«От советского информбюро…» – ацы хъомысджын хъæлæс Советон Цæдисы зыдта алы цæрæг дæр. Уый у эпохæйы хъæлæс, уæлахизы хъæлæс. Цæимæ-иу æй нæ абарстой – æфсæйнагимæ, катюшæйы æхстытимæ. Уыцы хъæлæс уыдис,  куыд набат, афтæ. Немыцаг фашистты сæ къухдариуæггæнджытимæ стыр тасы чи æфтыдта, уыцы легендарон хъæлæсы хицау уыд зындгонд диктор Юрий Барисы фырт Левитан. (райгуырд 19 сентябры 1914 азы дзуттаг бинонты ‘хсæн).

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Левитаны Сталинæй къаддæр нæ хъуыдис хъахъхъæнын. Гитлер уый рахуыдта йæ фыццаг знаг æмæ дзырд радта, зæгъгæ, йæ æнæмæнгдæр æрцауынддзæн, куыддæр йе ‘фсад Мæскуымæ бацæуа, афтæ. Германы пропагандæйы министр та баныфсæвæрдта 200000 сомы бæрц немыцаг æхцатæй, Левитаны йæм удæгасæй чи бафтын кодтаид. Уымæн йæ фæнды уыдис, цæмæй зындгонд диктор Левитан фехъусын кодтаид дунейыл Германы фæуæлахиз Стыр Фыдыбæстæйон хæсты.

Юрий Левитан Советон цæдисы радиойы сæйраг дикторæй фæкуыста 30 азы бæрц. Фыццаг уый кой кодта советон адæмæн хæсты райдианы тыххæй. Левитаны тыхджын хъæлæсæй-иу дзыллæ фехъуыстой ног хабæрттæ, хæстон операцитæ, фронты уæззау цаутæ æмæ хъæбатыр хæстонты сгуыхтдзинæдтæ, ссæрибаргонд горæтты æмæ немыцаг фашисттыл фæуæлахизы хабæрттæ. Уый дунейыл ахъæр кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты стыр уæлахизы цины хабар. Уыцы стыр цины уысмтæ æрмæстдæр хъуыды кæнынц уæды рæстæджы чи цард æмæ æрвылбон дæр хæсты фæудмæ чи ‘нхъæлмæ каст, æппæт уыцы фæллойгæнæг æмæ хæстон адæм. Уæдæ, цавæр хайбавæрд бахаста Левитан немыцаг фашисттыл фæуæлахизы хъуыддагмæ? Ам стыр нысаниуæг уыд дикторæн, уымæн æмæ йæ диссаджы хъæлæсæй адæмæн, уæлдайдæр та хæстонтæн стыр ныфс лæвæрдта æмæ сæ хæстмæ разæнгард кодта. Хæстон салдаттæ-иу куы фехъуыстой радиойы сæ райгуырæн къуымты тыххæй ног хабæрттæ, уæд-иу ног тыхтæ æмæ хъаруимæ абырстой атакæйы. Хæствæллад салдаттæ фидарæй зыдтой, уыдон кæй фæуæлахиз уыдзысты фашизмыл æмæ сæ адæмæн кæй æрхæсдзысты сæрибардзинад. Бирæ хæттыты-иу фронтæй фыстæджытæ рарвыстой Левитанмæ, зæгъгæ, мах бырсæм размæ, æмæ та дæ куыст фæфылдæр уыдзæн, фæлæ нын ды дæхи хъахъхъæн.

Ацæугæ æнусы æртынæм азты райдианы Мæскуымæ Владимиры горæтæй æрцыд æвддæсаздзыд Юрий Левитан. Уый рагæй бæллыд зындгонд киноактер суæвынмæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ рауад æмæ ацы дæсныйад райсын йæ къухты нæ бафтыд. Лæппу загъта, зæгъгæ, цард цæуы æмæ йемæ фарн хæссы. Ахуырмæ тырнæг лæппу уæд æнæнхъæлæджы бакаст дикторы курсытæм райсыны хъусинаг æмæ æвæстиатæй арастис Радиокомитетмæ. Уым йæ хъуыддаг рауад, уымæн æмæ Левитанæн сывæллонæй уыд тыхджын хъæлæс æмæ йæ айстой стажерты къордмæ. (Владимиры йе мбæлттæ фæсномыгæй хуыдтой «Юра-труба», зæгъгæ). Фыццаг рæстæджы уый æххæст кодта курьеры куыстытæ – кабинеттыл уæрста алыгъуызон гæххæттытæ, йæ коллегæтæн-иу сфыхта цай. Йæхиуыл та-иу куыста æхсæв. Цæмæй йæ дикцийыл бакуыстаид, уый тыххæй тынг хорз ахуыр кодта Мæскуыйаг аивадон академион театры артисттæ радиостажертæн цы уроктæ уагътой, уыдон. Се ‘хсæн уыдысты ахæм актертæ, куыд Нина Литовцева, Наталья Толстова, Михаил Лебедев, Василий Качалов  æмæ æндæртæ.

Иухатт, 1934 азы стажировкæйы цалдæр мæйы бæрц куы рацыд, уæд ын бахæс кодтой радгæс дикторы куыстытæ. Юри Левитан æхсæвы эфиры бакаст уац газет «Правда»-йæ, уыцы рæстæджы уы-мæ хъуыста Сталин æмæ йын рахатыд йе стыр курдиат. Уæд Сталин æвæстиатæй фæдзырдта Радиокомитеты хистæрмæ æмæ йын загъта, зæгъгæ, йын партийы XVII съезды йæ раныхас хъуамæ бакæса æрмæстдæр ацы диктор. Афтæ 19 аздзыд провинциалон лæппу ссис Советон Цæдисы иуыл популярондæр диктор. Уый Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы каст Информбюройы æппæт хъусынгæнинæгтæ. Æнæхъуаджы нæ загъта Рокоссовский, зæгъгæ, Левитаны хъæлæс иу дивизийы аргъ у. Уымæн дзы федта йæ удхæссæг фюрер дæр. Уый барамындæй сарæзтой фашистон спецслужбæтæ Левитаны амарыны пълан дæр.

1941 азы Левитан йæ коллегæ Ольга Высоцкаяимæ фæззæгæй эвакуацигонд æрцыд æмæ кусын райдыдта Свердловскы. Уый фæстæ 1943 азы марты мæйы та æрвыст æрцыд Куйбышевмæ. (Фæстæдæр та æрæздæхт Мæскуымæ). Мæскуыйæ нал уыд гæнæн репортажтæ уадзын, радиомæсгуытæн знаджы авиацийæ тас кæй уыд, уымæ гæсгæ. Информаци та сæм лæвæрдтой Мæскуыйæ телефоны руаджы. Хæсты райдианты, цалынмæ ма Левитан Мæскуыйы уыд, Радиокомитеты кæрты æрхаудта бомбæ, фæлæ не схæцыд. Немыцаг радио фæтагъд кодта æмæ Левитан фæмард, зæгъгæ, хъусын кодта зæрдиагæй. Фæлæ фынддæс минуты фæстæ радиойæ райхъуыст Юрий Левитаны хъæлæс. Уæд ахæм рæстæг уыд æмæ «сусæгдзинады режиммæ» гæсгæ конверттæ тексттимæ гом цыдысты æрмæстдæр эфирмæ рацæуыны рæстæджы. Левитан-иу æнæхъæн текстыл йæ цæст ахастаид æмæ-иу уæд комкоммæ райдыдта кæсын. Уыдис æм ахæм фердæхтдзинад, фыццаг ныхæстæ-иу барæй ивазгæйæ райдыдта дзурын, цæмæй-иу дарддæр текстыл дæр йæ цæст ахастаид æмæ базыдтаид æхсызгон æви трагикон цауыл цæуы дзырд, æмæ-иу уымæ гæсгæ аивта йæ хъæлæсы уаг æмæ интонаци.

Юрий Левитан-иу арæх æрæмысыд, йæ къухты бирæ хатт кæй бафтыд йæ амарыны тыххæй хорзæхтæ радтыны гæххæттытæ, уый. Æгæрыстæмæй, Геббельсмæ дæр уыд дикторы адавыны пълан.

Милуангай адæймæгты цымыдис кодта, зæгъгæ, Левитан хуызæй цы хуызæн у æмæ цавæр кары ис, уый. Зынаргъ дикторы хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Æгæрыстæмæй йын йæ къамтæ дæр никуы æвдыстой, уыд сусæггаг гоймаг Советон Цæдисæн.

9-æм майы 1945 азы 21:55 сахатыл Левитан эфиры бакаст текст, цыран уыд Сæйрагкомандæгæнæджы барамынд фашистон Германыл фæуæлахизы тыххæй. Йæ ныхас райдыдта афтæ: «Внимание! Говорит Москва! Работают все радиостанции Советского Союза! Великая Отечественная война, которую вел советский народ против немецко-фашистских захватчиков, победоносно завершена. Фашистская Германия полностью разгромлена!».

 Хæсты фæстæ адарддæр кодта йæ профессионалон куыст, уый фехъусын кодта Сталины мæлæт дæр. 12 апрелы 1961 азы стыр æхсызгонæй фехъусын кодта космосмæ фыццаг адæймаг – советон космонавт Юрий Гагарины атахт æмæ бирæ æндæр хабæрттæ дзурæг уыд радиойы.

Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд æртæ орден æмæ медæлттæй. Лæвæрд ын æрцыд сгуыхт æмæ адæмон артисты ном дæр. Левитан йæ куысты рæстæджы ауагъта 60 мин алыгъуызон алæвæрды. Йæ царды фæстаг азты уый фылдæр куыста æрыгон радиостажертимæ ныхасы аивады фадыджы.

Юрий Левитан бирæ азты дæргъы тох кодта зæрдæнизимæ. Уый августы цыппæрæм бон 1983 азы сразы ис æмæ хайад райста Орел æмæ Белгороды   ссæрибарыл 40 азы кæй сæххæст, уыцы юбилейон митинджы раныхас кæныныл. Куы дзы раныхас кодта, уæд æвиппайды сæвзæр. Бæргæ ма йæ баластой рынчындонмæ, фæлæ йын ницыуал баххуыс кодтой дохтыртæ. Афтæ йæ цардæй ахицæн 68 аздзыд зындгонд советон диктор Левитан. Ныгæнгæ та йæ бакодтой Мæскуыйы Новодевичьейы уæлмæрды.

Абон дæр ма горæт Владимиры уынгтæй сæ иу хæссы Левитаны ном. Йæ номыл конд æрцыдис цырт дæр æмæ йын кадимæ ссарынц йæ рухс ном.

Юрий Левитан уыдис бинонты хицау. Йе мкъай хуындис Раиса, кæцы каст фæцис Фæсарæйнаг æвзæгты институт. Уыдонæн 1940 азы райгуырд сæ иунæг чызг Наталья. Бинонтæ уæд цардысты коммуналон фатеры Кремлмæ æввахс. Уыдонæн бирæ нæ бантыст иумæ ацæрын, ахицæн сты 1949 азы – Раисæ смой кодта æндæр лæгæй. Левитан йæ ахицæны фæстæ никæйуал ракуырдта, хæларадон ахастытæ йын уыд йæ раздæры æмкъай Раисæ æмæ йæ лæгимæ. Цардис йæ чызг æмæ йæ усы мадимæ. Йæ чызг Наталья куы смой кодта, уæд ын Левитан ныууагъта йæ æртæхатæнон фатер. Наталья дæр куыста дикторæй радиойы. Пенсийы куы рацыд, уæд цардис йæ фырт Барисимæ, кæцы пайда кæнын райдыдта наркотиктæй æмæ уый охыл хылтæ кодта йæ мадимæ. 2006-æм азы æрцыд трагеди. Наталья мард æрцыдис йæ фырты къухæй йæ фатеры. Левитанæн ма баззад йæ чызджы лæппуйы лæппу – Артур, кæцы у тынг хорз программист æмæ дизайнер.

Мыхуырмæ йæ

бацæттæ кодта

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.