ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫДЫСТЫ ХУЫЗДÆР СПОРТСМЕНТÆ

РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы номæй æхцайы преми æмæ спортивон экипировкæ лæвæрд æрцыд, æмхæццæ-æмбуар хæстæй ивгъуыд азы иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдыстой, уыцы спортсментæн. Лæвæрттæ райстой Дудайты Владимир, Годжыцаты Ацæмæз æмæ Магкæты Олег. Ивгъуыд аз уæлдай æнтыстджындæр уыд Годжыцаты Ацæмæзæн, кæцы профессионалон турнирты акодта 5 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. 2018 азы Дудайты Владимир та FCF версимæ гæсгæ ссис дунейы чемпион. Хорзæхджын кæныны церемони ауагъта Хуссар Ирыстоны æмхæццæ-æмбуар хæсты федерацийы президент Къусраты Дмитри.

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыд ленк кæнынæй ерыстæ «Золотая рыбка»-йы фыццаг этап. Уым  хайад  райстой 150 æвзонг спортсмены. Чызджыты ‘хсæн ерысты уæлахиздзаутæ систы Мулдарты Валерия, Уалыты Даянæ, Уалыты Тамилæ, Остъаты Аланæ, Тыджыты Дианæ æмæ Тедеты Сабинæ. Лæппуты ‘хсæн та цæттæдæр разындысты Тасойты Арсен, Даниил Игнатов, Чиаты Михаил, Лалыты Арсен, Уалыты Александр æмæ Тедеты Азæмæт.

Ерысты фæстæ  Ленк кæныны федераций уæнгтæн уагъд æрцыд хыгъдон æмбырд. Хатдзæгтæ арæзт æрцыд ивгъуыд азы федерацийы бакæнгæ куыстæн. Ныхас цыд дарддæры плæнтты фæдыл дæр.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Красноярскы уагъд æрцыд уæгъдибар  хъæбысхæстæй турнир «Гран-при Иван Ярыгин-2020». Ерысты ирон богалтæ рамбылдтой 4 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 5 бронзæ майданы. Турниры уæлахиздзаутæ систы Тускъаты Азæмæт (57 кг), Найфонты Артур (86 кг), Цæкуылты Батырбег (92 кг) æмæ Байцаты Владислав (97 кг). Æвзист призертæ систы Рæмонты Сослан (65 кг) æмæ Байты давид (70 кг). Æртыккаг бынæттыл та ацыдысты Уалыты Чермен (70 кг), Цæболты Хетæг (74 кг), Нартыхты Радик (92 кг), Гогаты Георги (97 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг). 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.