Нæ дуджы бирæ фыст æмæ дзырд цæуы гаджеттыл, мобилон телефонты дæлбар бахауыны тыххæй. Психологон æгъдауæй нын ацы проблемæйы фæдыл йæ хъуыдытæ дзуры ХИПУ-йы психологи æмæ педагогикæйы кафедрæйы доцент, психолог Гæбулты Индирæ. Уый æрдзырдта, интернеты бирæ рæстæджы дæргъы уæвыны психологон æмæ физикон фæстиуджыты, не ‘хсæнадыл æндавыны æмæ æндæрты тыххæй дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ интернеты æндæвдады бын бахауын у психикон цудындзинад, кæцы раргом вæййы æдзух онлайн режимы уæвыны, нæ алыварс цы цæуы, уыдон зонынмæ тырнындзинады, социалон хызæгты цы фыссынц ногæй, уыдонмæ æдзух хъусдарыны рæстæджы. Уый у низ, æргом ирд симптоматикæимæ æмæ фадат дæтты хъæуæг мадзæлттæ райсынæн, адæймаджы йæ мæгуырау фæстиуджытæй бахизынæн. Психолог куыд зæгъы, афтæмæй ис интернеты æндæвдады бын бахауыны цалдæр хуызы, фæлæ ам дзырд цæуы интернет серфинджы тыххæй хъуыды, нысан æмæ, æгæрыстæмæй, адæй-магæн æфтиаг дæр чи нæ хæссы, æдзух ахæм информаци агурын. Уый у æрмæст цайдагъ-дзинад. Ацы процесс адаргъ вæййы бирæ рæстæджы æмæ адæймаджы сæрымагъз байдзаг вæййы æнæпайда информацийæ.  Уый та свæййы адæймаджы продуктивондзинад  къаддæр кæныны кæнæ бынтондæр фесафыны аххосаг.

«Виртуалон уагыл ныхас кæнын у нырыккон дуджы иууыл арæхдæр проблемæ. Йæ мидис ис æдзух кæимæдæр контакт аразыны домындзинады, фæлæ уыцы процесс лæгæй-лæгмæ, цæстæй – цæстмæ нæ цæуы, фæлæ социалон хызæгты, сайты, зонгæдзинæдты форумты æмæ æндæр ахæмты. Хъыгаг у, виртуалон уагыл ныхас кæнын кæй иуварс кæны реалон царды ахастыты. Адæймаг социализаци нæ цæуы, реалонæй нæ зоны, цард цы у, уый, æцæгдзинады фæстаг инстанци йын сты, сайтты æмæ социалон хызæгты цытæ цæуы, уыдон. Мæнг информаци та мах кæддæриддæр фæкæны мæнг фæндæгтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, социлон хызæгты дæр æппæт информаци мæнг нæ вæййы, фæлæ йæ сæйраг хай.

Хъыгагæн, нæ республикæйы зынгæ хай «цæры» социалон хызæгты æмæ уый та æвзæрын кæны иттæг стыр тасдзинад. Уымæн æмæ виртуалон уагыл ныхас кæныны иууыл тæссагдæр фæстиуæг у, схосгæнæн кæмæн нæй, зонды уыцы деградаци, куыд сывæллæтты дистанцион ахуырад, афтæ. Мах æмбарæм, онлайн урокты рæстæджы кæй æрбайсæфынц сывæллæтты хъазæн митæ: искæмæн йæ фæсонтæ портфелæй æрцæвын, сæрыхъуынтæ айвазын, де ‘мбалимæ сусæг ныхæс-тæ акæнын æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыдæттæ та сты социализаци – сывæллон куы фæцæры реалон цардæй æмæ куы фембары, цы аразы, цы йын расайдзæн, уый, æмæ йæхи куыд дара. Цæрджыты социализаци у хъæуæг процесс, цæмæй адæймаг рæза нормалон æгъдауæй. Виртуалон уагыл ахастытæ аразын та вæййы æндæргъуызон: уым фылдæр вæй-йынц иллюзитæ», – банысан кодта Гæбулты чызг.

Адæймаг, интернеты цæргæйæ, сафы йæ зынаргъ рæстæг, сафы йæ фадæттæ æмæ ма уыимæ зиан хæссы йæ организмæн, кæй не змæлы, уый тыххæй. Интернеты æндæвдады бын бахауджытæн, психологы хъуыдымæ гæсгæ, се ‘мбарынад фæлахс кæны, сæ бон хъуыды кæнын, критикон æгъдауæй анализ аразын нал вæййы, нæ алфæмблай цы цæуы, уыдонæн адекватон аргъ нал фæкæны. «Фæлæ мах цæрæгойтæ не стæм, цæмæй цæрæм рефлекстæй. Мах стæм хъуыдыгæнæг уæвæгойтæ æмæ нæ хъуыдыкæнынад куы фехæла æрмæстдæр уый тыххæй æмæ интернеты æндæвдады бын кæй бахаудыстæм, уæд мах хæст дæр нал хъæуы. Нæхæдæг скуынæг уыдзыстæм.

Гæбулты Индирæ куыд банысан кодта, афтæмæй интернеты æндæвдады бын бахауæджы хъæуы рагацау рахатын æмæ йын хос кæнын. Рæстæг куыд цæуы, афтæмæй низ йæхи тынгдæр зонын кæны æмæ рахизы хроникон формæмæ. Йæ фыццаг характерон формæмæ. Йæ фыццаг характерон симптом у райсомæй райхъал уæвгæйæ, фыццаджыдæр, интернетмæ бахизын, цытæ дзы цæуы, уыдон базонын. Æдзух интернетыл хъуыдыгæнгæйæ, уый адæймагæн фæивы йæ психоэмоционалон уавæр кæнæ эмоционалон æгъдауæй йæ уагахаст сытынг вæййы, кæнæ та депрес-сион уавæры бахауы.

 

«Æппæт уыдæттæ адæймагмæ равзæрын кæнынц мидконфликт, кæцы фæстæдæр рахизы æндæр адæймæгтимæ ныхмæдзыдтæм. Æмæ уый та у реалон психикон цудындзинад. Интернеты æндæвдады бын бахауыны фæдыл, куыд психикон цудындзинад, афтæ йæ хъуыдытæ фыццаг хатт 1995 азы загъта психиатр Айвен Голдберг æмæ йæ бары психоактивон буарадтæй пайда кæнынимæ, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ йын æрæмныхгæнæн ис наркотикон æмæ алкоголон æндæвдады бахауынимæ, тамако дымын æмæ игроманийы цайдагъдзинадимæ. Уыдон иууылдæр иугъуызон æнда-вынц адæймаджы психикæйыл.

Интернеты æндæвдады бын бахауыны физикон симптомтæ та æвзæрын райдайынц компьютеримæ, телефонимæ дзæвгар рæстæджы архайыны фæстиуæгæн æмæ фæстæдæр та рахизынц хроникон формæтæм. Уыдон та сты сколиоз, æнгуылдзты æндзыг кæнын, къухы хæцъæфты артрофи, цæстысыг  сур  кæнын, фæсонты, бæрзæйы, астæустæджы дискомфорт æнкъарын, аппетит сафын, æвзæр фынæй кæнын, улæфты режим фехалын. Хицæнæй зæгъын æмбæлы, æнæаххосæй сæр бирæтæн кæй сриссы, уый тыххæй. Уыцы рыстæн ис мигренозон характер æмæ дзурæг у, адæймаджы чи нæ хъæуы, ахæм информацийæ хъуыдыты байдзаг кæнын», – загъта Гæбулты Индирæ.

 

Цы сты интернеты æндæвдады бын бахауыны аххосæгтæ.

Гæбулты Индирæ куыд банысан кодта, афтæмæй интернеты æндæвдады бахауыны аххосæгтæ сты алкоголон кæнæ наркотикон æндæвдады бахауыны аххосæгты хуызæн. Уыдон нырма æххæст ахуыр не ‘рцыдысты, фæлæ зындгонд у, кæй сты ахæмтæ, куыд раст нæ хъомыл кæнын, дæ архайдтыты æмæ рæстæгæй пайда кæныны тыххæй бæрндзинад ма æнкъарын, афтæ ма æргъадтæн æмæ царды приоритеттæн раст аргъ ма кæнын.

«Йæ аххосæгтæ ма гæнæн ис уой бинонты æхсæн мæгуырау ахастытæ, хæлæрттимæ конфликттæ, куысты, ахуыры проблемæтæ. Адæймаг ахæм уавæры куы вæййы æмæ йæ ацæуын куы фæфæнды, фæлæ кæдæм ацæуы, уый йын куыннæ вæййы, уæд «цæуы» интернетмæ. Афтæ ма депресси, дæхицæн æмбæлон аргъ нæ кæнын, ног æнкъарæнтæ æвзарыны æнæмæнгхъæуындзинад. Фæлæ иууыл сæйрагдæр у, адæймагæн æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ йæ зæрдæмæ чи нæ цæуы, уыцы реалондзинадæй ацæ-уын, реалон нæ, фæлæ виртуалон хæлæрттæ ссарыны мæнг бафæлвæрд», – зæгъы психолог.

 

Цахæм хатдзæгтæ ис саразæн?

Гæбулты чызг куыд нымайы, афтæмæй хъусдарын хъæуы интернеты уæвыны рæстæгмæ æмæ кæд адæймагæн йæ бон нæу ууыл контроль кæнын, уæд бахатын хъæуы специалистмæ.

«Психологийы ис ахæм æмбарынад, невротикон гоймаг, зæгъгæ. Уый у, стыр хъусдард здахын дæхимæ куы домай, куы дæ æппæлой. Мæнмæ гæсгæ алчи дæр сæмбæлдис адæймаджы ахæм миниуджытыл. Æмæ уыдон алкæмæ дæр сты, фæлæ алцæмæн дæр арæнтæ ис æмæ уыцы арæнтæй ахизын та баст у адæймаджы невротикон уавæримæ. Ахæм адæймагæй куынæ раппæлай, лайк ын куынæ сæвæрай, зондджын кæй у, уый йын куынæ зæгъай, уæд йæ психикæйы фæзынынц алыгъуызон эмоцитæ, фæхъыг вæййы. Ахæм адæймаджы уавæр тынг æвдисгæ у хъусдардæй æмæ тæрсы йæ фесафынæй, куы йæ фесафы, уæд та йын вæййы тынг зын. Сæвзæры йæм æвзæр эмоцитæ – смæсты вæййы, фæзыны йæм агрессивондзинад, тынг фæтыхсы.

Ахæм уавæр нормалон у? Гæнæн ис. Фæлæ æнæниз уавæр у? Ам зын у дзуапп радтын. Кæй зæгъын æй хъæуы, цардæн дзы тæссагæй ницы ис, фæлæ йæ аккаг цард дæр нæ рахондзынæ. Уымæ гæсгæ цардмæ невротикон цæстæнгасæй кæсын бæрæг рæстæгмæ адæмæн у æрдзон, фæлæ уый æнæниз уавæр нæу. Райгонддзинады, циндзинады уавæры раивынц тыхстдзинад, æнкъарддзинад, депресси æмæ уымæй у тæссаг», – зæгъы уый.

Невротикон уавæры цæвиттонтæ, психолог куыд зæгъы, афтæмæй ис социалон хызæгты ирон сегменты дæр. Вæййы афтæ, æмæ адæймаг гæнæн ис  мацы зæгъа, йæхиуыл фæхæца, фæлæ, фæкæс, æмæ цыдæр æнахъола ныхас загъта, йæхимæ та афтæ фæкæсы, цыма цыдæр ахсджиаг хъуыды фехъусын кодта.

Хъыгаг уый у, æмæ ахæм хъуыдытæ æнæхъуаджы кæй нæ фæзæгъынц, фæлæ конкретон нысан – химæ хъусдард аздахынæн «æмдзæгъд ын кæнынæн».

 

Дæ архайджыты тыххæй, уыцы нымæцы интернеты дæр хъуамæ дзуапп дæттой.

Цалдæр азы дæргъы социалон хызæгты, ирон сегменты сарæх сты адæмы хылтæ, цъыфкалæн ныхæстæ æмæ, æгæрыстæмæй, æртхъирæнтæ хæссынц куыд чиновникты адресыл, афтæ хицæн æмбæстæгты ‘хсæн дæр. Цæуылнæ ис гæнæн, куыд нормалон адæймаг, афтæ рахизай æмæ дæ хъуыды зæгъай дæ зонгæ кæнæ дæ сыхагæн. Цæмæн хъæуы æппæт уыдæттæ социалон хызæгтæм хæссын.

«Нæ нацийы этнопсихологион хийæдты тыххæй дзургæйæ, мах зонæм, нæ фыдæлтæм иу æфхæрæн ныхæстæ кæй расайдтой тугкалд дæр. Зæрдыл æрлæууын кæндзынæн, генетикон æмвæзадыл мах нæ фыдæлтæй кæй исæм уагахасты модел, фæлæ уæд кæрæдзимæ ахастытæ уыдысты æндæр – мыггагон. Абон, æфхæрд кæй нæ баййафдзысты, уый зонгæйæ, адæм нал «зивæг» кæнынц ныхасæй кæнæ психологион æгъдауæй искæй бафхæрынмæ. Ныхасæй æфхæрыны халæн тых иттæг егъау у, адæй-магмæ сæвзæры фыдæхдзинад, депресси. Æфхæрæн ныхæстæ хъæдгом кæнынц адæймагæн йæ уды, кæцыйæн вæййы зын схосгæнæн. Фæлæ ис закъæттæ, кæцытæм гæсгæ æфхæрæг æфхæрд баййафы. Махмæ ис уголовон кодекс æмæ ныхасæй адæймаджы æфхæрын кæнæ йæм æртхъирæн кæныны тыххæй хъуамæ æфхæрд цæуа закъонмæ гæсгæ», – банысан кодта Гæбулты Индирæ.

Цæвиттонæн уый æрхаста зындгонд поэт Пастернакы трагикон хъысмæт. Йе ‘мдзæвгæты куы ныммыхуыр   кодта, уæд ыл газетты райдыдтой цъыф калын. Райдианы уый райста инфаркт. Уый фæстæ фæрынчын рæуджыты ракæй, кæцы райтынг йæ ныхмæ фыссыны рæстæджы. Фæстæдæр поэт амард. Ахæм хъысмæт баййæфта Ломоносовы дæр. Мæгуырау æндæвдад кæй ис, æфхæрæн ныхæстæн, уымæ гæсгæ сæ ныхмæ хъæуы тох кæнын. Уыдон адæймаджы  уды халынц чъизи уæлдæф æмæ хъæстæ хæлцæй тынгдæр. «Нæй гæнæн адæймаджы психикæ халын. Чи йæ халы, уый æфхæрд баййафы æрдзæй, дунейы æнамонддзинæдтæ йæхиуыл бафтауы. Фæлæ æфхæрæн ныхæстæн уæддæр дзуапп дæттын хъæуы адекватонæй, тыхбахастæй не спайда кæнгæйæ», – балхынцъ кодта йæ ныхас психолог.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.