бæлвырд кæны Гуырдзыстоны раздæры æмæ ныры къухдариуæгады ‘хсæн принципиалон хицæндзинæдтæ кæй нæй. Æвдисы ма уæрæсейаг-гуырдзиаг-ирон ахастытæ тагъд рæстæджы фæхуыздæр кæнын иллюзи кæй у.

Амелина йæ чиныджы куыд зæгъы, афтæмæй 2003 азы Гуырдзыстоны «уардиты революцийы» фæстæ, растдæр зæгъгæйæ та – хицауиуæгады æнæзакъонон рап-пæрсты фæстæ, кæцы æрцыд æддагон тыхты активон хайадистæй, Америкæйы Иугонд Штаттæ æргомæй рацыдысты Фæскавказы Уæрæсейы интересты ныхмæ. Авторы ныхæстæм гæсгæ, дæргъвæтин рæстæджы дæргъы уыцы ахсджиаг здæхты Мæскуы æмбылды кодта Вашингтонæн, фæлæ 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы Уæрæсейы Федераци тыхæй Гуырдзыстоны сабырадмæ куы æркодта, уый фæстæ та Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинадтæ куы банымадта, уæд дæр официалон Тбилисмæ нæ бахъардта, йæ националист раздзогтæ сæ бæстæйы цы уавæрмæ æркодтой, уый. Афтæ ма Гуырдзыстон нæ зоны, Уæрæсейы ныхмæйы фæндаг æй кæдæм æркæндзæн, уый дæр.

Чиныджы рецензент у Кавказамонджыты зонадон æхсæнады порталы сæйраг редактор Андрей Арешев.

Чиныг у историктæн, политологтæн, æмбæлон дисциплинæты ахуыргæнджытæн, студенттæн, журналисттæн, афтæ ма «хуызджын революциты» проблематикæ æмæ Стыр Кавказы регионы политикон уавæр кæй цымыдис кæны, уыдонæн.

Презентацийы уыдысты Парламенты депутаттæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Дзугаты Къоста, Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ, эксперттæ, политологтæ, æхсæнады ми-нæвæрттæ.

Мадзаламонæг уыд Харебаты Батрадз. Уый раарфæ кодта ав-торæн æмæ йын загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм куыст кæй бакодта, уый тыххæй.

Презентацийы ныхасы рацыд Дзугаты Къоста. Уый куыд радзырдта, афтæмæй чиныгæн презентаци уыд Дзæуджыхъæуы дæр æмæ уым дæр æрæмбырд сты ахæм адæймæгтæ, кæцытæ тынг зæрдиагæй цымыдис кæнынц, ацы чиныджы цы проблематикæ æвдыст цæуы, уымæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Яна Амелина у компетентон специалист. Уый кæддæриддæр зоны, цæуыл дзурын хъæуы, уый.

«Амелина дæргъвæтин рæстæджы куыста Уæрæсейы Стратегион иртасынæдты институты. Уый у раззагон уагдон, кæцы арæзт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты барамындæй æмæ хъахъхъæны  УФ-йы Президенты Администрацийы инте-рестæ.

Яна Амелина Дзæуджыхъæумæ командировкæйы куы æрцыд, уæд Ирыстон йæ зæрдæмæ тынг фæцыд, стæй та йæм сæвзæрын кодта цымыдисдзинад æмæ аскъуыддзаг кодта Ирыстоны æрлæууын, уымæн æмæ Ирыстоны ис æрмæг, кæцыйы хъæуы зонадон æгъдауæй иртасын. Æмæ Яна Амелина райдыдта ууыл кусын, кæд æй ныууадзын бахъуыд Уæрæсейы Стратегион иртасынæдты институты кусыны сæр, уæддæр. Уый баззад Дзæуджыхъæуы æмæ кусы, йæхæдæг бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы Кавказаг геополитикон клубы нымæрдар-координаторæй. Абоны бон уыцы клуб у бирæпрофилон фæзуат, кæцы иу кæны Цæгат Кавказ æмæ Фæскавказы раззагон экспертты  геополитикæйы сферæйы, афтæ ма æхсæнадон-политикон æмæ динон-идеологион проблематикæйы.

Дарддæр Дзугаты Къоста дзырдта чиныджы тыххæй.

«Ацы чиныджы æз, кæй зæгъын æй хъæуы, бакастæн. Уый нæ, фæлæ ма чиныджы бирæ æрмæджытимæ æз базонгæ дæн, цалынмæ мыхуырæй нæ рацыд, уæдмæ, уымæн æмæ мæ хъус дарын Яна Амелинайы зонадон архайдмæ. Уыимæ иумæ ма æз дæр кусын уыцы проблематикæйыл æмæ мæнæн дæр ис æмбæлон публикацитæ. Уый тыххæй реалон рæстæджы режимы Яна Амелинаимæ æмархайд кæнæм, æгæрыстæмæй, чысыл нысаниуæг кæмæн ис, уыцы фарсты фæдыл дæр, уыцы нымæцы Ирыстоны мидæггагон процессты фæдыл дæр æмæ Гуырдзиаг-ирон ахастыты фарстаты фæдыл дæр», – банысан кодта Дзугаты Къоста.

Дарддæр Дзугайы фырт дзырдта чиныджы æрмæджыты тыххæй. Æрхаста цалдæр цитатæйы æмæ банысан кодта, Амелина тынг дырысæй æмæ ирдæй кæй æвдисы бирæ цауты.

«Фæстаг азты царды темп принципиалонæй фæцырддæр ис. Æгæрыстæмæй, специалистæн дæр арæх рæстæг нæ фæфаг кæны, æвдисæн цы цаутæн стæм, уыдон бамбарынæн», – афтæ райдыдта чиныг. Дзугаты Къостайы ныхæстæм гæсгæ, уый тынг раст фразæ у. Уый цæвиттонæн æрхаста, референдумы тыххæй æрæджыйы политсоветы рабадт.

«Нæ коллективон зондæн, æвæццæгæн, фаг рæстæг нæ уыд референдумы проблемæйы бамбарынæн æмæ уый тыххæй уыд рабадты уыйбæрц ныхмæвæрд хъуыдытæ дæр. Æруынаффæ кæнынæн нын фаг рæстæг куы уыдаид, уæд референдумы темæ суыдаид консенсусы предмет», – банысан кодта Дзугаты Къоста.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, референдум фæстæдæр рæстæгмæ кæй ахастæуыд, уый фæстиуæгæн ис рæстæг фаг ахъуыды кæнынæн æмæ раст хатдзæгмæ æрцæуынæн. Уыцы хатдзæг та у Уæрæсейы скондмæ бацæуын.

«Нæ хуссайраг сыхаг, кæцыйы тыххæй фыст ис мæнæ ацы чиныджы, махмæ ахасты йæ политикæ принципиалонæй  нæ фæивта. Уыцы факт мах иу минут дæр æнæ хъусдард  ма хъуамæ ныууадзæм. 18 азы тох кæнын махæн радта, аргъ кæмæн нæй, ахæм фæлтæрддзинад, не ‘хсæнады сæвзæрд, гуырдзиæгтæ цы сты, уый тыххæй уникалон  зонынад. Уый абон, хъыгагæн, нæ уынынц нæ коллегæтæ Мæскуыйы, кæцытæ арæх фæкæсынц Гуырдзыстонмæ уардигъуыз кæсæнцæстытæй æмæ йæ нæ уынынц, кæнæ та сæ нæ фæнды æмæ йæ уыной абоны Гуырдзыстоны къухдариуæгады политикон идеологийы. Нæ сæ фæнды феной, Гуырдзыстон йæ къух кæй нæ фыссы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл. Абон дæр Гуырдзыстоны политиктæ дзурынц, зæгъгæ, нæй Хуссар Ирыстон, ис æрмæстдæр Самачабло кæнæ Шида Картли, æмæ, зæгъгæ, абон уа æви сом, уæддæр, ирæттимæ æви æнæ уыдон, уыцы территори раздæхдзæн Гуырдзыстонмæ. Уый тыххæй чиныг арæзт у конструктивонæй, уымæн æмæ дзы нысаниуæгджын бынат рахицæн æрцыд Ачъарайы прецедентæн», – бахахх кодта æмæ бацамыдта, цæмæй чиныгкæсæг лæмбынæгдæрæй йæ хъус æрдара, Ачъарайы тыххæй фыст цы сæргæндты ис, уыдонмæ.

Дзугаты Къоста куыд банысан кодта, афтæмæй «уардиты революци» райдыдта Ачъарайæ. Саакашвили Гуырдзыстоны президент куы ссис, уæд фыццаг ныппырх кодта Ачъарайы гуырдзиаг автономи. Йæ бынатæй раппæрста Аслан Абашидзейы, уый фæстæ ноджы тынгдæр фæактивон сты гуырдзиаг «революционертæ». Уыдон æнхъæлдтой, ома, сын кæд Ачъарайы бантыст фæуæлахизуæвын, уæд сын Хуссар Ирыстоны дæр атулдзæн, фæлæ… фыдæнхъæл фесты. «Ачъарайы сын бантыст, бынæттон цæрджытæ гуырдзиæгтæ кæй сты, уый тыххæй. Иннæмæй та, уæд Мæскуы цæттæ нæ уыд йæ интерестæ бахъахъхъæнынмæ».

Дзугайы фырт куыд радзырдта, афтæмæй абон Ачъарайы цæуы стыр ивындзинæдтæ, цырд темптæй дзы цæуы исламизаци. Уый  цæмæ æркæндзæн, уый æмбарынц Тбилисы, фæлæ сæ бон саразын ницы у.

Йæ рады раныхас кодта Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли дæр. Уый йæ  ныхас райдыдта Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ахастытæй. Радзырдта Гуырдзыстон йæхи Хуссар Ирыстонимæ хæстмæ куыд цæттæ кодта æмæ йын цы бантыст, æппæт уыдæтты тыххæй. Банысан кодта 2008 азы хæсты рæстæджы Уæрæсейы æфсады æрцыдмæ  Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ æмæ бархионтæ куыд тох кодтой америкæйаг хæцæнгæрзтæй ифтонг Гуырдзыстоны хæстонты ныхмæ.

Журналист, эксперт Уазæгты Юри дæр йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон Гуырдзыстон архайы ног политтехнологитæй, «уыдæттæ бахынцгæйæ, зæгъæн ис уый, æмæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстоны æппындæр ницы ивы. Уый фæстиуæгæн ацы чиныг фадат дæтты, Гуырдзыстоны цы процесстæ цæуы, уыдон хуыздæр бамбарынæн.

Уазæгты Юри цæвиттонæн æрхаста израилаг политолог Шмулевичы ныхæстæ, кæцы дзырдта, зæгъгæ,  «Цхинвалы дæгъæлтæ Дзæуджыхъæуы сты. Цæмæй Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстоныл бандавыны фадат уа, уый тыххæй йæ хъæуы йæ позици Цæгат Ирыстоны æрфидар кæнын. Шмулевич ма дзырд-та, зæгъгæ, Гуырдзыстон тынг активонæй хъуамæ куса мæхъæлæттимæ, цæмæй сæ къухы уой Цæгат Ирыстоныл æндавыны рахæцæнтæ. Куыд уынæм, афтæмæй уыцы здæхтыты Гуырдзыстон кусы активонæй», – бахахх кодта Уазæгты Юри.

Æхсæнадон архайæг Цхуырбаты Тимур дæр банысан кодта Яна Амелина Хуссар Ирыстоны хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсы, уый æмæ йын бузныг загъта, рæстæг кæй ссардта æмæ ацы темæйыл кæй бакуыста, уый тыххæй.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, «дунейæ хи баууаон кæнын нæ хъæуы. Дунейæ райсын хъæуы, хорзæй йæм цы ис, уый».

Мадзалы иннæ хайадисджытæ дæр бузныджы ныхæстæ æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ загътой Яна Амелинайæн йæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Ныхасы рацыд автор йæхæдæг дæр æмæ æрæмбырдуæв-джытæн радзырдта, ацы æмбырдгонды йын цы бантыст равдисын, куыд ыл бакуыста æмæ дарддæр цæуыл кусы, уыдоны тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цауты тыххæй, афтæ ма Цæгат Ирыстон-Аланийы тыххæй æмæ 2008 азы хæстмæ Гуырдзыстон йæхи куыд цæттæ кодта, уыдæтты тыххæй æрмæджытæн ис хицæн æмбырдгонд, кæцы цæттæ у мыхуырмæ æмæ тагъд мыхуыр æрцæудзæн», – бахахх кодта Амелина.

Мадзалы кæрон Харебаты Батрадз ноджы дæр Яна Амелинайæн загъта æнтыстыты фæндиæгтæ йæ дарддæры куысты.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.