Диссаг у адæймаджы хъысмæт, кæй кæдæм акæндзæн, кæй цæуыл бафтаудзæн, уый развæлгъау зын базонæн вæййы, æрмæстдæр æй фæзоны, уыцы фæндæгтæ чи снывæнды, уый, уый та фæхонынц адæймаджы хъысмæт.

Бæрæг нæ уыд Къудухты Нинæйы хъысмæт дæр, цæмæй йæ зыдта чысыл хæххон чызг, йæ дарддæры царды йæм цы æнхъæлмæ кæсы.  Нинæ Цхинвалы районы Бендеры хъæуы райгуырд мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ ныййарджытæ Алекси æмæ Гусойты Екатеринæ кæд куыстуарзаг уыдысты, уæддæр сын хæххон хъæуы уабæрæг уавæртæ нæ уыд æмæ уый фæстиуæгæн цыбыркъух уыдысты. Нинæ уыд зæнæджы хистæр. Уый æртæ азы онг хъомыл кодта йæ ныййарджытимæ, фæлæ йæ æртæ азы фæстæ йæ хъысмæт Бакомæ ахаста.

Алексийы æфсымæр  Саша раджы ацыд Бакомæ хуыздæр цардагуыр… æмæ йæ ссардта.  Бакойы райдыдта кусын,  æркодта бинойнаг. Бинонтæ  фæрæзджыныл нымад уыдысты, фæлæ сын зæнæг кæй нæ уыд, уый тыххæй сын сæ цард нæ ад кодта. Саша нæ рох кодта йæ фыдæлты зæхх æмæ-иу æрвылаз дæр æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ. Радон хатт куы æрцыд Бендермæ, уæд бахатыд йе ‘фсымæр Алексимæ, цæмæй йын æртæаздзыд Нинæйы радтаид,  зæгъгæ, «дæуæн ис æндæр зæнæг дæр æмæ ма дын ноджыдæр уыдзæн. Нинæйы та æз схъомыл кæндзынæн мæхи номыл, хъуаг æппындæр ницæмæй уыдзæн, мæ ис, мæ бон иууылдæр уый уыдзысты». Екатеринæ бæргæ нæ разы кодта йæ чызджы йæ тиуæн радтыныл, фæлæ йæм хистæртæ бахатыдысты, зæгъгæ, дам, дæ тиу хъæздыг лæг у æмæ дæ чызгæн уыимæ хуыздæр уыдзæн. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ ныййарджытæ сразы сты сæ чызджы Сашайæн радтыныл.

Æцæгæй дæр Нинæ йæ фыдыфсымæрмæ æппындæр ницæмæй уыд хъуаг, хъомыл кодта зæрдæйы фæндиаг уавæрты.  Саша архайдта, цæмæй чысыл Нинæ ма рох кæна йæ ныййарджыты дæр æмæ йæ райгуырæн хъæуы дæр. Фыдыфсымæр-иу æй алы сæрд дæр æркодта Бендермæ йæ ныййарджытæм.

Нинæйæн скъоламæ бацæуын афон куы уыд, уæд æй барвыста уырыссаг скъоламæ. Чызг зæрдæргъæвд уыд, ахуыр кодта хæрзтыл æмæ  скъола каст фæцис æнтыстджынæй. Скъолайы хистæр кълæсты ахуыргæнгæйæ уыд скъолайы фæскомцæдисы организацийы нымæрдар. Скъола каст куы фæцис, уæддæр фæскомцæдисы организацийы нымæр-дарæй куыста.

Уалынмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст – фашистон Герман æрбабырста Советон Цæдисмæ.

 Бакойы фæскомцæдисон организациты нымæрдартæ, уыцы нымæцы Нинæ дæр, æрæмбырд сты æмæ сфæнд кодтой бархионтæй хæстмæ ацæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, чызг не схъæр кодта йæ фæндон йæ хъомылгæнджытæ, фæлæ йæ даргъ дзыккутæ куы алвыдта, йæхи лæппуйы арæзт куы скодта, уæд ма сын æй цы зонын хъуыд, йæ хъомылгæнджытæ йæ ахæм хуызы куы федтой, уæд дурдзавдæй аззадысты. Нинæ сын куы бамбарын кодта йæ фæндон, уæд бæргæ архайдтой йæ фæнд ын аивыныл, фæлæ фæндвидар чызг нæ басаст. Банысангонд бон йе ‘мбæлттимæ æрбацыдысты Бакойы æфсæддон къамисариатмæ æмæ уырдыгæй бархионтæй афæндараст сты Райгуырæн бæстæ фашисттæй бахъахъхъæнынмæ.

Нинæйæн йæ хæстон фæндæгтæ райдыдтой Керчæй. Æвзонг чызг активон хайад иста Керчы æрдæгсакъадахы тохты.  Йæ удыл нæ ауæрдгæйæ, уый дæрæн кодта фашистты.  Уый фæстæ йæ йæ хæстон фæндæгтæ акодтой Европæйы бæстæтыл æмæ тохгæнгæ ныххæццæ Берлины онг дæр, уым æй æрæййæфта Уæлахизы бон. Уырдыгæй ирон чызг бирæ хæстон хорзæхтимæ æрыздæхт Бакомæ æмæ кусын райдыдта æфсæддон организацийы – Фæскавказы æфсæддон зылды уæлдæфон кадрты хайады хистæрæй. Уым фæкуыста, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Уый фæстæ Нинæ Бакойæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæу Бендермæ æмæ æрцард йæ ныййарджыты хæдзары, куы фæзиан, уæд ныгæд æрцыд Къудухты хъæуы уæлмæрды йæ ныййарджыты фарсмæ.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл дзурæг сты йæ бирæнымæц хорзæхтæ, фæлæ, Нинæйы кæстæр хо Еленæ куыд радзырдта, афтæмæй уыдон æвæрд сты горæт Гуры «Хæстон цыт»-ы музейы. Еленæйы бæргæ фæнды, уырдыгæй сæ рахæсса æмæ сæ Хуссар Ирыстоны Хæстон цыты музеймæ радта, фæлæ йын фæсарæйнаг паспорт кæй нæй, уый тыххæй йæ бон Гуырдзыстонмæ ацæуын нæу. Æниу куы ацæуа, уæддæр бæрæг нæу, ратдзысты йын сæ æви – нæ. Бæрæг нæу хорзæхты хъысмæт дæр, чизоны уыдон музейы къуымты «æбæрæг сæфт фæкодтой», кæнæ та сæ кæцыдæр адæймаг йæ мады кæнæ йæ нанайы номыл рацарæзта. Уыдонæн алцы дæр æнтысы.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.