Дагъыстаны сæргълæууæджы ард бахæрыны фæстæ йын раарфæ кодта Бибылты Анатоли,  æмæ банысан кодта Сергей Меликовы адæймагон миниуджытæ, йæ патриотизм æмæ Райгуырæн зæххæн æнувыдæй лæггадкæнынад.

«Мæн ныфс ис, Дагъыстаны адæм сæрыстыр кæй уыдзысты æвæрццаг ивындзинæдтæй, кæ-цытæ æрцæудзысты Сергей Алимы фырты сæргълæудæй. Уый йæ царды сæрыстырæй æмæ ка-димæ æвдыста Дагъыстаны адæмы. Йемæ цы адæймаг у зонгæ кæнæ чи службæ кодта, уый стыр аргъ кæны йæ адæймагон æмæ æфсæддон миниуджытæн, кæцытæ сты Сергей Алимы фырты сæрмагонд æнтыстытæ», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, регионты проблемæтæм Сергей Меликовы лæмбынæг ахаст æмæ йæ активон хайадист уыдон скъуыддзаг кæныны, афтæ ма ныфс бавæрдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Дагъыстаны Республикæйы ‘хсæн ахастыты дарддæры рæзтæй.

Сергей Меликовы бæрнон бынатмæ снысан кæныны цытæн йын раарфæ кодта Цæгат-Кавказаг федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Юри Чайка.

«Дæуыл баууæндыдысты Уæрæсейы Федерацийы Президент æмæ Дагъыстаны Республикæйы Адæмон Æмбырд. Уый нысан кæны, ивгъуыд азы, ды, Дагъыстаны Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ куы æххæст кодтай, уæд регионы уавæр арфдæрæй кæй сахуыр кодтай, бацархайдтай æххæсткæнынадон хицауады органты æмархайд æндæр структурæтимæ æрбæстон кæныныл. Фыццаджы уал ныхас цæуы регионы æппæт хызæгон инфраструктурæйы модернизацийы ахсджиагдзинадыл: донифтонгад, электро  æмæ газифтонгадыл. Ацы здæхты арæзт æрцыд егъау къахдзæфтæ», – загъта уый.

Юри Чайка банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстытæ аскъуыддзаг кæнынæй серьезон импульс уыдзæн Дагъыстаны Республикæйы социалон-экономикон рæзтæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт бæстæйы архайды дарддæры программæ у Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины «2024 азы онг Уæрæсейы Федерацийы национ нысæнттæ æмæ рæзты ахсджиаг фарстыты тыххæй» Барамынд.

«Сæйраг хæс у алы адæймаджы хиреализацийæн фадæттæ саразын æмæ Дагъыстаны цар-ды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын», – банысан кодта уый.

Йæ фарсæрдыгæй Сергей Меликов бузныджы ныхæстæ загъта æмбырды æппæт хайадисджытæн cæ бакæнгæ æххуыс æмæ æууæнкдзинады тыххæй, банысан кодта, Дагъыстан алы хатт дæр зындгонд кæй уыд уазæгуарзондзинадæй.

«Нæ дуæрттæ алы хатт дæр гом сты нæ хæлæрттæн. Мах тырнæм æмгуыстадмæ, хорз сыхагон ахастытæм, экономикон бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ. Абон мах цы фæнд кæнæм, уы-дон арæзт æрцыдысты æндæр регионты, æмæ мах цæттæ стæм хæларадон уынаффæтæм. Уыимæ иумæ махæн ис иумæйаг проблемæтæ. Æмæ æз дæр разы дæн уыдон скъуыддзаг кæнынмæ.

Ныфс мæ ис, нæ иумæйаг тыхтæ кæй фæахъаз уыдзысты рæзты ног фæндæгтæ байгом кæнынæн æрмæст Дагъыстанæн нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказæн», – загъта Дагъыстаны Республикæйы сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.