ХИОН – ÆЦÆГÆЛÆТТЫ ‘ХСÆН

Æвæдза, чысылнымæц ирон адæммæ цас разагъта адæм ис, уый диссагæн дзуринаг у. Æрæджы Уæрæсейы æддагон развæдсгæрсты службæ дзыллон æгъдауæй раргом кодта авд развæдсгарæджы-æнæлегалы тыххæй, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой бæстæйы интерестæ бахъахъхъæныны æмæ æдасдзинад сифтонг кæнынмæ. Развæдсгарджыты ‘хсæн уыд не ‘мзæххон, Знауыры райо-ны Пичъиджыны хъæуккаг Лохты Владимир Иосифы фырт дæр. Зынгæ ирон развæдсгарæджы тыххæй нæ газеты фæрстыл мыхуыр æрцыд уац, фæлæ  у дыккаг хатт йæ кой ракæныны аккаг.

Æрæджы Уæрæсейы 2-аг каналы уадзæг Сергей Брилев йæ алæвæрды дзырдта ацы развæдгсгарджыты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, абон цы мыггæгтæ раргом кодтой, уыдоны тыххæй фæсарæйнаг спецслужбæтæ радтаиккой цыфæнды дæр. Фæлæ развæдсгарджыты тыххæй бæрæггæнæнтæ раргом æрцæуынц, рæстæг куы æрцæуы, æрмæстдæр уæд. Бæстæ хъуамæ зона йæ хъайтарты тыххæй. Развæдсгарджытæ сты нацийы цæстытæ æмæ хъустæ. Уыдонæн нæ уыд рæдийыны бар. Уымæ гæсгæ цалдæргай азты ахуыр кодтой æвзæгтæ, цы бæстæтæм сæ æрвыстой, уыдоны æгъдæуттæ. Хиуæттæ æцæгæлæтты ‘хсæн-иу, уыдон систы официалон фæсарæйнæгтæ.

«Лохты Владимир райгуырд ирон хъæуы, фæлæ 10 азы куыста Азийы регионы. Сæ биографитæм гæсгæ гæнæн ис æмæ ма сисой ноджы сæдæгай  «17 мгновений весны»-тæ, -дзырдта Сергей Брилев.

«Вести в субботу» раргом кодта иу егъау сусæгдзинад, кæцы уыд советон æмæ уæрæсейаг æддагон развæдсгæрсты. Æддагон развæдсгæрсты службæ нын бар радта, Владимиры бинонтæм бацæуын. Уый размæ уал уыдыстæм  йæ райгуырæн хъæу Пичъиджыны. Хъæумæ бацæугæйæ ныл амбæлд иу лæг, кæцыйæн йæ ном хуынд Барис. Барис æмæ йæ цардæмбал сты иунæг цæрджытæ  ацы хъæуы.  Уыдон хорз зыдтой сæ хъæуæй ацæугæты. Фенын нын кодтой нæ абоны хъайтар Лохты Владимиры фыд Иосифы уæлмæрд. Нæ абоны хъайтар у советон æнæлегалон развæдсгæрсты легендæ. Йæ фæсномыг уыд булкъон «К». Мах уыдыстæм Мæскуыйы цур Владимиры бинонты хæдзары дæр. Абоны онг дæр уыдоны хæдзары ис япойнаг радиоприемник, кæцыйы фæрцы гæнæн уыд райсæн шифровкæтæ Центрæй. Федтон бинонты альбомы нывтæ, цыран сты æдзæрæг бынæттæ, пальмæтæ æмæ европæйаг горæттæ. Лохты Вадимир æппæт дунейы куыста, цы бæстæйы-иу уыд, уый æмбæстаджы хуызы. Æрмæст Штирлицæн йæ цардæмбалимæ фембæлд куыд уыд, афтæ йын  фембæлд нæ уыд йæ цардæмбалимæ. Уымæн æмæ йын йæ цардæмбал Нонна Толстаяйы йемæ нæ ауагъта уæды карз медицинон къамис. Йæ сывæллæтты йын се ‘мкарæнтæ хуыдтой «безотцовщина». «Мæ фыд куы æрцыд, уæд ын йæ къухыл ныххæцыдтæн æмæ йæ фенын кодтон, зæгъын, мæнæ мæ фыд», – загъта Владимиры чызг. Бинонтæ куыд нымайынц, афтæмæй чызг у мады хуызæн æмæ лæппу Игорь та – фыды хуызæн

Афтæ ма телеканал «Культура»-йы фыццаг хатт равдыстой Владимиры архивон интервью дæр, цыран уый радзырдта, АИШ-ы уникалон сусæгдзинæдтæ уæрæсейаг развæдсгæрст куыд базыдта, уый тыххæй. Фыццаг хатт æвдыст æрцыд документалон фильм «Разведка в лицах. Нелегалы. Мемуары». Фильмы æвдыст æрцыдысты булкъон «К»-имæ кадртæ. Номхуындæй, Лохты Владимир фехъусын кодта Мæскуымæ «стъалыты хæстыты» – «Стратегическая оборонная инициатива США»-йы проекты тыххæй. «Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, куыстам америкæйæгтимæ æппæт уыцы азты æмæ нын иууыл æнцонвадатдæр бынæтты уыд нæхи агентурæ, кæцы нын дæтта ахæм информаци, кæцымæ гæсгæ америкæйаг делегациимæ баныхæсты размæ иу къуырийы, 10 боны размæ мах ныридæгæн зыдтам æппæт инструкци, кæцы иста америкæйаг делегаци Уæрæсеимæ баныхæсты тыххæй.

«Кæд ссарат 1990 азы æддагон развæдсгæрсты фæдыл америкæйаг сенаты къамисы къухдариуæггæнæджы хæдивæджы раныхас, цыран нæ мадзæлттæй сæ иуы ахасты загъта: «Кæд æмæ мах ныртæккæ цы  мадзалы тыххæй  дзурæм, уый сарæзта уырыссаг развæдсгæрст, уæд уыдон мах разæй раджы фесты. Æмæ уый æцæ-гæйдæр уыд уæрæсейаг развæдсгæрст», – дзырдта Лохты Владимир.

ÆЦÆГÆЛОН МАДЫ «ЛÆППУ»

Булкъон «К»-йы иууыл вазыгджындæр оперативондæр хæслæвæрдтæй иу уыд, арабаг бæстæтæй сæ иуы æнæлегалы хуызы кинотеатры хицауæй куы куыста, уæд. Чысыл ма бахъæуа, бæллæхы бахауа. Фæсарæнты Лохы фырт цард ахæм легендæмæ гæсгæ, зæгъгæ, уый уыд бæстæйы хъæутæй сæ иуы цæрæг æмæ кæй номæй пайда кодта, уый та уæд сæрæгас нал уыд. Фæлæ æрцыд рæстæг æмæ Владимиры бахъуыд равдисын, уый  æцæгæй- дæр уыцы лæппу кæй у, уый. Развæдсгарæджы бахъуыд йæ «райгуырæн хъæумæ» ацæуын, цæмæй фембæла уыцы сылгоймагимæ, кæцы легендæмæ гæсгæ уыд йæ мад.  Уый уыд тынг тæссаг къахдзæф. Хъуамæ йæ базыдтаид лæппуйы мад, кæцы уыд саугуырм. Фæлæ Владимир Иосифы фырт афтæ архайдта, æмæ йæ сылгоймаг схуыдта йæ лæппу. Уый сыстад æмæ загъта: «Мæнæ мæ лæппу æрбацæуы», зæгъгæ. Владимир æрхауд йæ «мады» къæхтыл. Сылгоймаг ын бавнæлдта йæ сæрмæ, цæстытæм æмæ загъта: «Ды æрбаздæхтæ, ды мæ лæппу дæ». Сылгоймаг йе ‘цæг фырты рагæй нæ федта. Афтæ ахъазын алкæцы артистæн йæ бон нæ бауыдзæн. Артистæн æнцондæр у. Рахызт сценæмæ, ахъазыд йæ роль æмæ аздæхт гримгæнæн хатæнмæ. Развæдсгарæг та хъуамæ хъаза суткæйы дæргъы 24 сахаты, азы дæргъы 365 боны. Хъуыддаг кæй нæ фæсыкк, уый тынг баххуыс кодта Владимирæн фантастикон хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæн. Цалынмæ Владимиры «мад» цард, уæдмæ йын советон развæдсгарæн службæ æрвыста æхцатæ. Сарæзтой йын йæ хæдзар. Гæнæн ис ацы æххуысы фæрцы сылгоймаг фæцард бирæ азты дæргъы. Лохты Владимир йæхæдæг кæд дæргъвæтин цард нæ фæкодта, уæддæр ын тынг бирæ бантыст саразын», – дзырдта йæ алæвæрды Брилев.

Уæдæ ирон адæм сæрыстыр хъуамæ уой, Лохты Владимиры хуызæн æмбæстаг сын кæй уыд, уымæй. Уымæн йæ ном цæрæнбонтæм хаст æрцыд УФ-йы развæдсгарæн службæйы историмæ. Сергей Брилев æй Штирлицимæ кæй абарста, уый стыр хъуыддаг у. Афтæ телеуадзæг ныффыста чиныг развæдсгарджыты-æнæлегалты тыххæй, цыранмæ хаст æрцыд Лохты Владимир дæр.

ÆЗ НЫРМА ХÆЦЫНМÆ ЦÆТТÆ ДÆН!

Стыр Уæлахизы цытæн Уæрæсейы 1-аг каналы рубрикæ «Они сражались за Родину»-йы фæлгæтты æвдыст цыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ. Уыдон ‘хсæн уыд ирон ветеран Габеты Николай Михаилы фырт дæ, кæцы нын уыд уæлдай æхсызгондæр. Уый райгуырд 1924 азы. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд тагъдыл фæцис Краснодары авиацион-куынæггæнæг ахуыргæнæндон æмæ æрвыст æрцыд фронтмæ. 1943 азы февралы Краснодары сæрыл тохты фæцис уæззау цæф. Фæлæ уæддæр æфсæддон службæйæн радта ноджы цалдæр азы. 30 азы дæргъы та лæууыд автотранспортон куыстуаты сæргъ. Куыстуат йæ къухдариуæгады бын æххæстæй  поселок æмæ районы ифтонг кодта бæлццæттæ æмæ уæзтæ ласынæй, афтæ ма биноныг æрцыд ног метод уæзтæ ласыны тыххæй: тыллæг æфснайыны рæстæджы прицептимæ егъау уæзтæласæн  машинæтæй организаци æрцыд автопоезд. Къухдариуæггæнæджы бынаты кусгæйæ, схъомыл кодта автомобилон транспорты специалистты æмæ шофырты æнæхъæн фæлтæр.

 Габейы фырт йæ хæдзары æрæмбырд кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæдыл æнæхъæн музей. Ростовы областы Матвеев Курганы поселочы Габеты Николайы архайды фæрцы байгом æрцыд Иосиф Сталины цырт. Монумент арæзт æрцыд ветеран-фронтоны хæдзары территорийы. 2018 азы цырт байгом кæныны церемонийы хайад райстой 200 адæймагæй фылдæр, уыцы нымæцы официалон адæймæгтæ, партион æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, æрцæугæ уазджытæ. Мадзалы хайадисджытæй бирæтæн Николайы хæдзар ссис сюрпризы хуызæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æнæхъæн музей дзы кæй сарæзта, уы-мæй, кæцымæ æдзухон бындурыл бацæуынц куыд скъоладзаутæ, афтæ хистæр кары адæм дæр. Мадзалы хайад райстой Цæгат Ирыстонæй ветераны хиуæттæ. Йæ хиуæттæй иу – Сланты Илита куыд загъта, уымæ гæсгæ Николай алыхатт дæр уыд хъæбатыр æмæ раст адæймаг. Æхсызгон нын у йæ фæнд сæххæст кæнын йæ къухты кæй бафтыд, уый. Ныр гæнæн ис цæра сабыр цардæй».  Николайæн йæ бон у æрмæст экскурси саразын нæ, фæлæ ма алкæцы экспонаты тыххæй дæр радзурын. Экспонаттæй бирæтæ – нæмгуытæ, каскæтæ, зæронд къамтæ æмæ æндæртæ  Николаймæ æрбахæссынц поселочы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Музейы сты зынгæ политикты цитатæтæ, Николайы æмзæххонты сгуыхтдзинæдты тыххæй радзырдтæ. Мадзалы официалон хайы фæстæ 91-аздзыд ветеран уазджыты фæхуыдта йæ хæдзармæ ирон уæли-выхтæй ацаходынмæ.

Габеты Николай Михаилы фырт хорзæхджын æрцыд 37 майданæй, Сырх Стъалыйы орденæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ Сырх Тырысайы ордентæй. «Æз сæрыстыр дæн мæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд кæй хæцыдтæн, уымæй. Музейæ саразын хъæуы патриотизмы артдзæст. Адæмæн æмбарын кæнын хъæуы Райгуырæн бæстæ уарзын кæй хъæуы, уый». Ирон лæгæн кад кæнынц йæ раздæры æмкусджытæ, поселочы цæрджытæ æмæ уымæй йæхи нымайы амондджыныл.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.