Æвæццæгæн, Ирыстоны ахæм хæдзар нæ баззад, Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ кæй дарæг кæнæ хъæбул, æфсымæр нæ ацыд. Уыцы тугкалæн тохмæ Дзауы районы Дзриайы хъæуы Котолиты бинонтæй ацыдысты цыппар æфсымæрæй æмæ дзы дыууæйæ æнустæм баззадысты тохы быдыры.

Абон мæ дзырды сæр у, æфсымæртæй уонгцухæй йæ фыды уæзæгыл чи сæмбæлд, ууыл – Котолиты Ильяйыл (Инди). Ацы хæрзæгъдау æмæ сабыртæ нæлгоймаджы мæ чысылæй фæстæмæ зыдтон. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Дзауы районы Дзриа, Къодибын, Барс æмæ уырдæм æввахс хъæуты куырой æрмæстдæр уыд Моргойы хъæуы ацы рæнхъыты авторы фыд Джиоты Александрæн. Куыроймæ-иу се ссинæгтæ æрбахастой Илья æмæ йæ цардæмбал, уæздан сылгоймаг Магкоты Дуня дæр. Уæд æз нырма скъоламæ нæ цыдтæн æмæ йæ нæ зыдтон, чи у ацы нæлгоймаг æмæ йын иу къах йедтæмæ цæмæннæ ис, уый. Кæд чысыл уыдтæн, уæддæр æнæрахатгæ нæ фæдæн ацы бинонтæм мæ фыды уæлдай хъармдæр ахаст æмæ-иу мæнæн дæр сæ фенд уæлдай æхсызгон уыд. Дисгæнгæйæ-иу æм кастæн, лæдзгуыты æнцой кæй цыд, уый тыххæй. Уæд æз кæцæй зыдтон, ацы хъæбатыр нæлгоймаг мах æмæ æппæт советон адæмы тыххæй йæ иу къах хæсты быдыры кæй ныууагъта, немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тох кæнгæйæ, цæрæнбонтæм уонгцухæй кæй баззад. Уæдмæ бацыдтæн 1-æм къласмæ Дзриайы хъæуы астазон скъоламæ æмæ ма мæ дисæн кæрон кæм уыд, мæ фыдимæ-иу адджын ныхæстæ чи фæкодта, уыцы нæлгоймаг мæ ахуыргæнæг куы разынд, уæд. Кæд Дзриайы астазон скъолайы æрмæст æртæ азы сахуыр кодтон, уæддæр ацы уæздан адæймаджы, мæ фыццаг ахуыргæнæджы, цæрæнбонтæм мæ зæрдыл бадардтон æмæ мын алыхатт дæр уыд æмæ у кады аккаг адæймаг.

Котолиты Ильяйæн уыд æхсæз æфсымæры, æртæ йын дзы уыдысты мадæй хицæнтæ. Уыдонæй дыууæ – Артем æмæ Иосеб нал æрæздæхтысты   1914 азы Фыццаг дунеон хæстæй. Баззадысты ма Тенгиз, Захар, Илья æмæ Уакка. Фæлæ 1945 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд уыдон дæр иугай фæцыдысты Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Нырма уал ацыдысты Тенгиз æмæ Захар æмæ уый фæстæ, 1942 азы та – Илья. Уый нырма хæрзæвзонг уыд, фæлæ ирон лæг йæ сæрмæ не схаста фæсчъылыдымы бадын. Йæ мад зæрдæхъæрмттæ кодта, ома, дыууæйæ хæсты быдыры сты æмæ уал, зæгъ, ды æрлæу. Знаг уыцы рæстæджы лæбурдта Кавказмæ æмæ уал Илья дæр æрвыст æрцыд Азербайджанмæ.

Æз нырма нæ амардтæн æмæ мæ кæдæм ласут…

1942 азы сæрды мæйты уæззау хæст цыд Цæгат Ирыстоны æмæ Елхоты районмæ æрвыст æрцыд, Котолийы фырт цы æфсæддон хайы хæцыд, уыцы хай дæр. Уым карз тохтæ цыд 100 бон æмæ æхсæвмæ æввахс. Илья æмæ иннæ хæстонтæ хъæбатыр тох кодтой, цæмæй иу къахдзæф дæр фæстæмæ ма алæууыдаиккой. Уый фæстæ та Цæгат Ирыстоны хъæуты сыгъдæг кодтой немыцаг фашисттæй. Фæстæдæр та ныхæццæ Новороссийскы онг. Уым дæр цыдысты карз тохтæ, знаг алырдыгæй лæбурдта. Иу ахæмы Илья æмæ йе ‘мбæлттыл æрхъула кодтой знæгтæ æмæ ырдæм сæ æхсын райдыдтой алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Карз тохы Илья бацахста фæмаруæвæг сармадзанæхсæджы бынат æмæ райдыдта æхсын немыцæгты. Фæлæ иу афоны минæ комкоммæ сæмбæлд Котолийы фырты къахыл æмæ йын æй ахауын кодта. Уый ма ауыдта, йæ къах куыд фæцæйтахт æмæ уый фæстæ бауадзыг. Карз тохы фæстæ тохы быдыры æрæмбырд кодтой, чи фæмард, уыдоны мардбуæрттæ, уыдоны ‘хсæн уыд Илья дæр æмæ сæ аластой моргмæ. Хъуамæ сæ баныгæдтаиккой иумæйаг уæлмæрды. Æмæ мæнæ диссаг: ирон лæг, кæд бирæ туг фесæфта æмæ йæ мард æнхъæлдтой, уæддæр йе муд æрцыд. Хъазæгой нæлгоймаг сæм сдзырдта, зæгъгæ, æз нырма нæ амардтæн æмæ мæ кæдæм ласут. Уайтагъд æй фæхæццæ кодтой госпиталмæ æмæ йын уым цасдæр рæстæджы фæхос кодтой. Уый фæстæ æрæздæхт йæ райгуырæн хъæу Дзриамæ.

Уæдмæ сæ сау гæххæттытæ æрцыдысты йæ дыууæ хистæр æфсымæр Захар æмæ Тенгизæн. Йæ хъæбулты мæлæты тыххæй сæ мад Къозонты Гыгыйæн не схъæр кодтой, фæлæ мады зæрдæ æнкъараг у æмæ сæ куы ницыуал хъуыста, уæд ма йын æй цы базонын хъуыд, йæ дыууæ фырты кæй бабын сты, уый. Йæ хъæбулты фæстæ уый дæр бирæ нал ахаста, бакуырм æмæ афтæмæй амард. Бæргæ хорз фæндтæ уыд æфсымæртæм, фæлæ… Тенгиз райдайгæ поэт уыд, йе мдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты, хъуамæ йын рацыдаиккой хицæн чиныгæй дæр, фæлæ йын нал бантыст сæ рауадзын. Нæ йын баныст бинонтæ æркæнын дæр. Захар та уыд ахуыргæнæг, куыд дзурынц уымæ гæсгæ, уыд кафаг æмæ хъæлдзæг лæппу, йæ кафæн формæ æд хъама бирæ азты дæргъы ауыгъдæй лæууыд сæ хæдзары къулыл, йæхæдæг æй куыд æрцауыгъта, афтæмæй. Уый-иу куыддæр скъолайæ æрбацыд, афтæ-иу араст хъæдмæ фадинаг хъæдтæ ласынмæ, хъуамæ сарæзтаид хицæнæй хæдзар æмæ бинонтæ æркодтаид, фæлæ йын нæ бантыст, йæ уарзон чызг баззад куырдуаты, нал смой кодта, афтæ тынг æнувыд уыдысты кæрæдзийыл. Зæрыбонмæ æрхæндæгæй арвыста йæ царды бонтæ.

Гитлерон фашистты ныхмæ хæцыд сæ кæстæр æфсымæр Уакка дæр. Уый кæд сæрæгасæй æрæздæхт, уæддæр йæ психикæ бахъыгдард æмæ бинонтæ дæр нал æркодта, афтæмæй иунæгæй, адæмæй йæхи хизгæйæ, йæ царды бонтæ арвыста йæ амæлæты бонмæ. Æцæг æм тынг хорз кастысты Ильяйы бинонтæ.

Илья нырма каст фæцис Сталинграды педтехникум æмæ уый фæстæ та – Хуссар Ирыстоны педагогон институт. 30 азæй фылдæр фæкуыста йæ райгуырæн хъæу Дзриайы астазон скъолайы. Уый райдиан кълæсты хорз ахуыргæнæг кæй уыд, ууыл дзурæг у, йæ ахуыргæнинæгтæн бирæтæ зындгонд адæймæгтæ кæй систы, уый дæр. Котолиты Илья æмæ йе ‘мкъай сæ сывæллæтты – дыууæ чызджы æмæ иу лæппуйы схъомыл кодтой иттæг хорз. Кæм уыдис ацы бинонтæй уæздандæр æмæ æгъдауджындæр, тынг кадджынæй фæцардысты хъæубæсты ‘хсæн. Æвæццæгæн, адæймагæн æцæг йæ амонд йæ ныхыл фыст вæййы, æндæра йæ иунæг уæйгуытæконд, зæрдæхæлар фырт Солтан райсомæй йæ куыстмæ дзæбæхæй рацыд, фæлæ æвиппайды йæ зæрдæ бавзæр æмæ амард цæрынхъуагæй, фæриссын кодта йæ хæстæфхæрд фыды æмæ иннæ хиуæтты зæрдæтæ. Солтан йæ фæстæ ныууагъта тынг хорз зæнæг – дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Кæд сæ бабайы æнæниздзинад тынг фæцудыдта йæ фырты фæстæ, уæддæр æй уыдон сæ мад Хæбæлаты Ленæимæ æнæхъусдард нæ уагътой. Ильяйы чызджытæй сæ иу Таня цæры Цхинвалы, у диссаджы хорз адæймаг. Уый дæр фæкодта ахуыргæнæджы куыст. Ильяйæн йæ иннæ чызг Циалæ та цæры Дзауы. Дыууæйæн дæр ис хæрзуаг зæнæг. Æгъдауджын ныййарджытæн сæ зæнæг дæр хорз рацæуынц.

Котолиты Илья Иваны фырт стыр хайбавæрд бахаста куыд Стыр Уæлахизмæ, афтæ Дзриа æмæ æввахс хъæуты рæзгæ фæлтæрты хъомыладмæ дæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран цардæй ахицæн 2016 азы. Йе ‘нусон бынат сси Дзриайы уæлмæрды.

P.S.Абон та нæфашистты ныхмæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй тох кæны Ильяйы хъæбулы хъæбул Сослан.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.