Фыдыбæстæйы сæрибардзинады тыххæй бирæ ирон туг ныккалд. Нырма дæр нæ  хъæдгæмттæ нæ  байгас сты нæ адæмы цæссыгтæ, нæма басур сты.

1941 аз. Ацы аз нæ историйы баззад сау фыстæй. Райдыдта Фыдыбæстæйы стыр хæст.

Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг йæхи иууыл арæхстджындæр æмæ æхсарджындæр разамонæгæй чи равдыста, уыдонæй сæ иу уыд ирон инæлар, Советон Цæдисы 2 хатты хъайтар Монголты Адæмон Республикæйы хъайтар, Чехословакийы горæттæ Брно æмæ Братиславæйы кадджын гражданин Плиты Алыксандры фырт Иссæ.

Райгуырд 1903 азы Бæтæхъойы хъæуы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Иссæ уыд цоты хистæр, æмæ уымæ гæсгæ раджы банкъардта царды уæз. Бирæ куыст æм хауд хæдзары. Лæппумæ   бæхыл бадынæй хуыздæр ницы каст.1918 азы фæци Дзæуджыхъæуы реалон училищæ. 1922 азы комиссар Николаевы æххуысæй бацыд Дзæуджыхъæуы хицæн сæрмагонд Кавказаг æфсады къордмæ. 1936 азы æрвыст æрцыд службæмæ Монголмæ.

 1941 – 1945 азты цы бирæ хæстон операциты архайдта, уым равдыста æхсар æмæ стыр лæгдзинад. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. Хæсты фæстæ æрвыст æрцыд Дард Хурыскæсæнмæ. Ам дæр та равдыста йæ арæхстдзинад япойнаг æфсæдты ныхмæ. Дыккаг хатт ын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. 1962 азы та йын лæвæрд æрцыд Æфсады Инæлары ном. Иссæ уарзта Уæрæсейы, уæлдайдæр та – Ирыстоны.

Æвæдза, цæй диссаджы лæгдзинад равдыста Иссæ хæсты рæстæджы. Ирыстоны кад бæрзонд чи систа,  суанг фæсарæнты дæр кæй хъæбатырдзинадæй сты сæрыстыр.

Куыд Францæн Наполеон, Уæрæсейæн Суворов, афтæ ирон адæмæн та сæ номдзыддæр æфсæддон фæтæг у Плиты Иссæ. Æрмæстдæр Плиты Иссæйы бон бацис, 1945-æм азы тæссаг уавæры   япойнаг æфсады командагæнæгмæ ныхæй-ныхмæ бацæуын.

Иссæ амард 1979 азы. Ныгæд у Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы. Иссæйы ном хъуыстгонд у куыд Ирыстоны, афтæ Кавказы иннæ адæмты хсæн дæр. Ныффыста 9 чиныджы. Уыдон æххуыс сты хæстон традицитыл хъомыл кæныны хъуыддаджы. Иссæйы хъæбатырдзинад никуы уыдзæн рох ирон адæмæй.

Хъуысы абон дæр йæ кады зарæг Иры хæхтæй. Адæмы уарзон  фыртыл кæй снывæстæуыд.

Плиты Иссæйæн йæ хъæбатырдзинады тыххæй бирæ хæрзиуджытæ  æрцыд лæвæрд. Се ‘хсæн Ленины 6 ордены, Сырх Тырысайы 3 ордены, Суворовы 1-аг къæпхæны 2 ордены, Кутузовы 1-аг къæпхæны орден. Уыдис ма йæм бирæ майдантæ æмæ фæсарæйнаг ордентæ. Ирыстон кæддæриддæр сæрыстыр уыдзæн ахæм кадджын æфсæддон  фæтæгæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.