Цыдæр æрцыд ацы дунейы скондыл… Бæрцæй цалдæр мæйы размæ дæр чи ахъуыды кодтаид, Дыккаг дунеон хæсты фæуд дыккæгæм сентябрæй æртыккæгæм сентябрмæ рахæссын кæй хъæуы, ууыл… Фæлæ, цыдæр кæуыл æрцыд, уыцы дунейы дис кæнын дæр ницæуыл уал хъæуы.

Дыууæ æмæ æртиссæдз бæстæйы хайад кæм истой æмæ æвдай фондз азы кæй фæудæй рацыд, уыцы хæст кæд фæцис, уый ныр базыдтой? Æмæ йæ кæд нырмæ нæ зыдтой, уæд ма йæ кой кæнын дæр цæмæн хъæуы? Цæмæн æй нымадтой ныры онг дыккæгæм сентябры, кæд æртыккæгæм сентябры фæцис, уæд?.. Кæд уал азы рæдыдæй нымад цыд афтæ, уæд та йæ ныхъуыдты уадзын хъуыди, куыд уыд, афтæ, уымæн æмæ уый худинаг у куыд зноны фæлтæрæн, афтæ абоны фæлтæрæн дæр. Уал азы йыл кæд ничи дзырдта, уæд нырæй фæстæмæ дæр ничи скодтаид йæ кой. Уымæй дæр – бирæтæ йæ æмбаргæ дæр куынæ бакодтой, дзырд кæцы хæстыл цæуы, уый. Бирæтæ цы – нæхи афтæхуыйнæг политологтæй сæ иу фæдисы хъæр дæр ныккодта, уый та, дам, куыд, Уæлахизы бон, дам, 9 майы бæсты 3 сентябры нысан кæндзыстæм?.. Афтæмæй политолог у…

Цыдæр æрцыд ацы цардыл… Зæххон адæмæй ма æрвонг зондыл хæст чи у, уыдон кæй не ‘мбарынц, ахæм цыдæр… Уæдæ уый цы у, уый – йæ хæдзары æртæ чъирийæ куыд скувын хъæуы, уый чи нæ зоны, ахæмтæ дæр сæхи «штатон тамадатæ» хонын райдыдтой, Дыккаг дунеон хæст æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст кæрæдзийæ чи нæ хицæн кæны, ахæмтæ та политологтæй агæпп кодтой, эксперттæ æмæ аналитиктæ систы, зонд нын амонынц. Сæ фырæппæтзонагæй уый дæр «зонынц», Путин кæм рæдийы æмæ кæм нæ рæдийы… Тæхуды сæ къона! Куы дын тула, уæд куыднæ хъуамæ уай тæхудиаг… Цыфæнды æнæджелбет ныхас нытъæпп кæнæд – Ирыстоны патриоттæ сын сæхи нывонд кæнынмæ фæвæййынц…

Æниу цы домæм ахæмтæй, уыдонæй бæрзонддæр æмвæзадыл чи ис, уыдоныл дæр цыдæр кæм æрцыд, уыцы рæстæджы?

Адæмты хуыздæрты цард чи байста, милуангай адæймæгтæ æбæрæгæй кæм фесæфтысты, уыцы хæстытæ кæддæр свæййынц политикон хъæзтытæ. Уый та нысан кæны, адæмæн хуыцауы хай кæй нал ис.

Афтæ у ацы хабар дæр, уæдæ цы у? Алы рæдыдæн дæр сраст кæнæн ис, фæлæ дунеон хæст кæй хонæм, уый кæд фæцис, уый кæд ныры онг нæ зыдтам, уæд мах цы адæм стæм?.. Иу хабарыл та бынтондæр ничи бадис кодта: Беслæны æрцæугæ трагеди не знæгтыл дæр макуы æрцæуæд, фæлæ кæд дыккаг дунеон хæст, æцæгæйдæр, дыккæгæм сентябры нæ, фæлæ æртыккæгæм сентябры фæцис, уæд ын æндæр бон нысангæнгæ куыд ис гæнæн?.. Зæгъæм, Беслæны уыцы судзгæ рысты хабар 3 сентябры не рцыд, фæлæ 9 майы, уæд цы, афтæ хъуамæ загътаиккам, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы бон 9 майы нæ уыд?.. Хъыг макæмæ фæкæсæд, фæлæ Беслæны трагедийæн иууыл тынгдæр кæм аргъ кæнынц, уый у Республикæ Хуссар Ирыстон, фæлæ уыцы æнамонды хабар 3 сентябры бæсты 20 сентябры куы æрцыдаид, уæд нæ республикæ расидыны бон æндæр бонмæ ахастаиккам?..

Цардæн аргъ кæнын, æмæ адæймагады фарн афтæхуыйнæг демократийы амæттаг куы баисты,уæдæй фæстæмæ бири чъизидзинад федтам æцы уæлион царды æлгъыст зæххыл, фæлæ ма нырыонг сайыныл уæддæр архайдтой, сæ чъизи æмбæхсыныл, ныр дзы уый дæр нал ис. Ныры онг ма хæсты цæхæры чи басыгъд, ахæмтæй æфсоны æфсæрм уæддæр зыдтам, ныр арт æмæ фæнык нал ис, абон уыцы мысинаг адæмы фæрцы чи цæры, уыдонæн.

Иууыл зындæр уый у, æмæ ацы хабар, ома, дыккаг дунеон хæсты фæуд иу бонæй иннæ бонмæ ахæссын æнæкæрон зæрдæхудт æмæ зæрдæрыст æвзæрын кæны рæстаг зондыл хæст адæммæ. Чи йæ ахаста, уыдонмæ дæр æмæ йæ ахæссыны ныхмæ чи у, уыдонмæ дæр. Зæрдæхудт уымæн, æмæ дзы алчи дæр йæхирдыгонау кæй пайда кæны… Уæдæ уый циу? Йæ баивыны фæнд кæй зондмæ æрцыд, уыдонæн кæд, пайда сын чи у, ахæм политикон хъазт нæу, уæд æй нырыонг цæмæннæ аивтой? Дыккаг фарст: йæ ныхмæ чи у, уыдон дзы цы федтой ахæмæй, цы йæ ныдиссаг кодтой?.. Йæ ахæссын, æндæр бонæй йæ баивын тынг æнæраны ми кæй у, уый кой куы кæниккой, уæддæр ма йын ницы уаид… Фæлæ уыдон та рæгъмæ цы азым хæссынц, уый дæр мæрдтимæ баст у, ноджы судзаггагдæр тæригъæд дзы лæдæрсы…

Дзырд дæр ыл нæй, æрмæст ирон адæмæн нæ, фæлæ ма адæймагдзинад æмæ адæймаджы фарнæн аргъкæнынхъом чи у, æппæт уыцы æндæр æдæмтæй дæр мачи хъуамæ сразы уа 3 сентябры исты бæрæгбон нысан кæныныл. Уымæн æмæ ацы мæнг дунейы Беслæны скъолайы цы æбуалгъы хабар æрцыд, уымæн иу трагеди, иу æнамонддзинадимæ абарæн дæр нæй. Уыцы бон махæн у æрмæстдæр кæуæн бон, мысæн бон, нæхицæй карз дзуапп домыны бон. Фæлæ, бафæрсын аипп ма уæд: афтæ чи дзуры, уыцы бон мах иунæг бæрæгбонон мадзал ауадзыны бар дæр нæ ратдзыстæм, зæгъгæ, уыдон искуы дыккæ-гæм сентябры исты бæрæгбонон мадзал банысан кодтой, искуы йæ кой дæр скодтой, цы у, цы бæрæгбон у, цæуыл дзурæг у?.. Уæдæ ныр бæстæ сæ сæрыл цы систой? Алы дыккæгæм сентябры дæр-иу куыд ницы мадзæлттæ банысан кодтой, афтæ ницы мадзæлттæ нысан кæндзысты æртыккæгæм сентябры дæр… Афтæ нæу? Афтæ у, афтæ æмæ уæлиуон дуне аныхъуырынмæ чи хъавы, уыдонæн сæ хъуыры аирвæзæд, фæлæ дæлион дунейы уæддæр куы ныууадзиккой йæ адыл, мæрдты хырыз стджытæ уæддæр куы нал ныхъуыриккой, науæд…

Чизоны ма, ацы дуне чи сфæлдыста, уыцы Хуыцауæн йæ бон исты у, уæд ныл, мыййаг, уыцы æмхуызонæй куы рахæта растæй, зылынæй…

Ма бакæн, афтæ, Хуыцау! Дæ быны нырма бирæ рæстаг æмæ æнæаххос адæм ис æмæ сæ де уазæг бакæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.