Цхинвалы районы администрацийы пресс-службæйæ  нæм Тъехты Симæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй 9-æм маймæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн районы хъæуты цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон фесты реставрацигонд.

«Цалдæр азы размæ Дменисы арæзт æрцыд Мемориал 1941-45 азты Фыдыбæстæйон хæсты ацы хъæуæй хайад чи райста, æмæ гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы   чи бабын, уыдон номхыгъдтæ фыст æрцыдысты ацы цыртдзæвæны фæйнæгыл. Ныр уым æрвылаз дæр канд 9-æм майы нæ, фæлæ 8-æм августы дæр æрæмбырд вæййынц хъæуы цæрджытæ. Реставраци кæнын хъуыд Сатихъар, Джер æмæ Арцеуы хъæуты цыртдзæвæнтæ æмæ сæ алфæмблай цы кæртытæ ис, уыдон дæр», – зæгъы Цхинвалы районы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй æппæт уыцы куыстытæ бакæнынмæ хуынд æрцыд дæсны реставратор Æлборты Алан. «Цыртытæ бынтон æдзæллаг уавæры нæ уыдысты. Ранæй-рæтты дзы рахауд цалдæргай плиткæтæ, фæлæ махæй алчидæр хæсджын у, ацы мемориалыл цы æмбæстæгты нæмттæ фыст æрцыд, мах сæрибардзинады, хæдбардзинады æмæ рæсугъд фидæны тыххæй чи фæмард, уыдонæн лæггад кæнын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæм хъæуты адæм дæр се ‘ххуысы къух æнæзивæгæй кæй фæдаргъ кæнынц, зæрдиагæй æфснайынц цыртдзæвæнты алфæмблай скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр», – зæгъы Æлборы фырт.

Сатихъары скъолайы музыкæйы ахуыргæнæг Нукрадзе Гуло та афтæ зæгъы. «Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр скъоладзаутæ сæхи цæттæ кæнынц, цыртдзæвæнты раз цы цытджын мадзæлттæ уагъдæуыдзæн, уыдонмæ. 9-æм майы бон ныр 73 азы дæргъы махæн у мысæн, хъынцъымы æмæ Советон салдаты сгуыхтдзинадæн кад кæныны бон. Алкæмæн дæр йæ хæс у фæлтæрæй-фæлтæрмæ уыцы традицитæ дæттын. Ацы комы ма баззад Фыдыбæстæйон хæсты иунæг ветеран – Мæлдзыгаты Валоди. Уый ныр уатон рынчын у. Æр-вылаз дæр æм ахуыргæнинæгтæ бацæуынц лæвæрттимæ, раарфæ йын кæнынц, зæгъынц ын бузныг. Уый фæстæ æрæмбырд вæййынц Советон салдатæн Сатихъары скъолайы кæрты цы цыртдзæвæн ис, уырдæм. Сæвæрынц ыл дидинджытæ, бакæсынц патриотикон æмдзæвгæтæ. Фæдзурынц, цыртыл сыгъзæрин дамгъæтæй кæй нæмттæ фыст æрцыд,  уыдоны цардвæндæгты тыххæй», – зæгъы Нукрадзе Гуло.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.