1989-91 азты гуырдзиаг-ирон хæсты райдианы Хуссар Ирыстоныл уæззау дуг куы ныккодта, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фарсмæ æрбалæууыдысты нæ цæгаттаг æфсымæртæ æмæ хотæ, уымæн æмæ æфсымæр æфсымæрæй у тыхджын. Фæлæ уæддæр адæймаг йæ царды уæззау рæстæджыты уæлдай тынгдæр бахъуыды кæны цæстмæ митæ нæ, фæлæ дыл æцæгæй зæрдæйæ чи фæриссы, уыцы адæймæгты. Мах дæр нæ  уæззау рæстæджыты уæлдай тынгдæр бахъуыды кодтам  Джыккайты Шамил, Тæболты Сергей, йæ цардæмбал Тæболты Иринæ, Дойаты Олег, Бзарты Руслан, Уарзиаты Вилен, Дзуццаты Бибо æмæ æндæрты, уымæн æмæ уыдон зæрдæйæ рыстысты нæ рыстыл æмæ æппынæдзух уыдысты нæ фарсмæ.

Фæлæ абон мæ дзырды сæр у зынгæ, курдиатджын журналист, æнахуыр уæздан æмæ хæларзæрдæ адæймаг Дойаты Олегыл, кæцы не ‘хсæн нал ис ныр авд азы. Æгъатыр мæлæт, цыма,  хуыздæрты равзары, уыйау амæй-ай хуыздæртæй ирон интеллигенцийы минæвæрттæй бирæтæ цæрынхъуæгтæй  аивгъуыдтой се  ‘нусон дунемæ, уыцы нымæцы Олег дæр.

Зынгæ журналисты райгуырдыл 7-æм сентябры  сæххæст 70 азы. Уымæн йæ ном хорз зындгонд уыд куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Дойаты Олег Рамазаны фырт райгуырд 1951 азы 7-æм сентябры Цæгат Ирыстон-Аланийы Эльхоты хъæуы. Каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультет. Куыста ЦИПИ-йы хистæр ахуыргæнæгæй, уыд Уæрæсейы журналистты цæдисы уæнг.

Журналистикæйы къабазы йæ фыццаг профессионалон къахдзæфтæ райдыдта газет «Молодой коммунист»-ы спортивон журналистæй. Уым дыууæ азы бакусыны фæстæ æрбацыд телеуынынадмæ, кæцы йын ссис дыккаг хæдзары хуызæн. Йæ хайадистæй фыццаг «летучкæйы» телеуынынады къухдариуæгад уайтагъд бафиппайдта уымæн йæ курдиат. Хуымæтæджы æнахуыр æмæ хъарм æвзагæй фыссын йæ бон уыд æрмæстдæр Олегæн. Йæ уникалон фæлтæрддзинад амыдта алкæцы кусæгæн дæр: уыцы иурæстæджы сын уыд къухдариуæггæнæг дæр æмæ хистæр   æмбал дæр.

1989-1991 азты Хуссар Ирыстоны хæсты рæстæджы, фактон æгъдауæй, цæгатирыстойнаг журналисттæй фыццаг эфиры уый рауагъта информаци хуссарирыстойнаг ирæтты геноциды тыххæй. Уый фæстæ ацы хъуыддаг арæзта систематикон æгъдауæй, информацион блокадæ атонгæйæ.

Олег 1990 азты Хуссар Ирыстоны историйы трагикон эпизодтæм куыдфæндыйы цæстæй нæ каст. Уый аскъуыддзаг кодта йæхæдæг, сæрмагондæй уыцы тæссаг бонты цаутæ æвдисын. «Алкæцы балцы рæстæджы дæр  нæ цар-дæн тæссаг уыд. Хуссар Ирыс-тонмæ цыдыстæм зындзинæдты сæрты хизгæйæ БТР-тыл, верто-леттыл æмæ, кæй зæгъын хъæуы, нæхи æнкъардтам хъайтартæй. Фæлæ бынатмæ æрцæугæйæ, зæрæдты, сылгоймæгты, сывæллæтты, не ‘мфыдыбæстæйонты уынгæйæ, кæцытæ уыцы тæссагдзинад сæхиуыл æвзæрстой æрвылбон дæр, æмбæрстам мах ницахæм хъайтартæ кæй не стæм, уый. Уæлдай зындæр цæуæн нын уыд фыццаг хатт, 1991 азы январы мæйы. Уый уыд æбæрæгдзинадмæ фæндаг. Æз æй нæ зыдтон цы нæм æнхъæлмæ кæсы, уый æмæ тыхстыстæм. Фæлæ æрхъулагонд Цхинвалы æппæт уыцы тасдзинæдтæ æрбайсæфтысты, нæ зæрдæты ма баззадис æрмæстдæр сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ. Уый уыд стъалыты сахат! Æрмæст уый тыххæй дæр хъуыд цæрын, цæмæй уый нæхиуыл бавзæрстаиккам. Кусын нæ хъуыд нæмгуыты бын акъоппытæй. Ахсджиаг уыд æрмæст хæсты фæуæлахиз уæвын нæ, фæлæ æнæмæнгхъæуæг уыд информацион блокадæ атонын», – дзырдта йæ интервьюйы Дойаты Олег.

«Дойаты Олегы репортажтæ алыхатт дæр уыдысты оперативон, æгæронæй сæ зынд рæстдзинад. Дзæуджыхъæуккаг телеуынынады кусджытæ Хуссар Ирыстоны куыстой практиконæй хæсты æнæхъæн рæстæджы, арæх Тæболты Иринæ æмæ Гугкаты Иринæйы къордимæ æрбаиу уæвгæйæ. Уыдоны удуæлдай куысты фæрцы атынд æрцыд информацион блокадæ æмæ æнæхъæн дуне базыдта уыцы бонты цауты, хуссарирыстойнаг адæмы хъизæмæртты тыххæй», – Олегы амæлæты фæстæ фыста йæ хæлар Харебаты Батрадз.

Оператортæй сæ иуы мысинæгтæм гæсгæ, сын иу хатт сæ фæндаг æрæхгæдта зæй, машинæйæн йæ бон цæуын нæ уыд. Уæд уыдон рабырыдысты тæссаг фадыг, цæмæй оперативонæй равдыстаиккой репортаж. Уыцы рæстæджы Дойайы фырты уæлдай тынгдæр бауарзтой республикæйы цæрджытæ, кæцытæ йын абон стыр бузныджы æнкъарæнтимæ мысынц йæ лæггæдты тыххæй. Журналистикæйы дунейы йæ гоймаджы масштабæн зын саргъгæнæн у, номхуындæй, уый лæууыд информацион алæвæрдты гуырæнты æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны дæр. Хуссар Ирыстоны хицауад саргъ кодта цæгатирыстойнаг журналистты бæрзонд профессионализмæн, республикæйы арæзтмæ сæ хайбавæрдæн. Баскаты Уырызмæг хорзæхджын æрцыд уыцы рæстæджы уæлдæр хорзæх – РХИ-йы Кады грамотæйæ. Дойаты Олег æмæ Тæболты Иринæйæн та лæвæрд æрцыдис «РХИ-йы сгуыхт журналист»-ы кадджын нæмттæ. Дойаты Олег уыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг дæр.

«Нæ фыццаг хæстæй иу уыд телеуынынад саразын. Æз ссардтон спонсортæ Мæскуыйы. Хуссар Ирыстонмæ æрластам æппæт æнæмæнгхъæуæг ифтонгад. Фæлæ сæвзæрд фарст – чи йæ сæвæрдзæн, чи араздзæн алæвæрдтæ, махмæ уæд цæттæ кадртæ нæ уыд … Цалдæр боны фæстæ нæм Дойаты Олегы сæргълæудæй æрцыд æнæхъæн бригадæ – Баскаты Уырызмæг, Битарты Руслан æмæ техникон кусджытæ. Æмæ 1994 азы 16 марты фыццаг хатт рацыдыстæм нæхи паддзахадон телеуынынадимæ», – радзырдта РХИ-йы фыццаг президент Цыбырты Людвиг.

Цæгат Ирыстоны телеуынынады исбон Олег Рамазаны фырт уыд бирæнымæц программæты автор, кæцыты ‘хсæн сты «Иристон сегодня», «Панорама», «Осетия спортивная» æмæ «Пятница».

Уый уарзта æмæ аргъ кодта прозæ æмæ поэзийæн. Æмбырд кодта йæ уарзон æмдзæвгæтæ, кæцыты лæвар кодта йæ хæлæрттæн æмæ коллегæтæн. Поэзийы йæ фæстаг æмбырдгонд – ныййарджты, хоты, зиæнтты æмæ æрхæндæгдзинады тыххæй, уæззау фæд ныууагъта кæмæн æй балæвар кодта, уы-доны зæрдæты. Æмбæрстгонд уыд, Стыр адæймаг фæстаг хæрзбон кæй зæгъы, уый …

Йæ цыртыл  нывгонд у йæ къухы фыссæн сис, афтæмæй. Йæ быны урс сыгъдæг сыфты баст, кæцытыл уый никуыуал ныффысдзæн йæ аккуратон къухфыстæй зæрдæмæхъаргæ текст… Фæлæ уымæн йæ къухы бафтыд æндæр хъуыддаг саразын – йæ бон ссис йæ ном зонгæ кæимæ уыд, уыцы адæймæгтæй алкæйы зæрдæйы дæр ныффссын…

Харебаты Батрадзы ныхæстæм гæсгæ, Олег йæ хуссайраг хæлæрттæн  æрмæст телеуынынады къабазы не ‘ххуыс кодта. Кæйдæрты-иу бахъуыд тагъдыл билет балхæнын, кæуыл дæр хъуыд  сæмбæлын, кæйдæр рынчындоны схуыссын кæнын, кæмæндæр баххуыс кæнын хъуыд уæлдæр ахуырадон уагдонмæ бацæуынæн. Æмæ фыццаг рады не стыр ныфс уыд Олег. Дойайы фырты фæрцы РЦИ-Аланийы телеуынынады регулярон æгъдауæй æвдыст цыд хуссарирыстойнаг блок. Хуссар Ирыстонмæ йæ балцыты тыххæй Олег систа цалдæр телефильмы. Уыдонæй иуæн, кæцы хуынд «Надежда», уыд уæлдай стырдæр резонанс. Уыцы фильмтæ арæзт æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл, хицæн кодтой рæстдзинадæй, трагикон уавæрæй рахизыны амал ссарынмæ тырнындзинадæй, зын уавæры бахауæг адæмæн истыхуызæтты баххуыс кæныны фæндондзинадæй.

Мæнæ цы фыстой ацы стыр адæймаджы тыххæй йæ амæлæты фæстæ. «Дойаты Олег не ‘хсæн кæй нал ис, уый зæрдæйæн хæссы стыр маст. Уый нæм никуыуал бахуддзæн йæ диссаджы мидбылхудтæй. Олег Рамазаны фырт уыд ахæм стæм адæймæгтæй, кæцытæ цæрæнбонтæм баззайынц нæ мысынады. Журналистикæ ссис йæ ныхыфыст æмæ йе ‘ппæт  царды хъуыддаг. Уый уыд йæ ныхасы æмæ кады адæймаг. Мах ын йæ удæгасæй нæ загътам иууыл сæйрагдæр ныхæстæ, зæгъгæ, мах хъысмæтæй райгонд стæм йемæ кæй куыстам, уый тыххæй», – РЦИ-Аланийы Парламенты информацион аналитикон центр, уый уыд ацы центры къухдариуæггæнæг.

Зынгæ журналист Тæболты Иринæ загъта: «Зын у Олегы тых-хæй ивгъуыд афоны дзурын. Мах иумæ куыстам алыгъуызон вазыгджын уавæрты Хуссар Ирыстоны, ам цæгаты дæр. Олег арæзта æппæт йæ бон цы уыд æмæ цы нæ уыд, уый дæр йæ адæмы тыххæй. Уымæн адæмы интерестæ лæууыдысты алцæмæй уæлдæр. Уыд æууæнкджын æмбал. Олегы иу хатт  чи федта, уый йæ бахъуыды кæндзæн цæрæнбонтæм».

«Дойаты Олег рæнхъон журналист æмæ æмбæстаг нæу, уый у ирон журналистикæйы, ирон культурæйы ирд фæзынд. Уый уыд уыцы фæлтæры минæвар, кæцыйы уæхсчытыл æрхаудта нæ Райгуырæн бæстæйы хъысмæты тыххæй бæрндзинад. Йæ хæрзæгъдаудзи-над, профессионализм, лæджыхъæд æмæ намыс мæнæн цæрæнбонтæм баззайдзысты дæнцæгæй. Сæрмагондæй мæнæн Олег баззайдзæн адæймагон рæсугъддзинады æмæ профессионализмы символæй. Дыккаг Олег нæ уыдзæн», – загъта профессор Бзарты Руслан.

Олег уарзта Цхинвалмæ цæуын æмæ-иу алыхатт дæр хъуамæ бабæрæг кодтаид йæ хæлæрттæ – Дзугаты Къоста, Бестауты Ило, Коцты Станислав, Зæнджиаты Замирæ, Харебаты Батрадз æмæ бирæ æндæрты.

Дойаты Олег цардæй ахицæн 2014 азы 10-æм апрелы. Йæ ныгæнæн боны Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ ацыд бирæ адæм æмæ йæ афæндараст кодтой йæ фæстаг фæндагыл цæссыгкалгæйæ… Дойайы фырты рухс ном рох никуы уыдзæн хуссарирыстойнаг адæмæй дæр. Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.