Немыцаг горæт Баден-Бадены историмæ уырыссæгты хайбавæрдæн зын саргъгæнæн у. 225 азы размæ баденаг принцессæ Луизæ смой кодта уырыссаг паддзахы фыртæй император Александр I-æй. Уæдæй фæстæмæ немыцаг курорты райдыдта «уырыссæгты дуг». Бæрæг куыд у, афтæмæй ардæм æрмæст уазæгуаты нæ цыдысты, фæлæ ма дзы цардысты æмæ сæ уацмыстæ фæлдыстой зынгæ уырыссаг фысджытæ Достоевский æмæ Тургенев, Жуковский æмæТолстой…

Банысан хъæуы уый дæр, æмæ Германы уырыссæгтыл нымадтой уырыссаг æвзагыл дзурджыты се ‘ппæты дæр, æцæгæй цы нацийы хаттæй сты, уымæ нæ кæсгæйæ. Зæгъæм, нæ зынгæ æмзæххон, дирижер Гергиты Валерийы дæр нымайынц уырыссагыл, æниу, кæй зæгъын æй хъæуы, уый уæрæсейаг у, фæлæ ирон у, кæцыйы руаджы фактон æгъдауæй уæвынд кæны зынгæ концертон зал «Festspielhaus». Æмæ Валери Абысалы фырт иунæг нæу, кæцыты руаджы Баден-Бадены бирæтæ зонынц кавказаг ахæм адæмы уæвынады тыххæй. Джон Ноймайеры гамбургаг балеты уæлдай зынгæдæр балетон коллективы кафæг у Реуазты Эдвин. Ацы балетон коллектив æрвылаз дæр гастролты вæййы Баден-Бадены. Ацы аз марты мæйы Виторган клубы бынæттон «филиалы» байгом кæныны церемонийы ралæууыд Цæрыкъаты Феликс. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, футболæй Уæрæсейы æмбырдгонды тренер Черчесты Станиславы ном дæр уым алкæмæн дæр зындгонд у.

Баден-Бадены ма арæх фембæлдтытæ вæййы Германы алы къуымты не ‘мзæххонтæн. Чысыл ирон диаспорæ ныр цалдæр азы дæргъы дохтыр-ортопед, Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы рауагъдон, медицинон зонæдты доктор Сагеты Георгийы инициативæйæ рæстæгæй-рæстæгмæ æртымбыл вæййынц. Ацы диаспорæйы скон-ды ма сты Цæгат Ирыстоны пад-дзахадон медицинон академийы рауагъдон, дохтыр-анестезиолог Джиоты Тимур Франкфурт-на-Майнейы университеты клиникæйæ, горæт Лары МediClin клиникæйы медицинон кусæг Еленæ Гевайлер. Уыдонæй уæлдай ма бизнесмен, адæмон ансамбль «Горец»-ы раздæры солист Кокойты Сослан – Гамбургæй, сто-матолог Козаты Ритæ æмæ уырыссаг æвзагыл уагъдцæуæг журнал «Баденский вестник»-ы сæйраг редактор Реуазты Дианæ.

Банысанкæнинаг у уый, æмæ Козаты Ритæйы хисæрмагонд стоматологон клиникæ, кæцы ис Баден-Бадены тæккæ центры, у  иууыл хъæугæдæр куыд горæты, афтæ Баден Вьютербергы регионы дæр. Ацы клиникæйы æнкъардæуы ирондзинад. Йæ бахизæны къултыл конд сты дзæуджыхъæуккаг нывгæнæг Есенты Æхсары конд нывтæ. Арæх дзы фехъусæн ис ирон ныхас, ацы клиникæмæ бирæ специалисттæ фæцæуы Ирыстонæй сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма куыд Ритæ, афтæ йæ чызг Зæринæ дæр сæрибарæй дзурынц иронау, кæд Зæринæ райгуырд  æмæ схъомыл Германы, уæддæр. Ритæйæн йæ мой Александр Фляйшхауэр у бындурон немыцаг, фæлæ хорз æмбары куыд уырыссагау, афтæ иронау дæр.

Козатæ-Фляйшхауэрты уазæгуарзаг бинонты хæдзары алы аз дæр банысан кæнынц Джеоргуыбайы бæрæгбон ирæттимæ. Æгæрыстæмæй, Германы цæргæйæ дæр уыдон хъахъхъæнынц ирон фынджы æгъдæуттæ, фæкувынц иронау.

Германы ноябры мæйы цыппурсы бæрæгбонтæм сæхи цæттæ кæнын кæй райдайынц, уымæ гæсгæ Козаты-Фляйшхауэрты хæдзары Джеоргуыбайы бæрæгбоны æмрæнхъ сæхи фæцæттæ кæнынц ногазон назбæласмæ. Афтæмæй бынтон хицæн ритуалтæ сиу вæййынц дыууæ бæрæгбоны.

Адæм бахъахъхъæнынц хисæрмагонд идентондзинад, цалынмæ сæ традицитæн фæкад кæнынц, уæдмæ. Æмæ нæ кæ-дæмфæнды ма ахæсса нæ хъысмæт, мах дард æцæгæлон бæстæйы дæр тырнæм нæ уидæгтæ бахъахъхъæнынмæ æмæ кæрæдзи ма ферох кæнынмæ.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.