Фыдыбæстæйон хæст йæ дæрзæг арм æруагъта къуыдаргомы фæсивæдыл дæр. Нæ баззад ахæм хæдзар, хæсты быдырмæ дыууæ кæнæ фылдæр хæстоны чи нæ арвыста. Уыдонæй сæ иу уыд Мыртгæджыны хъæуккаг Хуыгаты Григолы хæдзар дæр. 

Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстон геноцид куы расидт æмæ ирон адæмыл тугуарæн куы кодта, уый хæдфæстæ,  1922 азы райгуырд Рутен дæр. Рутенæн йæ райгуырæн азæй дæр ирдæй бæлвырд у йæ сабибонты цард. Цума кæнынхъом куы фæцис, уæд райдыдта йæ ныййарджытæн æххуыс кæнын, цыд фыййау, лæууыд йæ фыды æнцой, кæм куыд йæ бон уыд, афтæ. Рутенæн, æвæццæгæн, æрдзæй лæвæрд уыд ахуырдзинадмæ тырнындзинад, кæд хæххон царды зын уавæрты  йæ ныййарджыты æнцой лæууыд, уæддæр ма ардта рæстæг ахуыр кæнынæн дæр. Хорз нысæнттыл каст фæцис Кировы астæуккаг скъола æмæ бацыд Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндонмæ. Æрыгон лæппу нырма царды ад æххæстæй нæ банкъардта, йæ бæллицтæн сæ чысыл хай дæр нæма сæххæст, афтæмæй йын æппæт дæр хъысмæт снывæзта йæхирдыгонау. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Рутеныл уæд цыд 19 азы, нæ йæ кодтой хæстмæ дæр, фæлæ йæхи ныффыссын кодта, дыууæ азы йæ азтæм бафтаугæйæ æмæ 1941 азы сæрды йе ‘мзæххонтимæ араст Райгуырæн бæстæ фыдызнагæй бахъахъхъæнынмæ. Æнхъæлдта, зæгъгæ, цыбыр æмгъуыдмæ нæ бæстæ ссæрибар уыдзæн фашистон Германы æфсæдтæй, æрыздæхдзæн йæ Ирыстонмæ æмæ йæ бæллицтæ сæххæст кæндзæн, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Ирон лæппуйы йæ хæстон фæндæгтæ ахастой дард фæсарæнтæм. Хæст хæст у, ис ын йæхи уагæвæрдтæ. Карз, хæстон архайдтыты рæстæджы Рутен цалдæр хатты фæцис уæззау цæфтæ, фæлæ ирон хæстон никуы фæтарст зындзинæдтæй, никуы равдыста тæппуддзинад æмæ та-иу, госпиталты схос скæныны фæстæ, слæууыд йе ‘мхæстонты æмрæнхъ. Рутенæн йæ хæстон цаутæ сты тынг бирæ æмæ цымыдисон, фæлæ-иу уый, æгæрыстæмæй, йæ хъæбултæн дæр уадиссаг сæ кой никуы кодта, ома ма фенхъæлой, йæхицæй æппæлы, зæгъгæ. Рутен зæххыл æппæты тугкалæндæр хæст рацыд райдайæнæй йæ кæронмæ æмæ 1945 азы майы мæйы, Советон адæм æнæрхъæцæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Стыр уæлахизы боныл сæмбæлд горæт Кёнигсбергы. Фæлæ ууыл нæ фесты йæ хæстон фæндæгтæ.

1945 азы горæт Ялтæйы уагъдæрцæуæг конференцийы Сталин, Рузвельт æмæ Черчилль бафыстой бадзырд, цыран дзырд цыд ССР Цæдис, Германы капитуляцийæ дыууæ-æртæ мæйы фæстæ хайад кæй райсдзæн Японимæ хæсты ахæм бадзырдæй, цæмæй уый фæстæ Сахалины хуссар хай æмæ Курилы сакъадахтæ фæс-тæмæ йæхимæ куыд раздæхой. Уыцы бадзырдмæ гæсгæ 8-æм августы райдыдта ССР Цæдис æмæ Японы ‘хсæн хæст, кæцы нымад æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты кæронбæттæныл. Хуыгайы фырт дæр Сырх æфсæддонтимæ æрвыст æрцыд уыцы хæстмæ. Уым дæр та йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй, нæ аирвæзт æвыдæй знаджы мæлæтхæссæг нæмгуытæй, баййæфта уæззау цæфтæ, фæлæ йæ, æвæццæгæн, Ирыстоны зæдтæ бахъахъхъæдтой фыдбылызæй. Афтæмæй фæтох кодта суанг хæсты фæудмæ. Иуахæмы йæ бахъуыд сæрмагонд хæстон оперци саразын. 1945 азы 10-æм августы развæдсгарджытæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй хъæу Кочжаньмæ æввахс æмбæхст уыд 25 хотыхджын япойнаджы. Уыдон æрцахсынмæ æрвыст æрцыдысты Сырхæфсæддонты иу къорд, сæ сæргъ кæстæр лейтенант Лебедьев, афтæмæй. Уыдонимæ уыд Рутен дæр. Лебедьев Хуыгайы фырты дыууæ хæстонимæ арвыста уыдон тыххæй бæлвырддæр зонæнтæ æрхæссынмæ. Хъæугæрон федтой япойнаг хъахъхъæнæджы æмæ сфæнд кодтой йе ‘рцахсын, амынæты йæ акæнын. Хуыгайы фырт æмæ Федулов бахъуызыдысты æмæ йæ æрцахстой, фæсвæд цы къорд уыд, уыдоны та  фехстой æмæ дзы æхсæ-зы амардтой, иннæтæ фæтарстысты æмæ сæм цы бæхтæ æмæ хъомысджын хæ-цæнгæрзтæ  уыд, уыдон уым ныууагътой æмæ алыгъдысты. Ахст япойнаг хæстоны та Рутен æмæ йе ‘мгæрттæ радтой контрразвæдсгарæн организаци «Смерч»-ы къухдариуæггæнæгмæ. Япойнаг хæстонты къорд Сырх æфсадæн цас тæссагдзинад хаста, уый хынцгæйæ Хуыгайы фырт æмæ йе ‘ртæ æмхæстоны се скуынæг кæныны хæс æнтыстджынæй кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты «Сырх стъалы»-йы майдантæй.

Рутен фронтæй йæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхт 1956 азы сентябры мæйы. Йæ хæстон æнтыстыты тыххæй хорзæхджын æрцыд 13 паддзахадон хорзæх æмæ 11 арфæйы гæххæттæй, йе ‘нæниздзинадыл дæр бандæвтой æхсæз хæстон азы фæдтæ. Фæлæ Рутен æрæвнæлдта, хæсты размæ йæхицæн цы цардвæндаг сныв кодта, уый æххæст  кæнынмæ. Бацыд Часавалы хъæусоветы хынцæгæй уыд Куайсайы фæскомцæдисонты организацийы нымæрдар. Уыцы рæстæджы Мыртгæджыны хъæуы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй куыста æрыгон чызг Битеты Верæ. Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ Верæ æмæ Рутен сæ цард баиу кодтой, фæзынд сын æртæ фырты æмæ иу чызг.  Хæдзары сбирæ сты сылгоймаджы куыстытæ æмæ Верæйæн нал уыд куыстмæ ацæуыны фадат. Уæд Рутен ныууагъта нымæрдары куыст æмæ рацыд Мыртгæджыны скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй, уыцы-иу рæстæджы куыста Къуайсайы астæуккаг скъолайы географийы ахуыргæнæгæй дæр. Куыстуарзаг лæппуйæн нæ уыд æнцой рæстæг, дыууæ раны кусынæй дарддæр Рутен кодта хæххон хъæуы хæдзарадон куыстытæ æмæ æппæт уыдæтты æмрæнхъ уарзта аивад дæр. «Фыста æмдзæвгæтæ, арæх-иу рацыдысты йæ уацтæ дæр уæды газет «Советон Ирыстон»-ы. Тынг рæхстис зарынмæ, ныв кæнынмæ, арæхдæр кодта хъæддаг цæрæгойты, кæнæ æрдзы æндæр нывтæ. Уымæй æвдыста æрдзмæ йæ уарзон ахаст», – зæгъы йæ чызг Хуыгаты Полинæ. Фæстæдæр Рутен, ас лæджы кары бацæугæйæ, бацыд Бикойты Верæ цы фольклорон ансамбль сарæзта, уырдæм.

Рутен рацыд зын æмæ гакъон фæндæгтыл, баййæфта царды æфхæрд, хæст, уæззау куыст, фæлæ йæ царды фæстаг бонтæм уыд хъæлдзæг æмæ хæларзæр-дæ удыхъæды хицау.  Райгуырд 15 декабры  æмæ йæ райгуырæн бон ссис йæ амæлæты бон дæр 2003 азы. Уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ Фæллойы ветеран. Йæ фæстæ цы кæстæртæ ныууагъта, уыдонæй сæ иу Хуыгаты Анатоли у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, йæ иунæг чызг Полинæ та ссис Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæйы кадджын номы аккаг.

Рутены хуызæн хъæбатыр ирон лæппуты нæмттæ сæфт никуы уыдзысты сæ Райгуырæн бæстæ æмæ сæ уарзон ирон адæмæй. 

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.