Дзурынц, зæгъгæ, адæймаг кæм райгуырд, йæ сабибонтæ æмæ æвзонгад кæм арвыста, уыцы райгуырæн къуым никуы ферох кæны. Æмæ дзы кæд фæиппæрд вæййы, уæддæр æй цыдæр тых фæстæмæ йæ фыдæлты уæзæгмæ æлвасдзæн. Алкæцы адæймагæн дæр ис райгуырæн зæхх. Кæмæн уый у хъарм денджыз йæ змисджын былгæрæттимæ, кæмæн – хурджын бæстæ сæндæттимæ, чи та райгуырд хæхбæсты къæдзæхджын бынæтты, ихджын суадæттæ æмæ цъæх нæууытимæ.

Райгуырæн æрдз у, цыдæриддæр нæ алфæмблай  уæвы, нæ чысылæй фæс-тæмæ цы уынæм æмæ нын цы рухс кæндзæн нæ зæрдæ, алы хатт дæр уырдæм æрыздæхгæйæ.

Адæймаг гæнæн ис æмæ æрзила æнæхъæн дунейыл, алы ран дæр æхцондзинад иса æрдзы рæсугъддзинадæй, дис кæна йæ алыгъуызон экзотикон цæрæгойтыл, зайæгойтыл, æрцахуыр уа æндæр æмæ æндæр адæмты æгъдæуттæ æмæ  цардуагыл. Кæнæ баззайа цæргæйæ дард бæстæйы. Фæлæ йæ зæрдæйы, йæ арф хъуыдыты бахъахъхъæны уарзондзинад йæ райгуырæн къуыммæ, йæ рæсугъд æрдзмæ, уыцы уарзондзинад ын никуы ахуыссы – нæдæр иу азы фæстæ, нæдæр – дæс азы фæстæ, нæдæр – æппæт йæ царды дæргъы. Уыцы уарзондзинад адæймагæн лæваргонд у æрдзæй æмæ адæймагæн фидардзинад æмæ тых дæтты. Цыфæнды уавæрты рæстæджы дæр æй райгуырæн къуым райсдзæн, йæхи йыл никуы атигъ кæндзæн.

Махæн нæ райгуырæн къуым тынг хицæн кæны æндæр бæстæтæй йæ алæмæттаджы æрдзæй. Уымæн ницæимæ абарæн ис. Нæ бæрзонд хæх-тæ, нæ къæдзæхтæ, нæ хъæдтæ, нæ быдыртæ, ихджын суадæттæ нæ сæхимæ æлвасынц. Нæ цæст сæ рæсугъддзинадæй улæфы, æхцон у адæймаджы зæрдæйæн сæ уынд.

Алкæцы адæймаджы хæс дæр у, цæмæй аудгæ ахаст дара, кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыцы райгуырæн къуыммæ, хъахъхъæна йæ цæстыгагуыйау æмæ йын фылдæр кæна йæ хъæздыгдзинæдтæ. Бахъуыды кæнын хъæуы уый, æмæ нæ æрдзмæ аудын нысан кæны фыццаджыдæр нæхиуыл аудын, уымæн æмæ мах стæм ацы æрдзæн йæ æнæфæхицæнгæнгæ хай. Нæ хъæдтæ, дидинæгджын уыгæрдæнтæ, æндонриу къæдзæхтæ, хæл-хæлгæнаг суадæттæ нын чысылæй фæстæмæ рæвдауынц нæ цæст. Нæ фынты дæр фæуынæм, чысылæй кæм  хъазыдыстæм, æрвыстам нæ рæстæг, кæм тезгъо кодтам, уыцы бынæттæ. Алы дур, алы къутæр дæр адæймагæн зынаргъ æмæ адджын у. Мах хæсджын стæм, цæмæй кæдфæндыдæр аудгæ ахаст дарæм нæ æрдзмæ, нæ райгуырæн къуыммæ, сыгъдæг æй дарæм, хъахъхъæнæм æй, уымæн æмæ рай-гуырдыстæм, схъомыл стæм æмæ цæрдзыстæм ацы æрдзы хъæбысы.

Джиоты Фатимæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.