Фельетоны бæсты

Кæд ма йæ хъуыды кæнут, иу рæстæджы Биазырты Роландæн нæ газеты уыдис йæхи сæрмагонд рубрикæ – «Хъуыр-хъуыры дзæкъулæй»… Гъемæ ма йæ кæд хъуыды кæнут, уæд уæ æнцондæрæй бауырндзæн, ацы тæккæ нæхи, нæ сабыртæконд Чъреба сæрæй-къæхтæм хъуыр-хъуыры дзæкъулы хуызæн кæй у, уый…

Кæдæмфæнды бацу, хъуыр-хъуыры йедтæмæ дзы ницы фехъусдзынæ: «ай цы цард у, цы ми кæнынмæ нын хъавынц – магазинтæ афтид, ацæуæн никæдæм ис…» æмæ афтæ дарддæр.

Ничи нын ницы «ми кæнынмæ» хъавы, хорз адæм! Кæд нын исты ми кæнынц, уæддæр уый тыххæй, цæмæй нæ магазинтæ афтид ма уой, цæмæй йедзаг уой алцæмæй дæр æмæ сæм цæуа æнæниз æмæ бирæ æлхæнджытæ, цæмæй нæ ацæуæнтæ дæр нæхи бар уой. Алцы дæр нæм арæзт æрцыдис æмæ цæуы уавæрмæ гæсгæ. Фыдбылызтæ не знæгты хай фæуæд, фæлæ исты фыдбылыз уа æви ма уа, уæддæр адæмы æдасдзинадыл батыхсын Хуыцауы бын стыр арфæйаг хъуыддаг у!

Æниу, æвæдза, хъуыр-хъуыр дæр æвзæр нæу, куы хъæуа, уæд… Фæлæ, иу-цалдæр боны магазинты алцы балхæнæн  ма уа, уый тыххæй хъуыр-хъуыр кæнын нæ хъæуы, Хуыцауы фæрцы та байдзаг уыдзысты, алцæмæй дæр.

Куыднæ стæй! Бафæлвар, хъуыр-хъуыр кæнын кæмæ цæуыы, уыдон  бауромыныл. Мæнæ чъребайаг нæлгоймæгты карантинæй хæдзæртты куыднæ бауромдзынæ, афтæ… Уырны уæ, ирон лæгты карантины тыххæй куыстмæ цæуыны æфсæрм ма уа, æмæ дзы ма спайда кæной, уый?..  Ацы хъарм бонты искуы доны былмæ ма ацæуой æмæ коронавирусы мæрдтæн куыйтæ æмæ хæрджытæ фæлдисгæ сæхи цæрæнбоны тыххæй фæйнæ ма баназой, уый уæ уырны?..

Нæ уæ уырны, æмæ йыл басæттут…

Гъемæ искуы доны былмæ цæугæйæ сæ къухы хъуамæ истытæ дæр айсой, уæдæ куыд… Кæнæ, иугæр сылгоймæгтæн дæр хæдзары бадыны фадат фæцис, уæд се хца алыгъуызон «полуфабрикаттыл» цæмæн хъуамæ хардз кæной, сæхæдæг цæмæннæ хъуамæ аразой хæринаг?..

Æмæ зилынц магазинтыл чъребайаг нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Æмæ алы ран дæр, алы магазины дæр уынæм уыцыиугъузон чъребайаг ныв, хъусæм дзы уыцыиугъуызон чъребайаг хъуырхъуырæмхæццæ ныхас. Зæгъæм, цалдæр чъребайаг нæлгоймаджы уыцы хъуыддаггъуызæй фæмидæг сты искæцы дыргътæ-халсæрттæуæйгæнæн магазины:

«Айдæ, скъæргæ сæ кæнынч, ам дæр куынæ ис чъитъри-пъамидор!» – хъуамæ дзы исчи æнæмæнг бахъуыр-хъуыр кæна.

«Куыд, куы, уабше джы нæй? – хъуамæ фæцырд уа иннæтæй исчи…

Искæцы дыргътæ-халсæрттæ уæйгæнæн магазинмæ чъребайаг сылгоймæгтæ бахизой, уæд дæр – афтæ:

«Оу, мæнæ, ам дæр зелены хсенеба куынæ ис!..»

Рæстæгмæ нæ магазинты кæй ницы вæййы æмæ ис, уымæн мур дæр нæу, Ирыстоны цыфæнды уæззау рæстæджы дæр æххормагæй ничи амæлдзæн. Уый рæстæгмæ у, уавæрмæ гæсгæ æмæ нæ хъæуы хъуыр-хъуыр кæнын. Хъуыр-хъуыр кæнын хъæуы, æргътæм æдзæсгомæй чи æфтауы, уыдоныл… Мах тæтæйрæгтæ кæй хонæм, уыцы азербайджанаг сылгоймæгтæ кæм базар кæнынц, ахæм магазинтæй иуы куы разынид… къаматы чысыл баст. Чысыл, уыд æцæгæй дæр, бынтон чысыл – мæллæг сæгъы боцъойæ стырдæр нæ уыдаид, уымæй дæр басты бынаты сауæмбыд баисты, сæ кæрæттæ та хус нартхоры сыфтау бурбурид адардтой. Фæлæ дæ цы фæнды – иу сылгоймаг ыл йæхи ныццавта, мæгуыр. Цас, дам, æй кæныс – ома æппаринаг у æмæ йæ уæй куыд хъуамæ ракæна, зæгъгæ, уыцы æнæввæрсонæй бафарста тæтæйраджы.

«Сто писятт» – уыцы сæрыстырæй загъта тæтæйраг.

«Цы, дам, цы?.. Цас, дам?..» – Уый ма хъуыд æлхæнæг сылгоймаджы дæр æмæ ма уыцы рæс-тæджы магазины чи фæцис, уыцы иннæ сылгоймæгты дæр. Цыма дзы чидæртæ кæддæр Чъребайы 8 полкы службæ кодтой – хъæуы ма дæ æви цы мæ-гуыр тæтæйраджы йæ афтид асыччыты бын фæцæй кодтой.

Адонæй дæр нæ уый схъуыд!..

 Ноджы сæм нынныхмæ, уæхи аххос, дам, у, магазинтæ, дам, афтид кæй сты, уый. Æмæ уыдон дæр цæуынмæ фесты. Тæрсгæ фæкодта, мæгуыр. Йæ тыхулæфт ма цыд, афтæмæй мæ разы алæууыд:

«Ай, кардаш, айдар дыр-дыры, клинус совести, адин женшчина два бейемве пакет купила зелен-мелен, другой три пакет. Сказали запас хатит зделат…

Хъуыр-хъуыр кæнын хъæуы, иуæй-иутæ сæ намысыл сæ къух кæй систой, уый тыххæй… Уымæн æмæ ахæмтæ, ацы тыхст уавæры кæрæдзийы æнцой балæууыны бæсты, чъребайаг карантинæй пайда кæнынц. Уый тыххæй хъуыр-хъуыр кæнын нæ – фæдисы дзæнгæрджытæ ныццæгъдын хъæуы…

Бæрзонд, бæзæрхыг, куыстдзагъд æмæ мæстаг ацæргæ лæг хъуыр-хъуыр кæны. Нырма афтиагы, стæй йæ хъуыр-хъуыр йæ разæй рахаста уынгмæ дæр…

«Ай дæр та уыцы дзæгъæйладжы къоравирусы хос у, еу сæ къона фæуа, – хъуыр-хъуыр кæны, афтæмæй афтиагы раз цы цалдæр нæлгоймаджы лæууыд, уыдонæн цавæрдæр хос æвдисы чысыл гæххæттын къоппы. – Уæ фарн бирæ, фæлæ мæ хазенкъа ныр цалдæр азы уатон рынчын у. Ацы буарсæрдæн хос æй æнæмæнг хъæуы. Айразмæ дзы балхæдтон. Ам зынаргъ сты, иу дзы 300 сомы у æмæ дзы дыууæ йедтæмæ нæ райстон, зæгъын дзы фалейæ æрхæссын кæндзынæн асламдæр аргъыл. Фæлæ фæндаг нæй, фалæмæ ничи цæуы æмæ та уалæ хохы цъуппæй рараст дæр ардæм. Æртæ уыдысты, иу ма дзы баззад. Ныр мæнæ райстон уый дæр æмæ ма йæм æркæсут – йæ аргъ цы гæххæтты гæбазыл фыст уыд, уый йын растъыгътой æмæ мын æй 520 соммæ рауæй кодтой…»

Лæгæн йæ хъуыр-хъуыр цæссыгмæ рахызт мæгуыр:

«Аба, цы саразон – унда йын æй балхæнон, уæдæ удæгас адæймаджы хосы фыдæй æппаргæ акæнон?..»

Æмæ ацыд. Хъуыр-хъуыргæнгæ, йæ цæссыгтæ калгæ.

Фæлæ, йæ хъуыр-хъуыр цы нæлгоймæгтимæ адих кодта, уыдон сæ бынæттæй змæлгæ дæр нæ фæкодтой, афтæмæй дарддæр сæ хъуыр-хъуыры хæс фыстой: «ай цы цард у, цы ми кæнынмæ нын хъавынц…». Аф-тæмæй та, нормалон адæймæгтыл, æцæг æмбæстæгтыл куыд æмбæлы, афтæ хъуамæ бакодтаиккой. Хъуамæ бацыдаиккой афтиагмæ æмæ уыцы хос ахæм аргъмæ чи рауæй кодта, уымæн бауайдзæф кодтаиккой. Æмбарæм æй, æргътæ схызтысты алы ран дæр, хостæ нырмæ цы аргъæй æлхæдтой, уыцы аргъæй сæ нал æлхæнынц сæхæдæг дæр, фæлæ  цалдæр мæйы размæ кæй балхæдтой, уыцы хосты та цæмæн уæй кæнынц туджы аргъмæ? Уымæн æмæ йæ зонынц, «фалæмæ» фæндаг нæй, хос асламдæрæй ничи никæмæн æрхæссын кæндзæн, ирон лæг та удæгас адæймаджы хосы тыххæй нæ аппар-дзæн.

 Ахæмты тыххæй хъæуы, гъе, хъуыр-хъуыр кæнын. Намыс нæм хъуамæ уа, адæймагдзинад. Уый йедтæмæ, рæстæгмæ магазинты кæй ницы ис, уымæн мур дæр нæу – уыдзæн нæм «чъитъри-пъамидор» дæр… Æрмæст хъуыр-хъуыр кæнæм æнæнизæй!..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.