Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» сырæзт 2012 азы уалдзæджы. Йæ сырæзтæй фæстæмæ йæ сæйраг нысан у адæмы æрбангом кæнын. Партийы раздæры лидер Бибылты Анатоли бæстæйы сæргълæууæг кæй ссис, уымæ гæсгæ 2017 азы 10 октябры партийы 6 съезды йæ сæрдарæй æвзæрст æрцыд Тадтаты Алан. Уый дарддæр кæны бæс-тæйы президенты курс Ирыстоны адæмы фæрныгад бæрзонддæр кæнынмæ здæхт хæстæ æмæ нысæнттæ реализаци кæныны фæдыл.

Парти йæ къух бафыста рынчын сывæллæттæн æххуыс кæныны фонд «Подари крылья»-имæ. Хорз уаид æмæ ацы хæрзаудæн куыст иннæ партитæ дæр куы бафæзмиккой. Ацы фонд арæзт у уый тыххæй æмæ æххуыс кæны рынчын сывæллæттæн. Рынчыны хицау тыхст у, уæззау уавæры вæййынц æмæ йæ фарсмæ балæууын удыбæстæ у, кæм фæндаггаг фæрæзтæй фæкæсын, кæм хос кæныны хъуыддаджы.

Уымæй дарддæр ма парти æнгæс сразыдзинад бафыста Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты рæстæджы фæцæфуæвджытæ æмæ инвалидтæн æххуысы фондимæ. Уыцы сразыдзинадмæ гæсгæ парти кæндзæн алыварсон æххуыс фондæн.

Парти æххуыс кæны, йæ æнæниздзинад нывыл кæмæн нæу, ахæм сывæллæттæн – кæмæн коляскæ самал кæнынц, кæмæн цы.

Тадтаты Алан нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæм цæуы бирæ куырдиæттæ æмбæстæгтæй. Уыдон сты алыгъуызон, чи цы хъуыддаджы тыхсы, чи цы, ис сæм коллективон куырдиæттæ дæр.  Алы куырдиаты фæдыл дæр цæуы лæмбынæг куыст уавæр сбæлвырд кæныны нысанæн. Хъыгагæн, хатт вæййы се ‘хсæн ахæмтæ, æмæ кæд бынтон тыхст уавæры нæ вæййынц, уæддæр сæхи смæгуыр кæнынц, æндæргъуызы бамбарæн сын нæй. Фæлæ уыцыиу рæстæджы не ‘хсæнады ис æцæг тыхст бинонтæ, кæцытæм хъæуы фæкæсын, сæ фарсмæ балæууын.

Хатт вæййы афтæ дæр, æмæ районты администрациты сæргълæуджытæм дæр арвитынц партийы номæй куырдиат, бæрæг æмбæстаджы проблемæмæ хъус æрдарыны нысанæн. Уымæн æмæ куырдиæтты вæййы районы администрацитæм хауæг бæстонкæнинаг проблемæтæ дæр.

«Уымæй мæ зæгъын фæнды, иу куырдиат дæр æнæ хъусдардæй кæй нæ зайы. Хатт бирæтæ нæ фæзонынц, кæй хъæуы слæууын Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады хыгъды, цæмæй исой æнæмæнгхъæуæг æххуыс. Æмæ ахæмтæн æххуысы тыххæй бахатæм министрадмæ, цæмæй сæ фарст бæстон æрцæуа. Бирæ бинонтæ ныр æрвылмæй исынц хæлцадон продуктты æххуыс æмæ сæ кæд æнæмæнг-хъæуæг медицинон хостæ хъæуы, уæд уыдон дæр», – дзырдта партийы лидер.

Куырдиæтты фылдæр хай у хисæрмагонд хæдзæртты агъуыстытæ раивыны фæдыл. Уыцы хъуыддаджы тыхст æмбæстæгтæн ныридæгæн ивд æрцыдысты сæ хæдзæртты агъуыстытæ. Уыдоны нымæц у 77 хæдзарæй фылдæр.

Парти йæ сырæзтæй фæстæмæ активон хайад исы фæсивæды царды. Финансон æгъдауæй балæууы спортсментæ æмæ æвзонг курдиатджын фæсивæды фарс. Партийы сæргълæууæг радзырдта штангисттæ, хъæбысæйхæцджытæ, каратисткæтæн æххуысы тыххæй цы фæрæзтæ хицæн æрцыд, уый тыххæй. Афтæ ма радзырдта, Уæрæсейы алыгъуызон конкурсты æмæ дунеон фестивалты хайад райсынæн цы æнæмæнгхъæуæг æххуыс кæнынц сфæлдыстадон фæсивæдæн, уый тыххæй дæр. Уырдыгæй цы уæлахизтимæ, зæгъгæ, æрыздæхынц, уый дзурæг у не ‘взонг фæсивæды егъау курдиатыл.

«Партийы минæвæрттæ æдзух æмбæлынц горæт æмæ районты цæрджытимæ, зонгæ кæнынц сæ проблемæтимæ, æнтыстытимæ, фидæны плæнттимæ. Уымæн æмæ республикæйы арæзт бирæ цæуы æмæ æмбæлонæй рæгъмæ хаст нæ цæуынц. Уымæ гæсгæ адæмимæ кæ-нæм лæмбынæг информацион куыст», – банысан кодта Алан.

Парти «Иугонд Ирыстон» æвзæрстытæй æвзæрстытæм нæ кусы. Нæдæр ууыл архайы, æмæ йæхи стауа, фæлæ архайы æмæ æххуыс кæны æххуысхъуаг æмбæстæгтæн. Партийы лидер ма дзырдта, иу кæнæ фылдæр бынæтты чи кусы, уыдон тыххæй дæр. Цалдæр бынаты кусын раст хъуыддаг нæу. Уымæн æмæ иу адæймаг цалдæр бынаты куы куса æмæ уыцы рæстæг æндæрæн та иу куысты бынат дæр куынæ уа, уый раст кæцæй у. Алкæй дæр хъæуы бамбарын, кæд ацы хъуыддаг бирæты зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр. Бирæ æвзонг æмбæстæгтæ сты æгуыст, уыдон дæр хъуамæ кæддæр сæхи ссарой æхсæнады æмæ спайда кæной сæ зонындзинæдтæй бæстæйы хæрзæбонæн. Уымæн та, Аланы хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы фадæттæ аразын.

Партийы цы къамис архайы, уый алы куырдиаты фæдыл дæр кæны лæмбынæг куыст æмæ райсы мадзæлттæ, цæмæй йæ хицауы домæн æххæст æрцæуа.

«Фæлæ ма ноджыдæр зæгъон, бирæтæн иттæг хорз фадæттæ ис, цæмæй сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй сæ хæдзæртты агъуыстытæ раивой æмæ афтæ дарддæр. Хъуамæ æмбарæм æмæ зонæм иу хъуыддаг  – бæстæйы къухдариуæгад алкæцы хæдзары агъуыст нæ раивдзæн ногæй, тыхст чи у, уыдонæй дарддæр», – загъта Тадтайы фырт.

Партийы лидеримæ ныхас гæнгæйæ бæрæг уыд иу хъуыддаг, æмæ сæм йæ тыхстæй, æххуысмæ чи æрбахатынц, уыдоны райсынц зæрдиагæй, стæй сын уый фæстæ сахуыр кæнынц сæ проблемæ. Уымæн æмæ фæстаг 20 азы не ‘хсæнад уæззау фæндæгтыл рацыд, бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрстам æмæ кæрæдзи уавæры хъуамæ цæуæм. Уымæ гæсгæ алы бæрнон адæймаджы хæс дæр у, нæ иумиаг цардарæзтады цæрджыты хæрзæбонæн нæ тыхы цы ис, уымæй се ‘нцой балæууæм, кæм хъарм ныхасæй, кæм хъуыддагæй.

Парти «Иугонд Ирыстон» дарддæр дæр йæ хъарутæ æмæ фæрæзтæй архайдзæн, цæмæй æххуыс кæна рынчын æмбæстæгтæн, социалон æгъдауæй хъахъхъæд чи нæу, цыбыркъух бинонтæн æмæ аф. д. Активон хайад исы æмæ исдзæн æхсæнадон процессты æмæ бæстæйы царды.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.