85 азы сæххæст уыдаид, нæ удæгас æрдз йæ царды мидис кæмæн уыди, фæстæдæр та йæ зонадон æгъдауæй чи иртæста, уыцы зынгæ ахуыргонд Къæбулты Зауырыл. Уыдонæй 60 азы бæрц схæлар кодта æрдзæн æмæ йын лæггад кодта йæ царды фæстаг бонтæм. Документтæм гæсгæ, æнæуый та зæгъæн ис, æрдзмæ уарзондзинады уидæгтæ йæ зæрдæйы чысылæй фæстæмæ кæй æрбынат кодтой æмæ сыскъуынын нал бакуымдтой. Уый та уымæн афтæ уыд æмæ йæ фыд цæрæнбонты хъæдгæсæй фæкуыста æмæ йæ арæх кодта йемæ æрдзы хъæбысмæ – бабадт-иу бæхыл йæ фæсарц æмæ зылдысты хъæдты, хъахъхъæдтой йæ, аудыдтой йыл. Æмæ сфæнд кодта уый дæр йæ фыды хъуыддаг адарддæр кæнын. Æрмæст хуымæтæджы хъæдгæсæй нæ, фæлæ цæмæй сахуыр кæна æмæ йæ алыварс дунемæ акæса ахуыргонды цæстæнгасæй, зонадон æгъдауæй. Æмæ йын уый бантыст бирæбæрцæй.

Сидзæрæй хъомыл кодта Зауыр йæ хотæ æмæ йе `фсымæртимæ. Фондз азы йыл куы цыд, уæд амардис йæ мад. Ноджы ма йе `взонгад æрхауд хæсты æмæ хæсты фæстæ уæззау дугмæ, фæлæ уæддæр згъордта скъоламæ æмæ астæуккаг ахуырад райста Уанаты скъолайы. Уый фæстæ Цхинвалы районы Мармазеты хъæуккаг лæппу йæ фæндаг скодта Ленинградмæ æмæ уым йæ гæххæттытæ балæвæрдта хъæды техникон академимæ. Æмæ Зауырмæ амонд йæ мидбылты бахудт – ссис ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны студент. Уый уыд 1975 азы.

Æнтысгæйæ йæ бакаст æмæ фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ цыппар азы бæрц бакуыста, уæды областы хъæды хæдзарады хъуыддаджы фæдыл. Йæ куыст уарзта тынг. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй стыр æхцондзинад иста, райгуырæн æрдзмæ æввахс кæй лæууыд, уымæй. Фæлæ æвзонг, æрыгон лæппу уæлдæр ахуыргæнæндоны цы зонындзинæдтæ райста, уыдоны дæр фагыл нæ нымадта, фæндыд æй зайæгойты дунейы сусæгдзинæдтæ арфдæр базонын, рафæлгъауын. Æмæ йæ фæндтæ сæххæст кæныны нысанæн бацыд Н. И. Вавиловы номыл зайæгойкуысты æппæтцæдисон институты аспирантурæмæ. Кæд иу бынатмæ æхсæз адæймаджы уыдис, уæддæр æнтысгæйæ радта фæлварæнтæ æмæ ссис аспирант. Йæ фидæны диссертацийæн цы темæ равзæрста, уый домдта экспедицийы ацæуын, уымæй дæр Таджикистанмæ, змисджын быдыртæм, кæцы баст уыд бирæ зындзинæдтимæ. Зонадон къухдариуæгæй та йын нысан æрцыд, уæлдæр ахуыргæнæндон кæй ном хаста, уыцы стыр ахуыргонд Н. И. Вавиловы раздæры аспиранткæ Наталия Зактрегер.

Зауырæн йæ иртасæн куысты объект уыдис фисташкæйы бæлас. Уый зайы æрдæгзмисджын бынæтты. Фæразон у хус бынæттæн, тæвд климатæн. Йæ хъомысджын уидæгтæ зæххы ацæуынц 20 метры онг æмæ йын уый фадат дæтты уымæлад цъирынæн, цæмæй уæва ахæм тæвд бынæтты. Ахæм уавæрты цæрын Зауырæн æнцон нæ уыд, фæлæ фæрæзта. Рагуалдзæджы уырдæм, Кушкы районы Башхызы тобæгонд бынатмæ æрцæугæйæ, фыццаджы – фыццаг цы банкъардта, уый – иунæгдзинад. Цæрын æй хъуыд карз æрдзон уавæрты – тæссаг змисджын бынаты, дзæгæртæ чи кодта, ахæм хуры бын, кæцыйы тæвд хæццæ кодта 55 градусы онг. Цы зайæгой иртæста, иу ахæм бæласы бын цатыр айтыгъта, йæ алыварс ын хъисджын бæндæнгонд айвæзта, цæмæй йæм хилджытæ ма бырыдаиккой (афтæ йæ бафæдзæхстой бынæттон цæрджытæ) æмæ дзы æрцард. Æрыгон ахуыргонд ахæм уавæрты никуы цард, фæлæ фæстæмæ алæууæн нæ уыдис. Уалдзæгæй суанг фæззæгмæ арвыл иу мигъы гæппæл фенæн нæ уыд. Уый хыгъд-иу сæхгæдта, змисæй тымыгъ-иу куы сыстад, уæд. Æдзух дзы дымдта дымгæ æмæ змис хъардта алы ранмæ дæр, æгæрыстæмæй, бæстон æфснайд-иу кæй бакодта, уыцы кæрдзыны къæбæртæм дæр. Æййæфта доны, хæлцы хъуагдзинад æмæ-иу йæ уавæр фæхуыздæр ацы бынæттæм-иу исчи куы фæзынд, æрмæстдæр, уæд. Уыимæ йæ уыцы тæвды æдзух цæуын хъуыд цырыхъхъыты, хилджытæй тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Тæссаг уавæры  та иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудта.

Ахæм уавæрты цæргæйæ æмæ иртасæн куыст кæнгæйæ, Зауыр йæ экспедицион балцыты цыд æртæ азы дæргъы. Æрвылаз дæр-иу экспедици фæцис, кæй иртæста, уыцы зайæгойы вегетацион рæстæджы фæудимæ.

Зонадон экспедицийы рæстæджы Къæбулты Зауыр сæмбæлд ахæм зындгонд адæймæгтимæ, куыд биолог, телеалæвæрд “Цæрæгойты дуне”- йы уадзæг Н. Н. Дроздов æмæ бирæтомон рауагъд “Цæрæгойты цард””-ы автор, профессор Банниковимæ. Зауырæн æртæ азы дæргьы бантыст тынг бирæ хъæздыг æрмæг æрæмбырд кæнын æмæ 1971 азы æнтысгæйæ бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци ахæм темæйыл: “Полиморфизм фисташки настоящей, особенности ее цветения и плодоношения в Башкызком заповеднике” æмæ ссис биологон зонæдты кандидат. Йæ зонадон къухдариуæггæнæг ын фергом кодта йæ фæндон, цæмæй дарддæр куыстаид ацы темæйыл æмæ бахъахъхъæдтаид докторон диссертаци. Фæлæ хæдзары уавæртæм гæсгæ уый ратагъд кодта йæ райгуырæн бæстæм.

Йæ зонадон архайды Зауырæн стыр æнтыстыл банымайæн ис, фыццаг хатт уый кæй сбæлвырд кодта, фисташкæйы нæл бæласы кæй ис рабæрæггæнæн чысыл талайæ дæр. Зындгонд у, ацы бæлас кæй дих кæны нæлтæ æмæ сылтыл. Чи сæ кæцы у, уый бæлвырд цыд йæ дидинджыты руаджы. Дидинæг та æфтыдта стыр бæласæй. Иу нæл бæлас дзы фаг у къорд бæласы барыгдзыд кæнынæн. Гъе, æмæ чысыл талайæ куы базонай чи дзы цахæм у, уæд уый стыр ахъаз кæны, ацы цымыдисон зайæгойы æндæр бынæтты садзын æмæ парахат кæнынæн.

Зауыр йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта Дзауы районы хъæды хæдзарады. Цыбыр æмгъуыдмæ ссис йæ директор æмæ йын разамынд лæвæрдта 1980 азмæ. Уый фæстæ рахызт банысангонд тобæгонд бынатмæ, кæцыйæн уыдис йæхи кус-джытæ æмæ дзы куыста, цалынмæ рæстæг не схæццæ, уæдмæ.

Дарддæр Къæбулы фырты йæ хъысмæт ахаста Цæгат Ирыстонмæ. Мæздæджы районы цæргæ æмæ кусгæйæ, уый ахуыр кодта ацы бынаты æрдзон-климатон æмæ мæрон уавæртæ, хиæдтæ æмæ фисташкæйы биологи, экологи хорз кæй зыдта, уымæ гæсгæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ацы иттæг зынаргъ зайæгойæн ам дæр ис апарахатгæнæн. Йæ уыцы хатдзæг бафидар кодта хъуыддагæй дæр. Мæздæджы æмæ Кировы районты дзы цы тауинæгтæ байтыдта, уыдон хорз схæцыдысты.

2001 азæй 2003 азмæ Зауыр куыста Цæгат Кавказы Хæххон аграрон университеты хистæр ахуыргæнæгæй. Ссис доцент. Уыцы азты æмæ уый фæстæ дæр Къæбулы фыртæн æнцой нæ лæвæрдта иу хæрзиуæгон хъуыддаг – Хуссар Ирыстоны флорæ æмæ фаунæйы Сырх чиныг саразын. Уыцы нысанæн-иу йæ инициативæйæ ардæм Цæгат Ирыстонæй рæстæгæй-рæстæгмæ æрцыдысты æмбæлон специалисттæ æмæ-иу нæхи специалисттимæ иумæ ир-тæстой нæ республикæйы удæгас æрдзы.

Зауыр бирæ сарæзта, цæмæй Сырх чиныг саразыны тыххæй республикæйы хицауад райстаид уынаффæ. Ахæм уынаффæ райстæуыд 2003 азы августы мæйы. Фæлæ Зауыры хъуыдымæ гæсгæ, æрмæст уынаффæ райсын фаг нæ уыд. Хъуыд финансон фæрæзтæ дæр. Уый развæлгъау раиртæста Цхинвалы районы территори, уый фæстæ лæмбынæг сахуыр кодта Дзауы æмæ иннæ районты территоритæ дæр. Фыццаг уал рабæрæг кодта чи сæфынц, ахæм цæрæгойты æмæ зайæгойты 180 хуызы. Йæхæдæг та мыхуырмæ бацæттæ кодта “Хуссар Ирыстоны къутæртæ æмæ бæлæстæ”, зæгъгæ, ахæм чиныг.

Къæбулты Зауыр куыста нæ университеты биологийы факультеты. Лекцитæ каст хъæдзонынады, хъæд-паркон хæдзарады æмæ зайæгойты физиологийы фæдыл. Куыста ма Хуссар Ирыстоны паддзахадон тобæгонд бынаты директоры хæдивæгæй зонадон куысты фæдыл. Куыд зонæм, афтæмæй уый ис Зонкъаргомы æмæ ахсы 25 мин гектары бæрц. Йæ территорийыл цæуынц Чысыл Леуахи æмæ Медзыдайы цæугæдæттæ, афтæ ма ам ис Европæйы иууыл бæрзонддæр бынаты чи ис, уыцы Хъелы цад. Ацы тобæгонд бынат у Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй сæ иу. Хъæздыг у йæ фаунæ æмæ флорæ. Уыдон сæхимæ здæхтой уæрæсейаг ахуыргæндты. Цæвиттон, уартæ ма 18-æм æнусы дыккаг æмбисы ам экспедицийы уыд Санкт-Петербурджы зонæдты академийы академик И. Л. Гюльденштедт. Цы зайæгойтæ дзы зайы, уыдон зонадон æгъдауæй ахуыр кодтой зындгонд ахуыргæндтæ, цардæмбæлттæ Н. А. Буш æмæ Е.А. Буш. Æмæ сын сæ хъуыддаг адарддæр кодта Къæбулы фырт. Фæстæдæр та мыхуыры рацыд чиныг “Хуссар Ирыстоны паддзахадон тобæгонд бынат”. Йæ автортæ сты Къæбулты Зауыр æмæ Бестауты Анатоли. Чиныджы дзырд цæуы Чысыл Леуахигомы историйыл, цы хъæутæ дзы уыдис æмæ сæ чи цардысты, цы куыст кодтой, уыдæттыл. Афтæ  ма ам чиныгкæсæг базонгæ уыдзæнис тобæгонд бынаты сырæзты историимæ. Фæлæ дзы уæддæр сæйраг бынат ахсынц, ацы бынаты цы зайæгойтæ зайынц æмæ дзы цы хъæддаг сырдтыл сæмбæлæн ис, уыдоны тыххæй зонæнтæ.

Нæ алфæмблай æрдзы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад бахъахъхъæнын, ууыл аудын – уый уыд йæ царды нысан Зауырæн. Лæвæрд ын æрцыд “Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады сгуыхт кусæджы ном. ”

Стыр хъыгагæн, йæ адæмы патриот, æрдзы æнувыд хæлар Къæбулты Зауыр не`хсæн нал ис. Ныгæд æрцыд нæ республикæйы номдзыд хъæбултæй йе ‘нусон бынатмæ чи ацæуы, уыдонæн рахицæнгонд пантеоны.

Зауыры рухс ном нæ ферох уыдзæнис йæ раттæг адæмæй, кад æмæ йын аргъ кæндзысты йæ бакæнгæ куыстытæн.

          БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.