1945 азы 9 майы Стыр Уæлахизы бон æнустæм бацыд адæймагады историмæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ иууыл тынгдæр зонынц ацы бонæн йæ аргъ. Уæлахизы салдаттæ канд бæстæйы хъысмæт не скъуыддзаг кодтой, фæлæ ма æппæт адæймагады фервæзын кодтой фашистон емынæйæ. Фашистон Германы æнæнхъæлæджы æрбабырстыл стыр рис æмæ æнæуынондзинадимæ сæмбæлдысты Советон Цæдисы адæм æмæ стырæй, чысылæй растадысты сæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Уæззау фæлварæнты азты Уæлахизы салдаттæ кадимæ æххæст кодтой сæ хæс Фыдыбæстæйы раз, сæ нæмттæ сæнусон кæнгæйæ.

Хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ Ирыстоны мингай лæппутæ дæр цыдысты фронтмæ, райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Уыдон уæд нæ хъуыды кодтой се ‘взонг цардыл, фæлæ сæйрагыл нымадтой фашистты ныддæрæн кæнын æмæ Райгуырæн бæстæ гитлеронты дзæмбытæй раскъуынын. Уыдон знаджы дæрæн кодтой зæххыл, уæлдæфы æмæ денджызты, афтæмæй мæлæтдзаг тох кодтой æндæр æмæ æндæр фронтты. Тох кодтой Мæскуыйы цур, хъахъхъæдтой Севастополь, Сталинград, Курскы æмæ æндæр горæтты. Сæрибар кодтой Европæйы бæстæтæ æмæ штурмæй истой знаджы ахстон Берлин. Уыдонæн се ‘мбисæй фылдæр нал æрыздæхтысты тохы быдырæй, фæлæ сын абон сæ рухс нæмтты мысæм стыр цытимæ.

Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ Сырх Æфсады рæнхъыты уæвгæйæ, равдыстой сæхи æцæг патриоттæй. Сæрæгасæй ма дзы чи ссардтой сæ хæдзæрттæ, уыдон та уыдысты цæфтæ, уонгцухтæ æмæ хæстæфхæрд. Афтæмæй историйы диссагæн чи баззад, уыцы тугкалæн хæсты фæстæ, маст ныхъуыргæйæ, æрæвнæлдтой сæ дарддæры цард аразынмæ, кæцы уæззауæй æфтыд къухты…

Стыр Уæлахизы 75 азы бæрæгбоны размæ мах фæнды газеткæсджыты базонгæ кæнын æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кæнын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, не ‘мзæххон Хъуылымбегты Петр Федыры фырты цард æмæ хæстон фæндæгты тыххæй. Хъуылымбегты Петр райгуырдис 1920 азы Знауыры районы Дидмухайы хъæуы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Уый Аунеуы астæуккаг скъола каст  фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Сталиниры педагогон техникуммæ. Кæд ма æрыгон лæппумæ дарддæр искуы сахуыр кæныны хъуыдытæ уыдис, уæд ын сæ цард та бынтон æндæрæрдæм ныззылдта. 1940 азы Хъуылымбеджы фыртмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм æмæ йæ службæ кæнынмæ арвыстой Киевы сæрмагонд æфсæддон округмæ. Ардыгæй та æрвыст æрцыдис Сталинграды авиацион ахуыргæнæндонмæ, фронтмæ. Сталинградæй не ‘мзæххон хæсты райдианты мобилизацигонд æрцыдис, уыцы рæстæджы фæтагъддæргонд программæйы фæлгæтты рацыдис танкисты курсытæ. Сбадтис танк Т-34-йыл æмæ афтæмæй тох кодта знаджы ныхмæ. Хъуылымбегты Петр йæ фыццаг хæстон хорзæх майдан «За отвагу» райста Донбассы хæстон архайдтыты тыххæй. Фæлæ дзы фæцæф ис æмæ йæ хос кæнын бахъуыд. Хæххон хъæбатыр лæп-пу йæ къахыл куы слæууыд æмæ та хæстхъом куы ссис, уæд фæстæмæ баиу нæ хæцæг æфсадимæ æмæ дарддæр кодта йæ тохвæндаг. Знаджы дæрæнгæнгæйæ, хъæбатырдзинад кæй æвдыста, уый тыххæй ногæй хорзæхджын æрцыд майдан «За отвагу»-йæ.

Советон Æфсады раззагон дæлхæйтты уæвгæйæ, Хъуылымбегты Петр знаджы дæрæн кодта Украинæйы зæххыл. Уыцы ран г. Запорожьейы ссæрибар кæныны хæстон архайдтыты дæр стыр хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалы»-йы орденæй. Уымæй дарддæр ма йын йæхæдæг сæрмагондæй Советон Цæдисы маршал В. Чуйков балæвар кодта номыл къухылдарæн сахат дæр.

Карз æмæ мæлæтдзаг тохтæ цыдысты фронты æмæ сæ хайадисæг уыд хæххон лæппу. Уый кæддæриддæр цыдис тохы æмæ йæ йе ‘мбæлттæ дæр зыдтой хорз хæстонæй.

Иу ахæмы та хæсты цæхæры бахауд танкы командир æмæ знаджы нæмыгæй фæцис уæззау цæф. Бахауд быдырон госпиталмæ. Цæф хæстонæн бирæ рæстæджы дæргъы фæкодтой хос, фæлæ дохтырты уынаффæмæ гæсгæ, Петр æрвыст æрцыдис йæ райгуырæн бæстæмæ. Уымæн сæртæг уæлдæф æмæ йæ хæдзары бинонты уарзондзинад æмæ рæвдыд ахъаз фесты йе ‘нæниздзинадæн æмæ та бæстон йæ къахыл куы слæууыд, уæд йæхи арæвдз кодта фронтмæ. Ацы хатт уый ахаудта дард Латвимæ. Уым Сырх Æфсады хæйтты ныхмæ хæцыд латвийаг элитон дивизи. Ацы ран дæр Хъуылымбеджы фырт йæхи равдыста хорз, хъæбатыр хæстонæй æмæ та йын радтой радон хæстон хорзæх. Хъуылымбегты Петр дарддæр цыдис знаджы дæрæнгæнгæ. Хайад иста Будапешт, Венæ æмæ Прагæйы цыфыддæр знагæй ссæрибар кæныны сæрыл карз тохты. Стыр Уæлахизы бон 1945 аз 9 май Петры æрæййæфта Прагæйы. Уый фæстæ хайад иста Японы хæсты æмæ та уым æртыккаг хатт хорзæхджын æрцыд майдан «За отвагу»-йæ. Хорзæхджын æрцыд орден «Отечественная война I степени»-йæ дæр. Японы хæсты фæстæ ма Хъуылымбеджы фырт иу афæдзæй чысыл фылдæр баслужбæ кодта Монголийы. Уый фæстæ 1946 азы демобилизацигонд æрцыд æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ. Базыдта, йе ‘фсымæртæй æртæйæ хæсты кæй фæмардысты. Матвей, Димитр æмæ Харитон дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тох кодтой знаджы ныхмæ æмæ хъæбатырæй ссардтой сæ мæлæт. Хъæбатырдзинадæй сном кодтой сæхицæн æмæ ма сæ радтæг адæмæн дæр. Йæ хистæр æфсымæр Георги (Гигуц) дæр бирæ хæстон хорзæхтимæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ бирæ азты дæргъы фæкуыста Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историйы кафедрæйы.

Хъуылымбегты Петр йæ райгуырæн бæстæмæ æрцæугæйæ, сфæнд кодта, цæмæй сахуыр кæна æмæ райса уæлдæр ахуырад. Уый æнтыстджынæй каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон фа-культет æмæ стæй уый фæстæ бирæ азты дæргъы куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты.

Петр йæ цардæмбал Цхуырбаты Зинæимæ схъомыл кодтой дыууæ лæппу æмæ чызг. Райстой уæлдæр ахуырад æмæ сæ алчи дæр сарæзта йæ цард. Уыдон хъомыл кæнынц сæ хъæбулты æмæ сæрыстырæй мысынц сæ хæстон хистæры рухс ном. Хъуылымбегты Петр ацы аз 9-æм майы нал сæмбæлдзæнис æмæ нал банысан кæндзæн, знаджы ныхмæ йæ уд цы сæрибардзинады тыххæй хъардта, уыцы Уæлахизы 75 азы юбилейон бæрæгбон. Фæлæ мах абон не ‘ппæт дæр хæсджын стæм, цæмæй Хъуылымбегты Петр æмæ уый хуызæн хъæбатыр хæстонты рухс нæмттæ макуы кæнæм рох æмæ сын кад кæнын зонæм.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.