2023 аз у Джиоты Зурабы фырт Христофорæн (Пора) юбилейон. 150 азы æххæст кæны ацы зындгонд адæймагыл æмæ, нæ ирон литературæ æмæ культурæ кæй фæрцы сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ рапарахат сты ирон адæмы ‘хсæн, уыцы культурон æмæ æхсæнадон архайджытæй сæ иуыл. Джиоты Порайы руаджы 1899 азы рухс федта ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Уыцы заманы Пора уыди Калачы мыхуыры комитеты цензор – цæстдарæг ирон газеттæ æмæ журналтæм.
«Ирон фæндыр»-ы цензоры тыххæй ирон зонады бирæ иртасæн куыстытæ ссарæн нæй, æз æй цæйбæрц зонын, уымæ гæсгæ Порайыл ис иунæг иртасæн куыст. «Джиоев Пора – первый цензор сборника Коста Хетагурова «Ирон фæндыр», – зæгъгæ. Мыхуыры рацыд 1999 азы Дзæуджыхъæуы.

Бигъуылаты Иринæ у Ирыстоны зындгонд ахуыргонд-архивист. Каст фæцис Мæскуыйы паддзахадон историон-архивон институт. Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты кусы литературæйы хайады хистæр зонадон кусæгæй. Иринæ у курдиатджын иртасæг, уæздан хистæр. Йæ чингуытæй хи атонæн нæй, уымæн æмæ кæрæй-кæронмæ сæ мидисæй адæймаджы химæ ‘лвасынц.

Джиоты Порайы тыххæй Иринæ йæ чиныджы фыссы: «Пора уыди ирон литературон уацмыстæ æмæ периодикон рауагъдты хъахъхъæнæг æмæ армдарæг, фæлтæрд фæндагамонæг аивадон уацмысæй чиныгкæсæгмæ. Порайы арфæйæ бирæ ирон фысджыты уацмыстæ ссардтой фæндаг сæ чиныгкæсджытæм æмæ систы национ культурæ æмæ литературæйы хæзнадоны æнæбайсгæ хай.

2017 азы сæрды æз базонгæ дæн Бигъуылианимæ. Уæдæй абонмæ кæрæдзимæ дарæм хæлары зæрдæ. Æз сæмбæлдтæн Цхинвалы Ирæимæ æмæ дзы райстон интервью Джиоты Порайы тыххæй. Цæуыл ныхас кодтам, уый та газеткæсджытæн уыдзæн цымыдисаг.

– Ирӕ, дæ чиныгыл кусгæйæ, дæ разы сӕвӕрдтай ахæм нысан: Джиоты Порайы цензурон (мыхуырмӕ хьусдарӕджы) архайд куыд фӕахъаз ис, цӕмӕй Къостайы «Ирон фӕндыр» рухс федтаид, уый раиртасын. Ӕнӕ Порайы фыдæбæттæ Къостайы ӕмбисонды ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд мыхуыры рацыдаид?

– Мӕнмӕ гӕсгӕ, уыцафон, ома, 1899 азы Къостайы ӕмбырдгонд нӕ рацыдаид, Пора йыл цензурон куыст куынӕ бакотдаид ӕмӕ йын фӕндаг куынӕ айгӕрстаид чиныгкӕсӕгмӕ. Чизоны «Ирон фӕндыр» фӕстӕдӕр рацыдаид, ӕндӕр цензор ын куы уыдаид, уӕд, фӕлӕ кӕд ӕмӕ цы уагӕй, уый бӕрӕг нӕу. Зынгӕ ирон поэт ӕмӕ Къостайы царды иртасӕг Тедеты Рюрик (Скифирон) ацы фарстайы тыххӕй зӕгъы афтӕ: «К сожалению, не всегда воздается должное его (Пора. – И. Б.) роли в судьбе поэта. Справедливо мнение, что без такого вдумчивого и смелого цензора «Ирон фӕндыр» мог бы и не быть издан». Пора ста йӕ куыст сӕххӕст кодта бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

– Калак æмæ Дзӕуджыхъӕуы архивты ды бирæ фæкуыстай, Къоста ӕмӕ Пораимæ баст чи сты, ахæм гæххæттытимӕ, ӕмӕ уыцы зындгонд адӕймæгты тыххӕй бирæ сусӕггӕгтӕ базыдтай. Ӕмæ мын æй æргом зæрдæйæ зæгъ: Джиоты Пора цавæр лæг уыдис? Дунесфæлдиæг æй цавӕр иpoн лӕджы миниуджытӕй фæхайджын кодта?

– Пора уыд бӕрзонд культурӕйы ӕмӕ йӕ ныхасы хицау, хӕрзӕгъдауджын, хиуылхӕцгӕ, уӕзбын, хӕдӕфсӕрм, йӕ адӕймагон кадӕн чи аргъ кодта ӕмӕ йӕ дӕлӕмӕ чи не ‘руагътаид, йе ‘мирон адӕмы раз йӕ бӕрнондзинад чи ӕмбӕрста ӕмӕ йын лӕггад кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр чи уыд цӕттӕ, ахӕм адӕймаг. Тынг ахсджиагыл нымадта йӕ хай бавӕрын ирон культурон царды райрӕзты ӕмӕ æппӕт фӕрӕзтӕй ахъаз кӕнын ӕмткӕй ирон ӕхсӕнады размӕцыдӕн. Кӕстӕр фӕлтӕрӕн дӕр тырныдта, цы миниуджыты хицау ӕмӕ принциптыл хӕст уыдис, уыдон бацамонын.

– Пора уыдис стыр ахуыргонд адæймаг. Дзауы райдиан скъолайы фӕстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Калачы дины семинарийы æмæ Киевы дины академийы, каст сæ фӕцис иттӕг хорз бæрæггӕнæнтимӕ, сси сауджын. Бирæ азты дæргъы лæггад кодта Ереваны ӕмæ Калачы нæлгоймæгты гимназты, лæппутӕн амыдта Хуыцауы Ӕгъдау (Закон Божий). Дæумæ гæсгæ, мах хъæуы зонын Порайы куыд сауджыны, йæ дины архайды тыххæй? Хъæуы иртасын йæрухстауæджы архайд?

– Кӕд нӕ фӕнды Порайы, куыд ӕхсӕнадон архайæджы иумæйаг фӕлгонц рафӕлгъауын, уӕд ын йе ‘ппӕт адӕймагон ӕмæ ӕмбӕстӕгон архайды фӕрстӕ хъуамӕ зонӕм, уыдон нымӕцы ӕнӕмӕнгӕй йӕ дины ӕмæ уӕлдайдӕр йӕ рухстауӕджы архайд. Уый нын ратдзӕн ацы адӕймаджы алыварсон сурӕт ӕмӕ ма уыимӕ иумæ хорз фадат ирдӕй бамбарын йӕ вазыгджын сконд ӕмӕ йӕ ахсджиаг нысаниуӕг ирон æхсӕнадӕн.

– Сауджынӕй Пора бирæ азы лӕггад кодта Калачы Сионы аргъуаны, Хуыцаумӕ куывта уырыссаг ӕвзагыл. 1913 азы Уӕрӕсейы паддзах Гуырдзыстонмӕ балцы куы (рбацыд ӕмӕ уым Сионы аргъуаны Хуыцаумӕ куы куывта, уæд уым аргъуыдта Джиоты Пора. Куыд ӕмæ цӕмӕн архауди уымæ ахӕм минæвардзинад?

– Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Сионы аргъуаны къухдариуӕггӕнджытӕ сӕ тых радтой, цӕмӕй паддзахыл сӕмбӕлын кодтаиккой сӕ сауджынтӕй ӕппӕты хуыздӕры алы ‘гъдауӕй: зондджындӕр, ахуыргонддӕр, дзырдарӕхстдӕры. Мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ацы миниуджытӕй ӕххӕстӕй хайджын кӕй уыд Джиоты Пора. Ӕмӕ уыимӕ иумӕ уыдис хӕрзгъӕдджын, уындджын, асӕй бӕрзонд, цӕсты ахадгӕ. Ахӕмы куыннӕ хъуамӕ сӕвзӕрстаиккой Никъалайыл фембӕлынӕн, кӕд сӕ фӕндыд паддзахыл иттӕг хорз тӕлмӕн ныууадзын.

– Хетæгкаты Къоста йӕ фыстӕджытӕй сӕ иуы фыста Байаты Гаппомӕ: «Нӕй, нӕй, Байы фырт, фыдӕй уын нæ баззад уæздандзинад». Цæмӕн уайдзæф кæны Къоста Гаппойæн? Дæумæ гæсгӕ, кæй фарс уыдис рæстдзинад ацы зындгонд адæймӕгты быцæуы?

– Уыцы ныхӕстӕ Къоста Гаппойӕн загъта уымӕн ӕмӕ, 1899 азы 26 майы мыхуыры рацӕугӕйӕ, «Ирон фӕндыр» поэты къухы ӕрмӕст июлы бафтыд. Ацы хабар диссаг нӕу, нӕ хъуыдыйы куы дарӕм, уыцафон Къоста хаст кӕй уыдис Ирыстонӕй дард – Очаковмӕ ӕмӕ уырдӕм пост æрӕгмӕ кӕй хӕццӕ кодта. Ацы дыууӕ адӕймаджы быцӕуы зын у искӕй ӕвварс рахӕцын, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр сӕхирдыгонау кӕсынц чиныджы рауадзыны хъуыддагмӕ. Ома сын, цы роль ис уыцы хъуыддаджы, уый бандӕвта сӕ позицийыл, ууыл у баст сӕ цӕстӕнгас, цы хабӕртты фӕдыл фӕбыцӕу сты, уымӕ. Афтӕмӕй, мӕнмӕ гӕсгӕ, сӕ дыууӕ дӕр сты раст.

– Дæ чиныг чи кæса, уый ног хабæртты бын фӕуыдзӕн. Ӕз æй зонгӕ дæр нæ кодтон, Порайы ‘фсымæр Никьалайы ус кæй уыди Гæздæнты Сегейы чызг Верæ – Гæздæнты Гайтойы, нæ зындгонд фыссæджы, фыды хо. Иннæ хабар та у ахæм: Порайы хотæй сӕ иу – Пъела 13-аздзыдæй смой кодта зындгонд ирон сауджын Цæголты Алыксандырæй æмæ уыдис Цæголты зындгонд Геуæрги, Никъала, Барис æмæ уыдоны хоты мад. Мæн фӕнды зонын: чи ма у абон сӕрӕгас Порайӕн йӕхи бинонтӕй ӕмӕ хӕстӕджытӕй?

– Хъыгагӕн, Порайы цӕуӕты хъысмӕт, чиныджы цы ныффыстон, уымӕй дарддӕр нӕ зонын. Афтӕ ма йӕ хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕуӕты хабар дӕр. Ӕрмӕст ӕрӕджы базыдтон ахӕм факт: Порайӕн йӕ хотӕй сӕ иу – Пъела уыди мойгонд сауджын Цӕголты Алыксандырӕй. Уыдис сын ӕртӕ фырты ӕмӕ дыууӕ чызджы. Сӕ фырттæй иу – Николай уыдис экономист, экономикон зонӕдты доктор, Мӕскуыйы паддзахадон университеты профессор. Уымӕн йӕ иунӕг фырт, ныр дзӕнӕттаг Георги дӕр уыдис экономист, журналист, Внешторгы дӕр куыста. Фӕзиан 1985 азы. Ие ‘мкъай, зындгонд актрисӕ Цъӕхилты Земфирӕимӕ сын ис дыууӕ фырты – Алыксандыр ӕмӕ Николай ӕмӕ иу чызг – Нинӕ. Афтӕ йӕ схуыдтой йӕ фыды фыды мады номӕй, ома Пъелайӕн Нинӕ уыдис йӕ чырыстон ном. Порайӕн йӕхи цотыл куы дзурӕм, уӕд, мӕнмӕ гӕсгӕ, йӕ хъӕбулты хъӕбултӕ ӕмӕ уыдоны цот нырдӕр хъуамӕ Калачы (Тбилисы) цӕрой.

– Ӕрмӕст Къостайы «Ирон фӕндыр»-ӕн нæ баххуыс кодта Пора. Цавӕр ирон газеттӕ ӕмӕ журналтæ æмӕ иpoн фысджыты уацмыстӕ тӕлмацӕй рацыдысты Порайы цензурон басгӕрст ӕмӕ хъусдардӕй?

1899 азы ма Байаты Гаппо Порамӕ балæвæрдта ӕмдзӕвгӕты, ӕмбисӕндты, уыци-уыциты йӕхи арӕзт ӕмбырдгонд «Гӕлӕбу», ӕмӕ йыл Джиойы фырт цензурон куыст бакодта, кӕд ын стыр аргъ не скодта, уӕддӕр. ХХ-ӕм ӕнусы райдианы иронау цы периодикон мыхуыр цыдис, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн сӕ цензор уыд Пора: 1907 азы Тифлисы Тедеты Бетърейы къухдариуӕгады бын цыд газет «Ног цард»; 1910 азы Тифлисы цыд ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ аивадон журнал «Ӕфсир», кӕцыйӕн къухдариуӕг кодта зынгӕ ирон фыссӕг Коцойты Арсен; 1912 азы Бетъырбухы Брытъиаты Елбыздыхъо уагъта журнал «Хуры тын», ӕдæппӕт дзы рацыд 3 номыры. Уыцы азты ма Тифлисы Ирон рауагъдады (Издательское общество) цур куыста драмон къорд. Йӕ архайджытӕ цыдӕриддӕр пьесӕтæ ӕвӕрдтой – ирон уа ӕви тӕлмацгонд, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн сӕ цензор уыд Джиоты Пора. Уый бакуыста Брытъиаты Елбыздыхъойы зындгонддӕр пьесӕтыл «Уӕрӕседзау» ӕмӕ «Худинаджы бӕсты мӕлӕт», афтӕ ма йӕ иннӕ пьесӕтыл дӕр:«Дыууӕ хойы», «Хазби», «Амран». Драмон къорды хайадисджытæ сценæйыл ӕвӕрдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл фыст пьесӕтӕ дӕр ӕмӕ сӕ сӕхӕдӕг тæлмац кодтой ирон ӕвзагмӕ. Пора цензурон куыст бакодта А. Островскийы 2 пьесӕйыл: 1907 азы – «Женитьба»-йыл, 1909 азы та – «Гроза»-йыл. Сӕ дыууӕ дӕр ирон ӕвзагмӕ раивта Есиаты Хъамболат. 1911 азы Пора цензурон куыст бакодта Рӕмонаты Тъатъайы (Максимы) тӕлмацгонд Къостайы пьесӕ «Дуня»-йыл, ӕмӕ йӕ уыцы аз сӕвӕрдтой сценӕйыл. 1912 азы Пора уыд гуырдзиаг автор А. Цагарелийы пьесӕ «Цимбирели»-йы («Сыбыраг») цен-зор (раивта йӕ Тедеты Бетъре). Уыцы аз ма бакуыста Г. К. Андерсены аргъау «Бу-лӕмӕргъ»-ыл (ратæлмац ӕй кодта Ӕмбалты Цоцко).

– Цӕмӕн фæкодта Пора аст азæй фылдæр Калачы мыхуыры комитетæн цензоры куыстытæ бынтон лæвар?

– 1899 азӕй 1907 азмӕ – ӕдӕппӕт 8 азы Пора æнæмыздæй фӕкуыста цензорӕй,ирон ӕвзагыл цы уацмыстӕ цыдысты мыхуыры, уыдонӕн. Уыцы периоды йын ахӕм лӕвары куыст кӕнын зын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ мыхуыры цы ӕрмӕг цыдис иронау, уыдоны нымӕц уыдис чысыл ӕмӕ сыл стыр рӕстӕг ӕмӕ тых нӕ хъуыдис хардз кӕнын. Фӕлӕ куыд дарддӕр, афтӕ фылдӕр кодта, ирон ӕвзагыл мыхуыры цы ӕрмӕг цыд, уый. Уый йеддӕмӕ ма Тифлисы ирон драмон къорды сӕвзӕрды фӕстӕ хъуыдис цензурой куыст бакӕнын иронау фыст ӕмӕ тӕлмацгонд пьесӕтыл, ӕмӕ уыцы хӕс дӕр ӕрхаудта Джиоты Порамӕ. Уыйадыл дзы цензоры куыст домдта сӕрмагонд рӕстӕг ӕмӕ хъусдард нывонд кӕнын. Адӕттӕ хынцгӕйӕ, рӕстаг уыдис Порайы курдиат, цӕмӕй йын аккаг аргъ скодтаиккой йӕ фыдӕбӕттӕн.

– Джиоты Пора upoн рухсады ӕмӕ культурæйы ныууагъта ирд фӕд. Цхинвалы бындур ӕрӕвӕрдта дыууӕ паддзахадон уагдонӕн – Хуссар Ирыстоны бӕстӕзонӕн музей ӕмӕ педагогон ахуыргӕнӕндонӕн. Фӕлӕ абон мах аккаг аргъ кӕнӕм Джиоты Порайы хӕрзтӕн? Йӕ табуйаг номӕн ын зонӕм аргъ кӕнын?

– Цӕмӕй адӕймагӕн аргъ скӕнай, уӕлдайдӕр аккаг ӕмвӕзадыл, уый тыхæй хъуамæ зонай ахӕм ӕмӕ ахӕм адæймаг кæй ис, кæнæ уыдис æмæ ахæм æмæ ахæм удуæлдай агагӕн, ныры фӕлтӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ бынтондæр нӕ зонынц, раздӕр нӕм цы разагъды адӕймӕгтӕ уыдис, куыд ӕмӕ кӕйас фесгуыхтысты ирон культурæйы ӕмӕ царды ӕндӕр къабазты райрӕзты хъуыддаджы. Уыдоны ‘хсӕн Джиоты Пора ахсы ахсджиаг бынат, фӕлæ стӕмтӕ зонынц ацы адӕймаджы ӕмӕ стӕмтӕн ис фадат аккаг аргъ скӕнын йӕ ахадгӕ архайдӕн ӕхсӕнадон царды. Уавӕр хуыздӕрæрдӕм куы фӕивит, ома Джиоты Порайы ном куыд канд «Ирон фӕндыры» цензоры нӕ, фӕлӕ ма куыд ирон культурӕйы размӕцыды ахъазгӕнӕджы ӕмӕ бӕрзонд культурӕйы цӕвиттойнаг хицауы хъуыстгонд куы суаид, уӕд  дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнын, аккаг аргъ ын кӕй скӕниккой Ирыстоны дзыллӕ.

– Ирӕ, дӕ чиныг рухс федта 1999 азы Дзӕуджыхьӕуы. Уӕдӕй рацыдис 24 азы. Ӕз ӕй ссардтон Дзӕуджыхъӕуы Национ чиныгдоны, цыран уымӕн йӕ иунӕг экземпляр ис. Зынӕй бафтыди мӕ къухы. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгæйӕ хъæуы ногӕй рауадзын мыхуыры, цӕмӕй йæ ирон адӕм кӕсой. Цы ма йӕм бафтауис ног ӕрмӕгӕй? Порайы тыххӕй ма цавӕр ног иртасӕн куыстытӕ фӕзынди нӕ upoн зонады?

– Хъыгагӕн мӕнӕн мӕ къухы Порайы тыххӕй ӕндӕр уӕлдай ӕрмӕг нӕ бафтыд, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймагимӕ баст архивон документтӕ сӕйраджыдӕр сты Гуырдзыстоны архивты. Уым та советон дугæй фӕстӕмæ никуыуал уыдтӕн ӕмӕ нал дӕр уыдзынӕн. Ӕнӕуый та мӕ куыстмӕ бафтауин Джиоты Пораимӕ баст цыфӕнды ног ӕрмӕг. Порайыл ног иртасӕн куысты фӕзынды тыххӕй дӕр ницы фехъуыстон.

– Ӕмӕ мӕ фӕстаг фарст дӕумӕ. Ирӕ, цӕмӕн хъӕуы иpoн адӕмы абоны фӕлтӕры зындгонд рухстауӕг     æмӕ ӕхсӕнадон-культурон архайӕг Джиоты Порайы цардвӕндаг ӕмӕ сауджыны ӕмӕ, цензоры архайд зонын?   

– Порайы хуызӕн архайджыты цардвӕндаг ӕмӕ удуӕлдай куыст ирон ӕхсӕнады пайдайӕн хъуамӕ уой зындгонд ӕмӕ не ‘ппӕтӕн дӕр зонгӕ цалдӕр аххосаджы тыххӕй. Фыццаг дӕр уый ӕмӕ нӕ номдзыд фыдӕлты куы зонӕм ӕрмӕст сӕ номӕй нӕ, фӕлӕ ма сӕ намысджын архайды руаджы, уӕд нын семӕ фидар бастдзинад сӕвзӕрдзӕн ӕмӕ нӕ бафӕнддзӕн уыдоны аккаг суӕвын. Ай та дын дыккаг аххосаг: нӕ кадджын фыдӕлтӕ нын цӕвиттойнаг куы уой, сӕ ӕрдхӕрӕны архайд нӕ хъуыдыйы куы уа, уӕд нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны бафӕзмын бафӕнддзӕн ӕмӕ чизоны не ‘хсӕны дӕр рабӕрӕг уой Порайы ӕнгӕс адӕймӕгтӕ.

МЗОКТЫ Асланбег,

литературæ иртасæг,

Уӕрӕсейы фысджыты

 цӕдисы уӕнг

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.