Фæллойы фæндагыл лæуд уыдысты Сталиниры районы Кърозы хъæуы цæрджытæ æмкъæйттæ Тыбылты Самсон æмæ Кæсæбиты Нинæ. Сабыр, æнæхинæй сæ зыдтой хъæубæстæ, алкæимæ дæр хæлар æмæ адджынæй æрвыстой сæ цард. Ноджы сæхи амондджыныл банымадтой, а-дунемæ сын æртæ фырты – Тузар, Мурæт æмæ Сослан, стæй цыппар чызджы – Зоя, Лидæ, Замирæ, Фузæ æмæ Эльзæ куы фæзындысты, уæд. Дыууæ уарзæгой удæн фæдывæр сты сæ хæстæ æмæ счъилдысæй бавнæлдтой сæ хъомыл кæнынмæ, царды раст фæндагыл сæ бауромынмæ. Самсон куыста хъæуы колхозы хынцæгæй, Нинæ та йæ хъус дардта йæ зæнæджы хъомыл кæнынмæ, стæй хæдзары змæлдтытæй дæр цух нæ зад.

 Ноджы ма сæм бирæ рæсугъд хъуыдытæ уыд сæ дарддæры царды, фæлæ сын уыдон фескъуыдысты, 1941 азы нæ Райгуырæн бæстæмæ немыцаг фашизм гадзрахатæй куы æрбабырста, уæд. Самсон дæр хæрзбон загъта йæ бинонтæн, нырма сæ цинæй кæмæн нæма бафсæст, уыцы рæзинаг кæстæртæн æмæ атагъд кодта хæсты цæхæрмæ. Ирон лæппу райдианæй фæстæмæ тынг тæссаг бынатмæ бахауд. Знаг æппæт тыхтæй дæр архайдта размæ бырсыныл æмæ архайдта, цыбыр æмгъуыдмæ нæ зæхх бацахсыныл. Фæлæ нæ сабыруарзаг хæстонтæ дæр æнцон басæттæн нæ уыдысты, кæд сæм фагбæрцæй нæ уыд хæстон техникæ, уæддæр сæ ныфс нæ саст æмæ фыдгулы размæбырстæн лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. Тыбылты сæрæн лæппу дæр фæстæ нæ лæууыд æмæ цæвиттойнаг уыд йæ хæстон æмбæлттæн. Фæлæ хæст хæст у, уый никæй æвзары æмæ йын иу карз тохты знаджы судзгæ нæмыг фескъуыдта йæ цард. Уый уыд 1942 азы 9 сентябры. Йе ‘мкъай æнамонд цау куы фехъуыста, уæд зæрдæдзурæнты фæци, уымæн æмæ аст кæстæры хъомыл кæнын уыцы мæгуыр дуджы æнцон нæ уыд. Ныййарæг мады утæхсæн йæ зæрдæмæ арф айста зæнæджы хистæр Тузар, рæстæгмæ хæрзбон загъта скъолайы ахуыры азтæн æмæ йе ‘ххуысы хай хаста бинонты царды уавæртæ хуыздæр кæнынмæ. Иугæр зæнæг куы рахъомыл сты, уæд сæ алчидæр йæ хайбавæрд хаста хæдзары змæлдтытæм, уыимæ сæ рох нæ уыд сæ ахуыры хъуыддаг дæр æмæ сæ ахуыр, уагахаст æмæ æхсæнадæн сæ лæггад уыд æвидигæ.

Раппæлинаг у, кæстæр хатт йæ фыдæлты царды уавæртæ базонынмæ куы тырна. Уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, Тузары фырттæ Вася æмæ Олег дæр бирæ фыдæбон фæкодтой, цæмæй исты бæрæг ныхас фехъусой сæ дадайы хæстон цаутæй æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта. Ивгъуыд аз дыууæ æфсымæры араст сты Краснодары крайы Горячеключевскийы районы Пятигорскы хъæумæ. Дард уыд сæ фæндаг, фæлæ уыцы зындзинæдтæ мурмæ дæр не ‘рдардтой, хъуыды кодтой, уæдæ нæ фыды фыд Самсонæн æнцон уыд хæсты йæ тохы фæндаг, зæгъгæ. Уым ис æфсымæрон ингæн, хæсты чи фæмард, уыдон цытæн æмæ дзы куы федтой Тыбылты Самсон Михаилы фырты ном æмæ мыггаг, уæд ма сæ цинæн кæрон дæр кæм уыд. Цыма сæ разы сæ хистæр фыдæл удæгасæй лæууы, афтæ æхсызгон сын уыд. Уым ма фыст  уыдысты Джиотæй, Къусратæй æмæ Бесатæй дæр хæстонты нæмттæ. Тыбылты лæппутыл хорз бацин кодтой бынæттон цæрджытæ, дис дæр кодтой, зæгъгæ, ахæм дард фæндагыл куыд æрхæццæ стут. Сæхи рады сыл Вася æмæ Олег дæр баузæлыдысты.

Æцæгдæр, хæсты хъайтартæн сæ нæмттæ рох никуы уыдзысты æмæ сын сæ рухс нæмттæ кæддæриддæр мысдзысты фæлтæртæ.

                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.