Хорз æмæ фыд æмдзу кæнынц адæймаджы царды. Хорздзинæдтæм куыд фенхъæлмæ кæсæм æмæ ныл куыд æрцæуынц, афтæ ныл, хъыгагæн, æнæнхъæлæджы æрцæуынц алыгъуызон фыдбылызтæ æмæ æнамонддзинæдтæ дæр. Æгас дунейы адæмтæн ахæм æнамонддзинад уыд коронавирусы инфекци, кæцыйы амæттæгтæ баисты милуангай адæймæгтæ. Нæ адæмæй йæ азарæй чи бабын, уыдонæй сæ иу уыд, не ‘мбæстаг, курдиатджын поэт Дыгъуызты Тенгиз дæр.

Дыгъуызты Тенгизы ном хорз зындгонд у ирон журналистикæ æмæ поэзийы. Тенгизы æгъатыр низ не `хсæнæй аскъуыдта, йе сфæлдыстадон хъаруйыл куы уыдис, уæд. Тенгиз йæ куыстуарзондзинад æмæ йæ хæдбындур курдиатæй йæхи раджы базонын æмæ бауарзын кодта адæмæн. Йæ фæллойадон архайд, сæйраджыдæр, баст у мыхуырон дзырдимæ. Уыд газет  “Рæстдзинад”-ы уацхæссæг, информацион хайады хистæр уацхæссæг, фæсивæд æмæ спорты хайады сæрмагонд уацхæссæг, газеты бæрнон нымæрдары хæдивæг. Уый фæстæ уыд телерадиокомпани “Алани”-йы сæрмагонд алæвæрдты редакци “Аивад”-ы редактор. Уыд РЦИ-Аланийы куыст æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæйы къухдариуæггæнæг, Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдисы уæнг, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг. Фысджыты æппæт уæрæсейон æхсæнадон организаци “Уæрæсейы литературон фонд”-ы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы регионалон хайады директор.

Ксуисы астæуккаг скъола бакæсыны фæстæ суинаг поэт, публицист æмæ политикон архайæг йæ бæллицтæ сæххæст кæныны нысанæн ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ æмæ дзы æнтысгæйæ каст фæцис ирон-уырыссаг факультет. Уый фæстæ бакаст журналистикæйы хаххыл курсытæ. Уый стыр ахъаз фæцис курдиатджын поэт æмæ журналисты сфæлдыстад райхæлы-нæн. Фидæны журналист хорз æмбæрста, сфæлдыстадон æнтыстытæн уæвæн кæй нæй æнæ национ зондахастæй, дæ адæмимæ æнгом баст куынæ уай, дæ адæмы культурæйыл æнувыд куынæ уай æмæ сæйраджы сæйраг та куыстуарзаг куынæ уай, уæд.

Фæстаг 20 азы æрцæугæ цаутæм кæсгæйæ, Тенгизы бахъуыд Ирыстоны цы политикон процесстæ цыдысты, уыдоны хайад райсын. Тенгиз кæддæриддæр æнкъардта дуджы комулæфт. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ дзы цы ахсджиаг цаутæ æрцæуы, уыдонæн сæ иувæрсты никуы ахызт æмæ-иу сæ равдисынæн ссардта æндæр æмæ æндæргъуызон мадзæлттæ – публицистон уац уыдаид, аивадон уацмыс æви радио кæнæ телеалæвæрд – пайда сæ кодта æнтыстджынæй. Дзæвгар азты дæргъы, мыхуырон органты кусгæйæ, уый æмбæлд алыгъуызон профессийы адæймæгтимæ æмæ сын сæ хъуыдытимæ, сæ архайдимæ зонгæ кодта газеткæсджыты. Уыцы æрмæджытæн сæ ахсджиагдæрты Тенгиз æрæмбырд кодта æмæ йын рацыд хицæн чиныгæй “Дугивæнтæ”, зæгъгæ. Уадзгæ та йæ ракодта Мæскуыйы рауагъдад “Менеджер”-ы. Цы 50 фылдæр уацтæ æмæ интервьютæ бацыдысты чиныгмæ, уыдон фыст сты æндæр æмæ æндæр азты æмæ æвдисынц, ирон адæмы царды цы цæхгæр ивындзинæдтæ цыдысты, уыдоны йе `мдугонты цард æмæ фæллойадон архайд. Тенгиз кæд бирæ азты дæргъы Цæгат Ирыстоны цард æмæ куыста, уæддæр ам, Хуссар Ирыстоны райгуырд, схъомыл, царды ад ам банкъардта æмæ йæ райгуырæн зæххыл ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй фæстæмæ цы трагикон цаутæ цыдысты, уыдон йе сфæлдыстады бацахстой сæрмагонд бынат.

Дыгъуызты Тенгизы сфæлдыстадон куыст райдыдта хæрзæрыгонæй, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Сфæлдыстадон  уæлтæмæнад уый рахаста йæ мады гуыбынæй. Сæ хъæуы рагон истори, йе ‘рдхæрæны рæсугъддзинад, йæ адæммæ уарзондзинад ын йæ къухмæ радтой фыссæджы сис. Æмæ фыста Тенгиз йе `мхъæуккæгты куыстуарзондзинадыл, сæ рæдаудзинад, сæ кæрæдзимæ уарзондзинадыл æмæ сын уымæй хаста цин æмæ ныфс. Цæгат Ирыстоны университеты ахуыр кæнгæйæ дæр ахуырыл кæд бирæ рæстæг хардз кодта, уæддæр, йæ адджын фынæйы рæстæгæй скъуынгæйæ, йе `взонг уд нывондæн хаста сфæлдыстадон куыстæн. Адæмы æхсæн баззад ахæм хъуыды, зæгъгæ, цы байтауай уый æркæрддзынæ. Æмæ æркарста Тенгиз дæр йæ бакуыстгонд бæркадджын фæллой æмæ сæ рауагъта йæ поэтикон æмбырдгонд “Къонайы хъарм”, зæгъгæ, ахæм номимæ. Уырдæм бахаста йæ иууыл хуыздæр æмдзæвгæтæ Ирыстоны æрдхæрæйнаг æрдзы, ирон адæмы хуыздæр минæвæрттыл, уарзондзинадыл, намыс, æфсарм æмæ лæгдзинадыл фыст уацмыстæ.

Поэты фидарæй уырныдта: кæд абон Иры зæххыл алчи иугъуызон æфсæст нæу царды хæрзиуджытæй, кæд æфхæрд, ссæст баййæфтой йæ раттæг адæм, уæддæр Ирыстонæн кæй скæндзæн хуыздæр дуг æмæ уый тыххæй йе`мдзæвгæ “Ирыстон” -ы фыссы:

Уырны  мæ мæн,  хъæдгæмттæ, дæ хъыгтæ

        Уыдзысты  æвзæр фыдфынау раст.

        Æмæ  рыст, дæ тугæрхæм цæссыгтæ

         Ныссæрфдзысты  хъæбултæ фæлмаст.

        Æмæ  фарн æрцæрдзæнис  зæххыл,

        Сыгъд хъæуты та сæндидздзæнис цард.

        Кæрддзысты  сæрдыгон бон дæ рæгътыл.

Тенгизæн йæ зæрдæйы арфæй  цы хъуыдытæ цыд, уыдоныл цæстуарзонæй дзырдта йе `мдугонтæн, кæм та –  сагъæсгæнгæ. Фидар æмæ æргомæй дзырдта царды нæ æгад цы кодта, уыдæттыл. Дуджы цæлхдуртæ æмæ хæсты фæстиу-джытæ, æнæуынондзинад, хиндзинад, цæстфæлдахæн митæ æцæгæлон уыдысты поэтæн. Хæстæндзарджытæ, цардæгадгæнджытæ уыдысты йæ цæсты сындз. Фæлæ поэт йæ фыссæн сисы цыргъ фындзæй тох кодта сæ  ныхмæ, лæууыд рæстуд адæмы фарс, сæрбæрзондæй, фидарæй, бæрзонд хаста рæстдзинады тырыса. Автор æууæндын кодта чиныгкæсæджы, зæххыл сабыр æмæ æнцой цард кæй æрфысым кæндзысты, кæй æрцæудзæнис ахæм рæстæг, адæм амондджынæй кæм цæрой. Гъе, ахæм уыд йæ удыхъæд Тенгизæн æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ уый схъомыл хуымæтæг зæхкусæг, фæлæ адæмуарзон, ирон æгъдауæн кад кæнын  кæм зыдтой,  ахæм  бинонты ‘хсæн.

Тенгиз хорз арæхстис хæхбæсты, æрдзы, адæмы царды ирд зæрдæскъæфгæ нывтæ бирæвæрсыгæй æвдисынмæ. Уыдон кæсгæйæ, цæстытыл ауайынц рагфыдæлтыккон мæсгуытæ æмæ хæхбæсты ныры царды уаг афæдзы алы афонты. Йе `мдзæвгæ “Хæхбæстæ”,  “Дыгургом”-ы, “Сæрдыгон æхсæв”-ы поэты æнкъараг зæрдæ хорз пайда кæны дзырдбастытæй. Эмоцитæй йемыдзаг сты ахæм дзырдбарæнтæ: æндон базыртæ, гомгæрц сабийау, мыдгъуыздзыкку, схъиуаг-стъæлфæн артæй, уадстонг бирæгъау, аразгæ уарзт æмæ æндæр дзырдтæй дæр.

Æрмæстдæр йæ адæмимæ иумæ æнкъары Тенгиз йæхи амондджынæй. Риссы сæ рисæй, цин кæны сæ циныл. Уырныдта йæ, фыддугæн кæрон кæй æрцæудзæнис, рæстæгмæ кæй у æмæ мæнæ цы загъта:

О, адæм, о, ме `мтуг, мæ иубæстон адæм,

          Уæ удхæрдтæй зæрдæ цæф сырдау хъæрзы,

          Нæ тохы тырыса – йæ рæстдзинад цардæн,

          Мах иугæйттæй былмæ фыдзаман мæрзы.

          Мæ мæгуыр, рыст адæм, мæ иубæстон адæм…

          Уырны мæ – фыддугæн уыдзæнис кæрон…

Йæхи уд кæмæн бавзара ахæм фыдохы мæстытæ æмæ зынтæ, æрмæстдæр уый ныффысдзæн ацы рæнхъытæ. Æмæ сæ бавзæрста Тенгиз дæр. Уыцы хæсты бабын йæ уарзон кæстæр мадызæнæг æмæ уæд Тенгизæн цард алæбырд йæ къæхты бынæй. Йæ царды фæстаг бонмæ дæр дзы нæ ферох йæ уарзон мадызæнæджы рухс сурæт. Тенгизæн уыцы рæстæджы æнцойад нæ уыд. Йæ хъус лæмбынæг дардта йæ адæммæ æмæ се ‘нцой лæууыд. Йæ бон цас уыд, уымæй æххуыс кодта хуссайраг лигъдæттæн. Дысвæлдæхтæй та тох кодта гуырдзиаг лæгмарты ныхмæ, сæ хъуыддæгтæ сын хурмæ калдта.

Тенгизы уацмысты ирдæй  зыны боны рухс, æрдзы хъуызгæ, куы та сырдау  знæт фæзындтæ, адæмы змæлд, сæумæйæ зæрин хуры скаст, хосдзæутты бонрæфты зард уæлрагъæй, хæфсыты зард цадæй. Поэт уый тыххæй зæгъы, зæгъгæ, бон йæ хæстæ фиды. Хорз балхынцъ кодта ам йæ хъуыды Тенгиз, цард – боны диссаджы змæлд, изæрæй та – бонхыгъд алцæмæн. Арæх автор фæархайы æрдзы фæзындты дæр уд бауадзынмæ. Раст, цыма, æгомыг дуры дæр уд бауадзынмæ хъавы, афтæ:

          Зæрин хур фæтулы æмдымбылæй хæхты…

          Цъæх цъити фæдæг дзæбидыр дæйы…

Зынаргъ, æгæрон зынаргъ у поэтæн йæ мадæлон æвзаг æмæ йыл æнæввæрсонтæ чи кæны, афтæ чи хъуыды кæны,  зæгъгæ, æнæ мадæлон æвзагæй дæр ис цæрæн, уыдонæн кæны йæ уайдзæфы хай. Йæ зæрдæйæн  иу карды рæхуыстау уыдис, исчи-иу афтæ куы загъта, зæгъгæ, æз иронау нæ зонын, хъуыды дæр уырыссагау кæнын. Фæлæ уæддæр, йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæйраг ахæмтæ не сты, сæйраг сты раст зондыл хæст адæм, йе `взагыл чи дзуры, сæ мадæлон æвзаг та фыццаг рады чи æвæры, ахæм адæм æмæ уыдоны тыххæй та дзырдта:

Амондджын уый у, тæхуды,

          Йе ‘взаг кæмæ у нымад,

           Чи йыл фæтыхсы йæ удау,

          Чи йыл нывæнды йæ зард.

Ацы ныхæстæ автор зæгъы удрæбынæй, мæт кæны йæ мадæлон æвзагыл, æмæ йын аргъ чи кæны, уыдон хоны амондæй æххæст адæймæгтæ.

Уарзæгой, аудаг зæрдæ  уыдис Дыгъуызты Тенгизæн. Зæрдæбынæй архайдта йæ райгуырæн бæстæйæн, ирон аив дзырдæн балæггад кæныныл. Фæлæ йæ æгъатыр низ, афтæ бирæ кæй уарзта, уыцы адæмы ‘хсæнæй атыдта. Æмæ, кæд абон не`хсæн нал  ис, уæддæр æй рох кæнын нæ бауаддзысты, цы сфæлдыстадон уацмыстæ сфæлдыста, уыдон. Уымæн æмæ Дыгъуызы-фырты уацмысты тæлфы ирон уд, ирондзинад, сæ кæсгæйæ та дæ цæстыты раз сысты  Ирыстон йæ ивгъуыд æмæ абонимæ, хæхтæ æмæ быдыртимæ. Уыдон дзаг сты уæздандзинадæй, адæймаджы уарзондзинадæй. Раст уым ис йе сфæлдыстады аивадон æмæ идейон тых дæр.

           ДЫГЪУЫЗТЫ  Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.