Æрæввахс кæны æгъатыр æмæ карз знагыл советон адæмы Уæлахизы бон. Рацыд 75 даргъ азы нæ раздæры стыр паддзахады адæм сæ тыхтæ, фæндондзинад æмæ æууæнкдзинад æрбамбырд кæнгæйæ, знæт æмæ тыхджын знагыл куы фæуæлахиз сты, уыцы бонæй. Æрдз йæхæдæг дæр цин кодта сæндидзыдгонд рæстдзинадыл. Цин кодтой адæм. Цин кодтой æмæ куыдтой…, куыдтой сæ Райгуырæн бæстæйы амонд æмæ сæрыстырдзинады тыххæй, кæцы райгуырын æмæ схъомыл кодта ахæм уæндон æмæ хъæбатыр адæмы.

Хуссар Ирыстоны адæм дæр  Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æндæр адæмтимæ иумæ цытджын æгъдауæй нысан кæндзысты 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты гитлерон Герман æмæ йе ‘мцæдисонтыл Советон адæмы Уæлахизы 75 азы бон. Æнæрцæугæ масштабтæ æмæ æндыгъддзинадмæ гæсгæ хæсты, кæцы аххæссыд 1418 бон æмæ æхсæвы, Советон Цæдисы бирæнационалон адæм æмæ йæ Гарзджын тыхтæ бахъахъхъæдтой Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, афтæ ма фашистон цагъайрадæй ссæрибар кодтой Европæйы бирæ бæстæты.

Ацы æгъатыр хæсты Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад къухты бафтын кæнынмæ йæ хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстон дæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы, куыд æппæт советон республикæтæ, афтæ уыд хæсты уавæры. Автономон областы уайтагъд райдыдтой æфсæддон-мобилизацион мадзæлттæ – æрмæст 1941 азы июны æфсæддон хæйттæм æрвыст æрцыдысты 2000 адæймагæй фылдæр, организаци æрцыдысты æрсидтонтæ æмæ фæсивæды ахуырдзаутæн цæттæдзинады фæдыл курсытæ, арæзт æрцыд авиацион клуб ДОСААФ æмæ æндæртæ.

1941 азы июнæй 1943 азы октябрмæ Хуссар Ирыстонæй фронтмæ æрвыст æрцыд 23 мин адæймаджы бæрц. Хъахъхъæнынады паддзахадон комитеты бардзырдмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл знаджы десант æмæ диверсантты ныхмæ тохы, афтæ ма ахсджиаг паддзахадон объекттæ хъахъхъæныны тыххæй арæзт æрцыдысты куынæггæнæг батальон-тæ, алкæцыйы дæр – 100-150 адæймаджы скондæй. Горæт Сталиниры 2-æм æмæ 4-æм астæуккаг скъолаты бæстыхæйтты равæрд æрцыд 3692-æм эвакуацион госпиталь, цыран, сæйраджыдæр, медицинон персоналы, дохтырты æмæ меди-цинон хоты хуызы службæ кодтой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ æмæ специалисттæ. Ацы эвагоспиталы сæхицæн хос кодтой Цæгат Кавказы, Сталинграды цур, Курск æмæ, æгæрыстæмæй, Ленинграды цур фронтты хæстонтæ æмæ коман-диртæ, æдæппæтæй – 1500 адæймагæй фылдæр.

1941 азы ноябрæй 1942 азы де-кабрмæ Хуссар Ирыстоны мобилизаци æрцыдысты 19 азæй 30 азы онг кары 165 сылгоймаджы медицинон уагдæтты æмæ бынæттон уæлдæфон хъахъхъæнынады ныхмæ службæ кæныны тыххæй. Уыдоны ‘хсæн уыдысты Цыбырты Зинаидæ, Нарыкъаты Любовь, Коцты Верæ, Æлборты Тамарæ, Хетæгкаты Юля, Бесаты Бабуля, Магкоты Соня, Æлборты Евгения æмæ æндæртæ. Ацы сылгоймæгты гвардийæ абон республикæйы ветеранты змæлды æмæ æхсæнадон царды хайад исынц æрмæстдæр æртæ адæймаджы, архайынц сæ хъæбулы хъæбулты æмæ уыдоны хъæбулты хъомыл кæныныл, иннæтæ аивгъуыдтой цардæй æмгъуыдæй раздæр.

Хъахъхъæнынадон арæнтæ арæзт æрцыдысты автономон об-ласты цæгат-ныгуылæн хайы, кæцы хынцыд æрцыд Дзæуджыхъæу-Алагир æмæ Советон Гуырдзыстоны горæт Оны ‘рдыгæй æрбацæуæнтæ æмæ хохæфцæгты хъахъхъæныны тыххæй. Сæйраг Кавказы хохрагъы æфцæгыл арæзт æрцыдысты 6 æхсты фадыджы, кæцыйæн йæ дæргъ уыд 30 км  æмæ йæ арф та – 15 километры. Цæгат Кавказ, Бело-руси, Хъырым, Украинæ, Сталинграды цур, Смоленск, Керчь æмæ æндæр горæтты территориты арæнгæрон тохты æмæ уый фæстæ хъахъхъæнынадон операциты Советон Цæдисы бирæ нациты хæстонтимæ фæрсæй фæрстæм хъайтарон тох кодтой чысыл Хуссар Ирыстонæй сæдæгай æмæ мингай хæстонтæ æмæ командиртæ. 11 мин 657 адæймаджы нымæцы, кæцытæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ, 62 наци æмæ адæмы хаттыты ‘хсæн 35 хъайтары уыдысты ирон адæмы минæвæрт-тæ, кæцытæй 8 уыдысты Хуссар Ирыстонæй. Ноджы ма 38 адæймаджы бавдыст æрцыдысты Хъайтары ном райсынмæ, фæлæ иу кæнæ иннæ аххосæгтæм гæсгæ Сыгъзæрин Стъалыйы майдантæ нæ райстой. Автономон областы алкæцы цыппæрæм цæрæг дæр уыд Райгуырæн бæстæ – Советон Цæдисы кад, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл ацы стыр тохы хайадисæг.

Ацы хъæбатыр салдаттæн се ‘мбисæй фылдæр нал æрыздæхтысты сæ Райгуырæн зæхмæ, сæ фыды хæдзармæ, сæ хъæумæ, сæ горæтмæ – уыдонæн хъысмæтæй тæрхон уыд сæ сывæллæтты, сæ хъæбулы хъæбулты, сæ хиуæтты хорз фидæны, фашизмыл фæуæлахизы сæраппонд хи цард рауæлдай кæнын. Æцæг, уыдонæй бирæтæ нæ бавзæрстой хъæбулы уарзт, бирæтæ дзы бавзæрстой æрмæстдæр фыццаг уарзты æнкъарæнтæ, бæргæ арæзтой сæ фидæны царды фæдыл плæнттæ, фæлæ… Рæстæг цыд. Здæхтысты салдаттæ-уæлахиздзаутæ, здæхтысты афтид быдырмæ, сыгъд зæхмæ, æххормаг æмæ уазал Райгуырæн бæстæмæ. Здæхтысты, чи æнæ къахæй, хъæдæй арæзт протезтыл кæнæ лæдзгуыты æнцой, чи та дыуууæ къахæй дæр къуылых кæнгæйæ, здæхтысты, чи – скъуыд къухимæ, чи та – иу цæстимæ… здæхтысты, цæмæй аразой цард, цæмæй аразой хæдзæрттæ, скæной бинонтæ, æмæ иууыл сæйрагдæр та, цæмæй аразой фидæны цард. Уыдон нæ зыдтой æнцойад, куыстой сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм колхозы быдырты, фермæты, заводты æмæ фабрикты, куыстой, цæмæй бакусой дзулы къæбæр сæ сывæллæттæн, фæлмæцыд мæдтæн æмæ сыхæгты сидзæртæн. Фæлæ уыдонæн сæ ныфс нæ састис, сæхи нымадтой амондджынтыл, уымæн æмæ уыдонæн сæ бон ссис сæ райгуырæн бæстæ, сæ фыды зæххыл атыхсын. Уыдон, сæ сæртæ бæрзонд сисгæйæ, цыдысты парадтæ æмæ демонстрацитæм, æмбырдтæ æмæ митингты сæрыстырæй дзырдтой сæ хæстон фæндæгты, сæ паддзахадон хорзæхты тыххæй. Фæлæ фылдæр дзырдтой æмæ хъуыды кодтой фидæны плæнтты, мах æмæ нæ сывæллæтты фидæны тыххæй.

Бузныг уый тыххæй, салдаттæ-уæлахиздзаутæн!

Уыдонæй абон алкæуыл дæр цæуы 90 азæй фылдæр. Бирæтæ сæ хорз хъуыды кæнынц гуырдзиаг меньшевикты фыццаг геноциды фæстиуджытæ, коллективизацийы æххормаг æмæ уазал рæстæджыты, колхозон æмæ ГОЭРЛО-йы арæзтады тыххæй. Уыдон нæ цыдысты сабидæттæм, нæ федтой сабийы хъазæнтæ, нæ базыдтой сæ сабибонты ад. Скъоламæ цыдысты бæгъæввад къахæй кæнæ бызгъуыртæ дарæсы. Хæсты фæстæ бирæ азты дæргъы цыдысты салдаты цинелты æмæ æфсæддон гимнастеркæты. Уыцы пысулты цыдысты уазæгуаты, уыцы пысулты сæхицæн цардæмбæлттæ кодтой. Абон æп-пæт уыдæттæ æрхъуыды кæнынц цæссыгтимæ, фæлæ хорз зæрдæйы уаг æмæ мидбылхудтимæ. Мидбылхудтимæ уымæн, æмæ сæхæдæг сæхицæй сæрыстыр сты, уыйас зындзинæдтæ федтой, бабыхстой, бавзæрстой æмæ фæуæлахиз сты. Кад – салдат-фронтовикæн, салдат-уæлахиздзауæн!

Уый фылдæры аккаг у. Фæлæ йæ ницы хъæуы, уый ницы домы. Уый мах хъæуы ахуыр кæнын æмæ уый хуызæн уæвын, уымæй цæвиттон исын хъæуы, ахæм куыстуарзаг, раст, хъæбатыр æмæ фæразон уæвын, хи адæмы, Райгуырæн бæстæйы уый хуызæн уарзын, куыд уый, афтæ хистæр фæлтæрæн кад кæнын. Раст нын уый нæ фаг кæны абон.

Салдаттæ-уæлахиздзаутæ алы хатт дæр æмæ алы ран дæр уы-дысты нæ интеллигенцийы авангарды. Уыдон активон хайад истой советон æмæ партион куысты, æвзæрст цыдысты алыгъуызон æмвæзадты депутаттæй, уыдысты бирæ хорз хъуыддæгты организатортæ æмæ автортæ. Æмæ абон дæр нæ ветерантæ стыр бæрндзинады ахаст дарынц цыфæнды бахæсгонд хъуыддагмæ, цыфæнды хæстæ дæр æххæст кæнынц цæсгомджынæй, уымæн æмæ æппæт уыдæттæ æвæрд сты сæ туджы, сæ генты. Уый уæлдай тынгдæр разыны, фембæлдтытæ сын куы вæййы, уæд, рæзгæ фæлтæры, ахуырдзау фæсивæды ‘хсæн æфсæддон-патриотон хъомылады фæдыл мадзæлттæ ахæм девизы бын: «Æхсардзинады урок», «Нæ зæрдыл дарæм, уарзæм, æнхъæлмæ кæсæм», «Мæ нана-фронтон», «Уæлахизы циндзинад», «Æхсардзинад, ныфс, кад», «Уадз, алы хатт дæр уæд хур» æмæ æндæр мадзæлттæ уадзыны рæстæджы.

Ацы мадзæлтты иууыл активондæр хайад исынц нæ ветерантæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ Къусраты Илья, Тедеты Никъала, Джергаты Васили, Цоциты Амиран, Цхуырбаты Иван, Уалыты Лидия æмæ æндæртæ.

Рæстæг сæмвæз кодта акъоппыты, раздæры тохы быдырты мæнæу æфсир æфтауы, ногæй арæзт æрцыдысты, фашисттæ цы горæттæ æмæ хъæутæ ныппырх кодтой, уыдон. Хæсты фæдтæ зæххы уæлцъарæй сæфынц, фæлæ адæмы мысынады баззад цæрæнбонтæм. Адæймагад никуы ферох кæндзæн Советон Цæдисы адæмты сгуыхтдзинад.

Хæст ацыд ивгъуыдмæ… фæлæ адæм никуы ферох кæндзысты, гитлерон тыхæйисджыты чи ныддæрæн кодта, уыцы адæмы æнæ-мæлгæ сгуыхтдзинады тыххæй. Адæм алы хатт дæр сæ зæрдыл дар-дзысты уыцы тыхархайдтыты, амæттæгты тыххæй, кæцыты аргъæй къухты бафтыд Стыр Уæлахиз. Кад æмæ цыт Уæлахиздзаутæн! Сæ рухс ном рох макуы уæд, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдонæн! Нæ сæртæй ныллæг кувæм æппæт фронтонтæн, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн.

РХИ-йы Ветеранты советы

сæрдары хæдивæг   

УАЛЫТЫ Гайоз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.