Куыд зонæм, афтæмæй Цхинвалы районы Ирыхъæуы арæзт æрцыд брæтты полигон. Арæзт цыд Инвестицион программæйы фæлгæтты, кæцыйы реализаци кæнынæн хицæн æрцыд 165 милуан сомы. Проектмæ гæсгæ полигоны арæзт æрцыд дыууæ котлованы, сæ фæзуат 2,5 гектары ыкæмæн у, ахæмтæ. Ам æвæрд æрцыд модулон вагæттæ, объекты чи кусдзæн, уыдонæн дæр. Уагъд æм æрцыд электро-энергийы хахх, санитаронхъахъхъæнæн зонæйы нормæтæ æххæст æрцыдысты, сæмбонд кодтой объекты территори. Котловантæ æмбæрзт æрцыдысты лимбронæйæ, цæмæй брæттæй зианхæссæг буарадтæ ма хæццæ кæной мæрмæ. Полигоны фарсмæ та арæзт æрцыд пресгæнæн сæрмагонд минизавод, уый та у, брæттæ утилизаци кæм цæудзысты, ахæм хахх. Прессгонд брæттæ уагъд цæудзысты брикеттæм. Брикетты æнгомдзинад экономи кæндзæн бынат котлованы минималонæй æмæ атмосферæ дæр нæ чъизи кæндзæн. Зæгъынц, зæгъгæ, ныртæккæ Уæрæсейы Федерацийы цы броны полигонтæ рæзы, уыдонæн сæ 80 проценты сты ахæмтæ. Ног азы хæдразмæ Архитектурæ æмæ арæзтады министр журналисттимæ пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта куыстытæ фæуд кæй сты. Министр ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы броны полигон хъуамæ аскъуыддзаг кæна горæты проблемæ 25 азмæ. Фæлæ, дам, гæнæн ис æмæ куса 30 азы бæрц.

Брæтты полигон куы сырæзт, уæд лæвæрд æрцыд горæты администрацимæ æмæ йын дарддæр дзуапп уыдон хъуамæ дæдтой. Бынæттон телеуынынады фенын кодтой, куыд кусы, уыцы кадртæ дæр. Фæлæ… иуцасдæр рæстæджы фæстæ полигон йæ куыст æрурæдта. Брæтты фæстæмæ ласын райдыдтой раздæры бынатмæ, кæцы дзуапп нæ дæтты санитарон нормæтæн. Раздæрау тыхсынц, æввахс æм цы цæрæн пункттæ ис, уыдоны цæрджытæ. Арæзт цы полигон æрцыд, уым хъахъхъæд бæргæ æрцыдысты æппæт нормæтæ дæр, фæлæ йын скусын кæнын нæма æнтысы.

Адæм та цымыдис кæнынц, кæд скусдзæн, уымæ…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.