Уæлахизы бон – зæрдæйæн æввахс æмæ зынаргъ бæ-рæгбон. Ацы цины цæссыгтимæ бæрæгбон кæддæриддæр адæймаджы зæрдыл лæууы æхсызгонæй æмæ йын алчи-дæр кæны кад. Уымæн æмæ уый у милуангай адæймæгты тугæй æлхæд бæрæгбон. Ирон адæмæн дæр ацы бон сæ историйы ахсы зынгæ бынат, нæ чысылнымæц адæмы туг дæр æнæвгъауæй ныккалд, бирæ æдзард хъæбултæ ссардтой сæ мæлæт Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады тыххæй.

Фашизмы ныхмæ иумиаг уæззау тохы, сæрбахъуыды рæстæджы Иры фæсивæд сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæхи нæ бааууон кодтой, фæлæ райстой сæ къухмæ хæцæнгарз æмæ мингæйттæй фæцыдысты хæстмæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон лæджы кад дардыл уыд хъуыстгонд. Худинаг сæ сæрмæ кæй никуы хастой, уымæ гæсгæ немыцаг фашисттимæ тохы уыдысты ныфсхаст æмæ хъаруджын, афтæмæй-иу сæхицæн агуырдтой кады мæлæт. Ахæм хъæбатырæй басгуыхтис Цæгат Ирыстоны Эльхоты хъæуы цæрæг Милдзыхты Хаджимырзæ. Уый райгуырдис 1919 азы 1-æм январы. Хæххон лæппу хъару æмæ лæгдзинадæй уыд æххæст. Æрыгон лæппуйæ агуырдта йæ бинонтæн царды хос. Зæхкусæг бинонты уæхсчытыл цард йæ уæз кæй æруагъта, уыцы уавæр хорз æмбæрста коммæгæс лæппу æмæ уæд йæ къухмæ райста фыййауы лæ-дзæг. Куыста сæ хъæуы постхæссæгæй дæр. Хъару æмæ лæгдзинадæй æххæст лæппу бæргæ кодта фæндтæ йæ дарддæры рæсугъд цардæн, фæлæ бирæ нæ ахаста йæ цардбæллон цин. Ныннæрыд тохы хъæр…

ХЪАРУДЖЫН ФЫЙЙАУЫ СГУЫХТДЗИНАД

Фыццаг хатт Хаджимырзæйæн йæ хæстон хъару  æмæ ныфсхастдзинад райхъал 15-аздзыдæй, фыййау уæв-гæйæ, абырджытимæ кæрæдзи æхсын куы систой, уæд. Уыцы рæстæджы фыййæуттæн бар уыдис  семæ хастаиккой цуанонты æхсæнгарз, цæмæй сын уыдаит сæхи æмæ сæ фосы знаг кæнæ хъæддаг сырдæй бахизыны фадат. Эльхотаг æрыгон фыййауыл дæр баууæндыдысты æмæ йæ сифтонг кодтой æхсæнгарзæй.

Иу бон, фыййау куы уыдис, уæд лæппу федта хъæдæй дыууæ бæхджыны куыд рахызтысты, уый. Хаджимырзæ куыд бамбæрста, афтæмæй уыдонæн нæ уыд хæрзгæнджыты хуыз, уый зындис сæ цыдыл дæр. Барджытæ уыдысты Налцыччы банчы сæйраг бухгалтер æмæ йе ‘мкусæг, кæцытæ радавтой, бангы цы бирæ æхца вæрд уыдис, уыдон. Абырджытæ цалдæр бон æмбæхстысты хъæды, ца-лынмæ сæ фыййау нæ федта, уæдмæ. Цæмæй абырджытæ мацæуыл дызæрдыг кодтаиккой æмæ сæ мачи банымыгътаид æмбæлон органтæм, уый тыххæй сфæнд кодтой лæппуйы амарын. Райдыдтой йæ æхсын æмæ ма уый фæцарæхст бæласы фæстæ амбæхсын. Дыууæрдыгæй дæр сытынг сты æхстытæ. Хаджимырзæйæн бантыст сæ иуы фехсын, иннæ та бамбæхст хъæды. Лæппу йæ уацайраджы æркодта хъæумæ æмæ йæ радта хъæуы хицаумæ. Хаджимырзæ йæ ацы сгуыхтдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыдис æхцайы премийæ æмæ йын загътой бузныджы ныхæс-тæ, ахæм стыр хъуыддаг кæй сарæзта, уый тыххæй.

ÆХСАРДЖЫН РАЗВÆДСГАРÆГ

Милдзыхы фыртмæ Сырх Æфсады рæнхъытæм æрсидтысты 1939 азы. Уый фыццаг службæ кодта Дард Скæсæны, горæт Благовещенскы, уый фæстæ та ахаудта Литвамæ Германы арæнмæ хæстæг. 1941 азы Хаджимырзæйы кавалерион æфсæддон хайы Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрæййæфта Литвайы æмæ йæ къухмæ хæцæнгарз райста хæххон лæппу дæр. Хæсты фыццаг бон хъаруджын хæстон судзгæ казармæйæ рахаста æфсæддон тырыса æмæ йæ бахъахъхъæдта. Тырыса, зæгъгæ, хъахъхъæдгонд не ‘рцыдис, уæд æфсæддон хайæн тас уыдис йæ ауадзынæй, æрцыдаит пырхгонд. Уый фидарæй кæй зыдта хæстон лæппу, уымæ гæсгæ йæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, сæххæст кодта йе ‘фсæддон хæс. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй Хаджимырзæ тырысайы раивæрзын кодта немыцæгтимæ карз тохы рæстæджы æмæ йæ æрхæццæ кодта Псковы бынмæ дислокацигонд Сырх æфсадмæ. Ацы сгуыхтдзинады фæстæ йæ райстой 177 хицæн развæдсгарæн ротæмæ.

ИСТОРИЙЫ ЧИ БАЗЗАД, УЫЦЫ ТОХ

1942 азы январы мæйы Новгороды областы Лычковскы районы немыцæгтæм фæсчъылдыммæ æрвыст æрцыдис Советон развæдсгарджыты къорд æмæ сын планмæ гæсгæ цы рæстæг уыдис, уыцы рæстæгмæ куы нæ фæзындысты, уæд сæ фæдыл æрвыст æрцыдис къорд, кæцыйы сконды уыдис æртæ развæдсгарæджы – сержант Милдзыхты Хаджимырзæ, развæдсгарджыты ротæйы командир Ефимов æмæ лейтенант Чернов. Уыдон сæ фæндаг акодтой, немыцæгты къухы цы территори бафтыд, ууылты, фæлæ ныфсхаст хæстонтæ фидарæй лæууыдысты æмæ æххæст кодтой, цы бардзырд сын уыдис, уый. Басгæрсты рæстæджы æртæ хæстоны ссардтой немыцæгты блиндаж. Бахъуызыдысты сæм арæхстгай æмæ сæ райдыдтой æхсын. Хаджимырзæ сæм мидæмæ баппæрста гранатæ æмæ сыл уый фæстæ та суагъта пулемет. Немыцæгтæй ам фæмард  авд адæймаджы, æртæйæн та бантыст алидзын. Контузи чи райста, ахæм немыцаг афицеры та Чернов фæхæццæ кодта се штабмæ, æрфæрсыны тыххæй.

Ефимов æмæ Милдзыхты фырт адарддæр кодтой сæ басгæрсты фæндаг. Уалынмæ уыдон суыдтой немыцæгтæ се ‘мбæлтты размæ фидар бадтæй кæй æрбадтысты æмæ ныр æмбæхстæй кæй цæттæ кодтой сæхи тохмæ, уый. Немыцæгтæм дыууæ развæдсгарæджы уыдысты чъылдымæрдыгæй æмæ сæ нæ уыдтой, уымæ гæсгæ сæм æрбахъуызыдысты тынг æввахс. Хихджын бæлæсты бын миты сæрыл гуыбыныцъарыл хуыссыдысты 13 немыцаджы. Хаджимырзæ сыл хъуамæ суагътаит нæмгуытæ, фæлæ уыцы æмрæстæджы йæ командир æнæнхъæлæджы фæхъæр кодта «Хенде хох!» æмæ йæ уайтагъд амардтой. Ирон хъæ-батыр хæстæн æвиппайды гитлеронтыл баппæрста грана-тæ æмæ ма сæ уый фæстæ иугай нæмгуытæй фехста, цæмæй сæм, зæгъгæ, йæ зæрдæ ма фехсайдтаит удæгасæй. Кæд Милдзыхты фырт ацы ран, тохы быдыры иунæгæй аз-зад, уæддæр æм уыцы хъару æмæ ныфсхастдзинад уыдис, цæмæй дарддæр æххæст кодтаид йæ хæстон хæс. Йæ фæндаг адарддæр кодта йæ къорды агурæг. Куы сæм æрбаиу, уæд рабæрæг развæдсгарджыты къордæн тынг кæй разиан кодта знаг, уый. Къорды алкæцы хæстон дæр уыдис цæфтæ, тынг фæцух сты хæцæнгæрзтæй дæр. Афтæмæй сæ фæстейæ сырдтой немыцаг фашистты æнæхъæн ротæ. Хаджимырзæ ратымбыл кодта йе ‘мбæлттæм ма цы кадавар хæцæнгарз разындис, уыдон æмæ æрбабадт знаджы ныхмæ. Кæм æрымбæхстис, уырдыгæй  самадта, историйы чи баззадис, ахæм тох. Фыццаг æхстæн скуынæг кодта 39 немыцаджы. Йæ патронæтæ кæй фæуд кодтой, уый тыххæй сæ райдыдта æхсын иугай æхстæй. Уæд немыцæгтæ архайдтой, цæмæй йыл æрхъула кодтаиккой, фæлæ Хаджимырзæ фидарæй æрлæууыдис сæ ныхмæ, арæх ивта йæ позицитæ. Развæдсгарæг афтæмæй æрдæг сахаты бæрц урæдта знæгты рбабырст. 250 немыцаджы хæцыдысты иунæг хæстонимæ. Уый фæцис уæззау цæфтæ, фæлæ уæддæр нæ саст æмæ сæ æхста. Дыууæ патронæ ма йæм куыд баззад, афтæ йæм æххуысмæ фæзындысты лейтенант Глуховы автоматон взвод. Æххуыс фæзындис йæ тæк-кæ рæстæгыл. Тохы фæстæ куыд банымадтой, афтæмæй немыцæгтæй фæмард ис 108 салдаты. Уыдоны се ‘ппæты дæр скуынæг кодта иунæгæй хъæбатыр 23-аздзыд ирон хæстон Милдзыхты Хаджимырзæ. Уымæн ацы тохы фæ-цæф сты йæ хъуыр, йæ фарс æмæ йæ къах. Кæд йæхæдæг цæфтæ уыдис, уæддæр бацархайдта, цæмæй йын йæ къорды цæфты æмæ мæрдты рахастаиккой тохы быдырæй. Фæстаг тыхтимæ йæ туг куыд лæдæрстис, афтæ йæхæдæг дæр балæууыд йæ цæф хæстон æмбалы æнцой æмæ йæ рахаста æдас бынатмæ. Уый фæстæ цæф хæстонтæ æр-выст æрцыдысты госпиталмæ. Хъайтар хæстон нырма уал æрвыст æрцыдис горæт Валдайы госпиталмæ, стæй та йын хос кодтой Мæскуыйы госпиталы.

СОВЕТОН ЦÆДИСЫ ХЪАЙТАР

1942 азы 16 марты бафыст æрцыдис СССР-ы Сæйраг Советы Президиумы указ, цæмæй Милдзыхты Хаджимырзæйæн радтой Советон Цæдисы Хъайтары ном. Афтæ 23-аздзыдæй Хаджимырзæ ссис Советон Цæдисы фыццаг  Хъайтар ирæттæй. Ацы стыр æмæ кады хорзæх йæ хицауы ссардта госпиталы. Ирон хъайтары схорзæхджын кодта М. И. Калинин. Хаджимырзæйы ма схорзæхджын кодтой Ленины орден æмæ «Сыгъзæрин Стъалыйы» майданæй дæр.

Милдзыхты Хаджимырзæ йæ службæ адарддæр кодта фæстæдæр НКВД-йы рæнхъыты. Ацы органты кусгæйæ, уый тох кодта бандитизмы ныхмæ. Советон хъайтар фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты, уыдон æмрæнхъ ПТУ-йы директорæй дæр. Йæ царды фæстаг азты цардис горæт Дзæуджыхъæуы. Уый йæ цардæй ахицæн 1998 азы 15 майы æмæ йæ баныгæдтой Кады Аллеяйы.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.