Алы адӕймаг дӕр у индивидуалон ӕмӕ йын ис йӕхи ӕмбарынад. Алчидӕр нӕ афтӕ ӕнхъӕлы, ома, мӕ уагахастыл мын ничи бандавдзӕнис, йӕ зондыл мӕ ничи акӕндзӕнис. Фӕлӕ адӕймаг дзыгуырмӕ куы бахауы, уӕд уым ӕнӕмӕнгӕй фӕивы йӕ зӕрдӕйы равг ӕмӕ иннӕтӕ цы аразынц, уый дӕр уый райдайы аразын. Ахуыргӕндтӕ адӕмы ацы уагахаст хонынц «дзыгуыры синдром».

Фӕлтӕрд политиктӕ рагӕй фӕстӕмӕ зонгӕ сты ацы фыдӕлтыккон инстинктимӕ ӕмӕ ӕнтыстджынӕй пайда кӕнынц адӕмы дзыгуыры энергийӕ. Сӕ дзырдарӕхстӕй сӕхирдӕм ӕрзилын кӕнынц къорд адӕймаджы ӕмӕ сӕ цы фӕфӕнды, уый сын саразын кӕнынц. Адӕймагæн уыцы рӕстӕджы йӕхи индивидуалон хъуыдыкæнынад ахицæн вæййы æмæ райдайы архайын иумæйаг хъуыддаг аскъуыддзаг кæныныл. Ахæм рæстæджы адæм сæхи фæдарынц æндæрхуызон, чысыл æфсон сæ куы фæвæййы, уæд равдисынц агресси. Адæм дзыгуырæй коммæ кæсынц æрмæстдæр сæ инстинкттæм, хъуыдыкæнынад сын ахизы фæстаг бынатмæ æмæ фылдæр хæттыты сæ архайдтытæн дзуапп нал фæдæттынц. Видеоæрмæджытæм сæ куы фæкæсын кæнынц, уæд сæ уагахастыл фæдис кæнынц, нæ сæ фæуырны, ахæм митæ кодтой, уый.

Уæдæ адæймаг йæхи цæмæн афтæ фæ-дары? Ахуыргæндтæ куыд æмбарын кæ-нынц, афтæмæй ацы инстинкттæ сты алкæ-цы цæрæгойæн дæр, уыдоны ‘хсæн адæмæн дæр. Фыдæлты дуджы сын стыр æххуыс уы-дысты сæхи фыдбылызæй бахизынæн. Куыд зонæм, афтæмæй тæссаг рæстæджытæ куы ныллæууынц, уæд адæм бангом вæййынц, къордтæ-къордтæ саразынц. Иумийаг тых-тæй знаджы ныхмæ бæрæг æнцондæр у фæ-лæууын æмæ адæймаг æнæрхъуыдыйæ дæр архайын райдайы йæхи иннæтимæ бамбал кæныныл. Нæ рагфыдæлтæ-иу уый руаджы сæхи нæ бауагътой скуынæг кæнын æмæ-иу кæрæдзийы фæрцы аирвæзтысты мæлæтæй. Ацы инстинкттæ бæрæгæй зынынц, цæрæгойтæм хъус даргæйæ. Зæгъæм, иу цъиу истæмæй куы фæтæрса, уæд иууылдæр иумæ тыгуырæй ныппæррæст кæнынц. Кæнæ домбай къамбецыл йæхи куы ныццæвы, уæд ыл иннæ къамбецтæ атымбыл вæййынц æмæ йæ байсынц сырды дзыхæй.

Адæймаг, дзыгуыры уæвгæйæ, йæхи райдайы хатын бæрæг тыхджындæр, цæрдæгдæр, ныфсхастдæр. Райдайы ‘вдисын агресси æмæ йæхи нал фæконтроль кæны. Сæвзæргæ уавæрæн дæр нал фæаразы анализ, логикон хъуыдыкæнынад ын нал вæййы, свæййы æгъатыр æмæ ма фæхъусы æрмæстдæр йæ къорды раздзогмæ. Адæймаг цас ахуыргонддæр æмæ æгъдауджындæр уа, уыйбæрц йæ лæгсырды инстинкттæ тынгдæр раргом вæййынц ахæм экстремалон уавæрты. Уымæн æмæ ахæм адæймаг йæ эмоцитæ арæхдæр фембæхсы, нæ сын фæ-дæтты бар æддæмæ рацæуынæн æмæ стæй иу ирвæзт ракæнынц.

Психолог Тина Георгиевская куыд æмбарын кæны, афтæмæй ныры дуджы цы адæмы къордтæ сырæзы, уыдон аххæссынц цалдæр минутæй цалдæр сахатмæ. «Цæмæй адæмы дзыгуыр дæргъвæтин рæстæг уæвынад кæна, уый тыххæй йын æнæмæнгæй хъуамæ фæзына раздзог æмæ сын уый сæ энерги иуырдæм сараза. Фылдæр хатт ахæм къордты сырæзты аххосæгтæ вæййынц адæмы тыхстдзинад, экономикон уавæр, карз нозт, социалон æнтъыхтдзинад, тæссагдзинад æмæ æндæртæ. Ахæм дзыгуыры иууыл тæссагдæр у паникæ. Уымæн æмæ адæм фыртæсæй сæ кæрæдзийыл нал фæмæт кæнынц, фæлæ алчидæр фæархайы йæхи уд бахъахъхъæныныл æмæ сæ къæхты бын фæкæнынц æдыхдæрты».

Уый фæстиуæгæн бирæ хæттыты æрцыдис трагедитæ дæр. Зæгъæм,  1953 азы Сталины ныгæнæн бонмæ æрцыдис тынг бирæ адæм æмæ алкæй дæр фæндыдис марды чырын фенын. Уый фæстиуæгæн адæмы къæхты бын фæмардис иу мин адæймагæй фылдæр. 1999 азы та Минскы цæрджытæ нысан кодтой бæгæныйы бæрæгбон æмæ æнæнхъæлæджы их уарын райдыдта. Адæм ныггуылф кодтой метройы станцæмæ, цæмæй уым сæхи бааууон кæной æмæ сæ къæхты бын ныссæстой 54 адæймаджы.

Уæдæ исты политикон акцимæ куы хъавай цæуынмæ, уæд фидарæй хъуамæ зонай дæ домæнтæ, цæмæй уым макæй ныхæстæм хъусай æмæ дæ мачи фæрæдийын кæна. Куы йæ фæхатай, адæм знæт кæнынц, уæд дæхи æвæстиатæй бааууон кæн, цæмæй æвыдæй баззайай. Иугæр се ‘хсæн баззадтæ, уæд æнæмæнгæй фæивдзæнис дæ уагахаст æмæ стæй дæхиуыл дæр дис кæндзынæ. Ахæм уавæрты психологтæ сидынц æрмæстдæр уымæ, цæмæй адæмы агресси ма ахиза паникæмæ æмæ уый фæстиуæгæн ма æрцæуа фыдбылыз.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.