Аз йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ӕмӕ алкӕцы сӕргълӕууӕг дӕр хатдзӕгтӕ фӕаразы йӕ бакӕнгӕ куысты тыххӕй. Уӕлдайдӕр та дӕ бӕрны куы уой ӕгас районы адӕм, уӕд домӕнтӕ ӕмӕ аразинӕгтӕ вӕййынц бирӕ фылдӕр. Алкӕуыл хур дӕр не ‘ххӕссы, фӕлӕ хорз къухдариуӕггӕнӕг кӕддӕриддӕр фӕтырны адӕмы цард фӕрогдӕр кӕнынмӕ, ӕмбӕлон уавӕртӕ саразынмӕ. Знауыры районы адӕмы царды ацы аз цахӕм ивындзинӕдтӕ ӕрцыдис, уыдӕтты тыххӕй нын нæ фарстатæн дзуапп дæтты районы администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Инал.

– Районы администрацийы сӕргълӕууӕг уӕвгӕйӕ цахӕм зындзинӕдтыл сæмбæлыс дæ архайды? 

– Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цæрджытæй алкӕмӕн нӕй ӕмбӕлон царды уавӕртӕ, бахауынц тыхст ситуациты, стӕй рӕстӕг дӕр уӕззау у ӕмӕ нӕ феххӕссынц сӕ цардыл. Махмӕ ӕрбахатынц ӕххуысмӕ ӕмӕ нӕ нӕ уавӕртӕ куыд амонынц, афтӕ сын сӕ къух фӕрог кӕнӕм. Кӕмӕн зымӕгмӕ суг ӕрласыны фӕрӕзтӕ нӕ вӕййы, чи уӕзласӕн машинӕйыл фӕтыхсы, чи тракторыл. Азы дӕргъы цыдӕриддӕр хӕрдзтӕ бакӕнӕм ахӕм фарстаты фӕдыл, уыдон вӕййынц, планмӕ хаст чи нӕ вӕййы, ахӕм ӕххуыстӕ. Æнӕхъӕн азӕн арӕзт вӕййы куысты план ӕмӕ уыцы планмӕ гӕсгӕ фӕкусӕм. Фӕлӕ адӕммӕ ахӕм фарстаты фӕдыл ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы хъус дарын, кӕд нын фылдӕр хӕттыты зын вӕййы баххуыс кӕнын, уӕддӕр.

Хъӕуты нӕм цъус цӕрджытӕ ис, – уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр хистӕр кары адӕм сты. Царды уавӕртӕ къуындӕг куы уой, уӕд адӕм хуыздӕр цардагур лидзынц ӕндӕр рӕттӕм. Уыцы хъуыддаг мах дӕр куыннӕ ӕмбарӕм ӕмӕ нӕ бон куыд у, афтӕ сын сӕ царды уавӕртӕ хуыздӕр кӕнӕм. Хъуагдзинад чи ӕййафы, уыцы категорийы адӕм ма ӕххуыс райсынц «Сырх дзуар»-ы комитетӕй дӕр. Стӕй ма сын социалон ифтонгады ӕмӕ Ӕнӕниздзинады министрады хаххыл дӕр баххуыс кӕнынц. Афтӕ ма парти «Иууон Ирыстон»- ӕй дӕр арӕх райсынц алыхуызон ӕххуыс.

– Аз йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ӕмӕ куыд райгонд стут ӕмткӕй районы къухдариуӕгады архайдӕй? Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы аз ӕнтыстджын аз уыдис?

– Мӕ бакӕнгӕ куыстӕн мын, ӕвӕццӕгӕн, адӕм уыдзысты аргъгӕнӕг. Фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ мӕ бон у зӕгъын ӕмӕ нын бантыстис саразын бирӕ цыдӕртӕ. Планмӕ гӕсгӕ нын цы уыдис, уыдон сӕххӕст кодтам. Ис ма нын, кӕронмӕ кӕй нӕ фестӕм, ахӕм куыстытӕ, фӕлӕ сӕ азы кӕронмӕ фӕуыдзыстӕм.

Ӕрмӕст Знауыры районы хъӕуты нӕ, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ районты дӕр иууыл ахсджиагдæр проблемӕ у нуазыны дон. Бирӕ хъӕутӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр никуы уыдис нуазыны дон ӕмӕ кӕд раздӕр царды уавӕртӕ бӕрӕг хуыздӕр уыдысты ӕмӕ быхстой доны хъуагдзинад, уӕд ныр та ахӕм уавӕрты цӕрын никӕй фӕнды. Адӕмӕн куыст нӕй, элементарон царды уавӕртӕ сын нӕй ӕмӕ ма сын нуазыны дон дӕр куынӕ уа, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хуыздӕр цардагур цӕудзысты ӕндӕр рӕттӕм. Ацы аз дон рауагътам 5 хъӕумӕ, – Арчънетмӕ, Азуатмӕ, Суадӕттӕм, Схлитмӕ ӕмӕ Принеумӕ. Æввахс рӕстӕджы доны фарста скъуыддзаг ӕрцӕудзӕнис Лисайы хъӕуы. Куыст цӕуы Уахтъана ӕмӕ Терегуаны хъӕутӕм дæр дон рауадзыныл ӕмӕ азы кӕронмӕ сæ цæрджытæ ифтонг ӕрцӕудзысты донӕй.

Хъӕутӕм фӕндӕгтӕ фӕхуыздӕр кӕнын дӕр нын у приоритетон. Ацы аз сцалцӕг кодтам Гобозты, Уахтъана ӕмӕ Аунеуы хъӕутæм фӕндӕгтӕ. Цалцӕг ӕрцыдысты Хъорнис-Чъешиагы, Бехъмар-Ходабулы ӕмӕ Знауыр-Уӕллаг Циглаты фӕндӕгтӕ. Бӕрӕг фӕхуыздӕр кодтам хосгӕнӕн санатори «Ныфс»-мӕ цы фӕндаг ис, уый. Азы кӕронмӕ бацалцӕг кӕндзыстӕм Бехъмар-Цъорбисы фӕндаг. Нӕ планы ма ис Мугутмӕ фӕндаг асфальт скӕнын дӕр, фӕлӕ нӕхимӕ асфальтгӕнӕн техникӕ нӕй ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕх-хуысмӕ. Ныфс нын бавӕрдтой ӕмӕ кӕд нӕ къухты бафта техникӕ, уӕд азы кӕронмӕ уыцы куыст дæр бакæндзыстæм.

Лопаны хъӕуы цӕрджытӕн рагӕй фӕстӕмӕ стыр зындзинӕдтӕ æвзӕрын кодта, рӕстмӕ арӕзт хид сын кӕй нӕ уыдис, уый. Ныр сын ацы аз сарæзтам ног хид.

Райцентры цы хид ис, уый дӕр рагӕй фӕстӕмӕ уыдис цалцӕгкӕнинаг ӕмӕ нын ацы аз бантыстис йе сцалцæг кæнын.

Поселочы 4 бирӕфатерон хӕдзӕртты агъуыстытӕ уыдысты раивинаг, сӕ цӕрджытӕ тынг тыхстысты æвзӕр боныгъӕдты рӕстӕджы. Ссардтам фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕ ногӕй раивтам.

Бӕрӕг хуыздæр рухс цæуынц поселочы уынгтæ. Ӕрмӕст поселочы нӕ, фӕлӕ ма хицæн хъӕуты дӕр сӕвӕрдтам цырæгътæ. Ацы хъуыддагыл дарддæр дӕр куыст цӕудзӕнис.

Цъорбисы хъӕуы райдыдтам аразын культурӕйы бӕстыхай. Планмӕ гӕсгӕ арӕзт хъуамӕ фӕуа фидӕн азы. Уый та стыр ахъаз фӕуыдзӕн хъӕуы адӕмы царды, уымӕн ӕмӕ сын фадат уыдзӕн хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ уадзынӕн.

Ноджы ма сцалцӕг кодтам районы рынчындоны сантехникон хӕххытӕ. Рагӕй фӕстӕмӕ уыдысты баивинаг ӕмӕ нын ныр бантыстис ацы проблемӕ дæр аиуварс кӕнын.

– Республикæйы алы районы цард дӕр баст у хъӕууон хӕдза-радимӕ. Знауыры районы цахӕм уавӕры ис хъӕууон хӕдзарад?

– Нӕ хъӕууон хӕдзарады фылдӕр хай махӕн баст у арендатортимӕ. Йӕ ныфс чи бахӕссы зӕхх бакусынмӕ, фос скӕнынмӕ, уыдонӕн рахицӕн кӕнӕм зӕхх. Бирӕтӕн ӕнтыстытӕ ис, чидӕртӕ нӕ сарӕхсынц, кӕнӕ та ӕндӕр аххосӕг-тӕм гӕсгӕ ныкъуылымпы вӕййынц. Проблемӕ вӕййы техникӕйӕ ифтонгады, – уалдзӕджы ӕмӕ фӕззӕджы  хуымгӕнӕн техникӕйӕ, сӕрды  комбайнтӕ ӕмӕ прессгӕнӕн техникӕйӕ. Нæ къухты ахӕм техникӕ нӕй, фӕлӕ адӕм сӕ тыхст рӕстӕджы уӕддӕр махмӕ ӕрбаулӕфынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ фарсмӕ балӕууӕм, бацамонӕм сын кӕдӕм хъӕуы бахатын техникӕйы тыххӕй. Ахӕм специалон техникӕйӕн нӕ республикӕйы цалдӕр азы размӕ арӕзт ӕрцыдис сервис. Ацы сервисмӕ хъӕуы куырдиат бадӕттын, цӕмӕй   рахицӕн кӕной ӕмбӕлон техникӕ. Техникӕ нӕ фаг кӕны ӕмӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уый ӕвзӕрын кӕны зындзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ боныгъӕд æнхъæлмæ нӕ кӕсы ӕмӕ куыстытӕн сӕ бакӕныны рӕстӕг ацӕуы. Мах сервисмӕ кӕй ницы бар дарӕм, уый бирӕтӕ не ‘мбарынц ӕмӕ нӕм хъӕстмӕ ӕрбацӕуынц.

Раздӕр ма хицауады ӕххуысы фӕрцы арӕзт ӕрцыдис парниктӕ. Уыцы программӕ ныр нал кусы, фӕлӕ дзы чи спайда кодта, уыдон ӕнтыстджынӕй кусынц. Сӕ продукци реализаци кӕнынц ам, бынаты, ӕмӕ горӕт Цхинвалы. Ӕз ӕй куыд зонын, афтӕмӕй ныр дӕр райсӕн ис Экономикон рæзты министрадыл  ӕххуыс. Хъӕуы бизнес-план саразын ӕмӕ бавдисын ацы министрадмӕ. Кӕд сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа дӕ хъуыды, уӕд дын рахицӕн кӕндзысты ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Ацы аз дӕр нӕ районӕй цалдӕр адӕймаджы райстой ахӕм ӕххуыс. Ис ма нӕм ахӕмтӕ, кӕцытӕ 2011-12 азты райстой кредиттӕ, фӕлӕ сын, ӕбӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, нӕ бантыстис бизнес райтынг кӕнын. Уыдонӕн та сӕ хъуыддӕгтӕ æвзарынц слестгӕнӕн органтӕ.

Фосдарды куыст дӕр нӕм цалдӕр фермеры кӕны, фӕлӕ районы масштабты уый хӕрзцъус у. Махмӕ та фосдарды куыстӕн хорз фадӕттӕ ис, фӕлӕ,  хъыгагӕн, нырма ацы хъуыддаг хуыздӕрхъуаг у. Ноджы ма баст у алыхуызон тӕссаг низты фæзындимæ. Ӕрӕджы, районы апарахат хуыниз – африкӕйаг емынӕ. Мадзӕлттӕ райсыны фӕстӕ, ацы низ ныр иу мӕйы бӕрц, йӕхи нал равдыста. Карантинон мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц ӕппынӕдзух. Ахӕм тӕссаг низ у ӕмӕ цӕмӕй бынтондӕр фесӕфа, уый тыххӕй ӕртӕ азы дӕргъы хуы мачиуал хъуамӕ дара. Адӕм та сӕ хуытӕ сӕхӕдӕг нӕ куынӕг кӕнынц ӕмӕ зиан ӕрхӕссынц сӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр.

Сӕрды ма ставдкъах фосыл апарахат ис низ нодулярон дерматит. Ацы низӕн вакцинӕ нӕ уыд ӕмӕ уый аххосæй разиан чындæуыд фосæн. Вакцинӕ ӕрласыны фӕстӕ низ фесӕфтис, рынчын фос нал ис районы. Ныр дӕр та хъуамӕ саразой вакцинаци, цӕмӕй фидӕнмӕ мауал фӕзына ацы низ.

– Цӕрӕнуатон проблемӕтӕ алы ран дæр вæййы. Куыд скъуыддзаг цӕуынц ахӕм фарстатӕ районы?

– Ацы фарста тынг ахсджиаг у ӕмӕ йын ӕвиппайды, цыбыр рӕстӕгмӕ нӕй аскъуыддзаггӕнӕн. Ис нӕм, ӕмбӕлон уавӕртӕ кӕмӕн нӕй цӕрынӕн, бирӕ сывӕллӕттӕ кӕм ис, ахӕм бинонтӕ. Уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ сты хуыздӕрхъуаг. Сарæзтам сын номхыгъдтӕ ӕмӕ нӕ нӕ фӕрӕзтӕ куыд амонынц, афтӕ сын ӕххуыс кӕнӕм. Зӕгъын хъӕуы уый ӕмӕ 1985 азӕй фӕстӕмӕ поселочы бирӕфатерон цӕрӕн бӕстыхæйттæ арӕзт нал ӕрцыдис. 2019 азы Инвестпрограммӕмӕ хаст ӕр-цыдис бирӕфатерон цӕрӕн бӕстыхай саразын поселочы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тыхст адӕмы номхыгъд бӕрӕг фылдӕр у ӕмӕ сын ацы бӕстыхай фаг нӕ уыдзӕнис, фӕлӕ уал уый дӕр хорз у. Стӕй та, дарддӕр дӕр, арӕзтад цӕудзӕнис.

Ӕрбахатынц ма мӕм хъӕуты цӕрӕг адӕм, цӕмӕй сын сӕ хӕдзӕрттӕ бацалцӕг кӕнынӕн феххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ бюджеты хисӕрмагонд хӕдзӕртты цалцӕг кӕныны тыххӕй ӕхцайы фӕрӕзтӕ нӕ вӕййы. Нӕ бон куыд у, афтӕ сӕм фӕкӕсӕм. Кӕд сӕ трактор фӕхъӕуы, кӕнӕ уӕзласӕн машинӕ, уӕд сӕм сӕ радтӕм. Материалон ӕххуыс дӕр бакӕнӕм иууыл тыхстдӕртӕн, фӕлӕ нын алкӕуыл аххӕссынӕн фӕрӕзтӕ нӕй.

– Цӕрджыты куыстӕй сифтонг кӕнын у ахсджиаг проблемӕ ӕгас республикӕйы. Знауыры районы та куыд у уавæр?

– Куыд зонӕм, афтӕмӕй куысты бынӕттӕ ис ӕрмӕстдӕр паддзахадон куыстуӕтты, фӕлӕ уыдон, фаг не сты. Махӕн фадæттæ нӕй, цӕмӕй алкӕмӕн куыст ссарӕм. Хорз уаид исты кондад нӕм куы ӕрцӕуид арӕзт, фермерон хӕдзарадтӕ нӕм куы фӕфылдӕр уаиккой, парниктӕ куы фӕфылдӕр  уаиккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, абон уавӕр у ӕвзӕр. Бирӕ адӕм нӕм ис ӕгуыст. Афтӕмӕй нӕ фӕсивӕд  куыстагур цӕуынц Цхинвалмӕ, чи та ноджы дарддӕр, ӕмӕ нӕ районы адӕмы нымӕц азӕй-азмӕ къаддӕр кӕны. Нӕ уавӕртӕ ӕмӕ нӕ нæ фӕрӕзтӕ куы амониккой, уӕд саразӕн бирӕ цыдӕртӕ ис. Нӕ хицауад дӕр ацы проблемӕ аиуварс кӕныны тыххӕй бирӕ мадзӕлттӕ исы ӕмӕ сабыргай ситуаци хуыздӕр кӕны. Ныфс мӕ ис ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ куысты бынӕттӕ дӕр кӕй фӕзындзӕнис.

– Районы скъолатӕ та куыд ифтонг сты зымӕгмӕ?

– Скъолатӕ ӕмӕ рӕвдауӕндӕттӕ мӕнӕн сты уӕлдай хъусдарды бын. Абоны бон иууылдӕр сты ифтонг алцӕмӕй дӕр, цухдзинад ницӕмӕй ӕййафынц. Ахалшены скъолайы зымӕгмӕ  сифтонг кодтам сугӕй. Районы  иннӕ  скъолаты  кусынц электрохъармгӕнӕнтӕ. Сугӕй ма сифтонг кодтам хъӕуты клубты ӕмӕ хъӕусоветты.

Знауыры астӕуккаг скъолайы хъазӕн фӕз уыдис ӕдзӕллаг уавӕры ӕмӕ йӕ сцалцӕг кодтам. Ныр дзы ӕдӕрсгӕйӕ уагъд цӕуынц уроктӕ.

Районы скъолатӕм ма ахуыр кӕнынмӕ цӕуынц уырыссаг ӕфсӕддонты сывӕллӕттӕ дӕр. Сӕ ныййарджыты сын арӕх афӕрсын ӕмӕ иууылдӕр тынг райгонд сты уавӕртӕй.

– Районы фӕсивӕд спорты сӕхи ӕнтыстджынӕй равдисынц. Дӕхӕдӕг дӕр спорт бирӕ уарзыс ӕмӕ дын хорз ахаст хъуамӕ уа ацы къабазмӕ. Цахӕм хъусдард ис спортмӕ районы къухдариуӕгады ‘рдыгӕй?

– Ӕз алыхатт дӕр архайын, цӕмӕй нӕ фӕсивӕд сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фӕхӕст уой спортыл. Уымӕн ӕмӕ спорт у ӕнӕниздзинад, дӕтты адӕймагӕн хъомылад. Ис нӕм секцитӕ шахматтӕй ӕмӕ гимнастикӕйӕ.

Стыр бузныг мӕ фӕнды зӕгъын нӕ Президент Бибылты Анатолийӕн. Уый фӕрцы, районы цы спортивон скъола ис дзюдойӕ, уый ӕвӕрд ӕрцыдис хицауады бюджеты балансыл. Раздӕр нын кӕд бӕстыхай хъарм кӕнынӕн рӕстмӕ фадӕттӕ нӕ уыдис, уӕд ныр та у алцӕмӕйдӕр ифтонг. Ардӕм цӕуынц ӕрмӕст бынӕттон цӕрджыты сы-вӕллӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма уырыссаг ӕфсӕддонты сывӕллӕттӕ дӕр.

Азы дӕргъы уагъд цыдысты алыхуызон ерыстӕ  футболӕй, волейболӕй, шахматтӕй. Районы ерысты 10-12 командӕ куы ӕрымбырд уа, уӕд уый хорз хъуыддагыл дзурӕг у. Уый нысан кӕны, фӕсивӕд кӕй цымыдис кӕнынц ӕмӕ се ‘ргом кӕй здахынц спортмӕ.

Поселочы ис стадион ӕмӕ дзы, ӕнӕмӕнгӕй, хъӕуы агъуыст саразын, цӕмӕй къӕвдабон адӕм кӕм ӕрбадой, уый дзы уа. Ацы агъуыст саразыныл ныридӕгӕн цӕуы куыст ӕмӕ тагъд рӕстӕджы арӕзт фӕуыдзӕнис.

– Джиуӕргуыбайы бонтӕ сты ӕмӕ иууылдӕр нӕхи фӕфӕдзӕхсӕм Хуыцауӕн, Уастырджийæн, фӕкурӕм хорздзинад. Цахӕм арфӕтӕ дӕ фӕнды ракӕнын дӕ адӕмӕн?

– Джиуӕргуыба ирон адӕммӕ кадджын бӕрӕгбон у, ӕмӕ мӕ фӕнды зӕрдиагӕй раарфӕ кӕнын мӕ районы адӕмӕн, мӕ районы адӕмы номӕй та – Ирыстонӕн! Азӕй-азмӕ фӕбӕллӕм, цӕмӕй ныл Джиуӕргуыба дзӕбӕхӕй сӕмбӕла ӕмӕ ныл ӕрвылаз дӕр хуыздӕрӕй цӕуӕд, царды хорздзинӕдтӕ нӕ алкӕй къухты дӕр бафтауӕд! Ӕз мӕ районы адӕмӕй сӕрыстыр дӕн ӕмӕ мын Хуыцау уыцы тых ӕмӕ хъару радтӕт, цӕмӕй сӕ зӕрдӕхудты макуы бацӕуон. Джиуӕргуыбайы бонтӕ ныл кӕддӕриддӕр цӕуӕд ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕмастӕй. Нӕ адӕмы ‘хсӕн алыхатт дӕр ӕмбарындзинад цы уа, уыцы арфӕ сӕ уӕд! Уастырджийӕ фӕдзӕхст ут!

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.