Нæ республикæйы иумæйагахуырадон уагдæтты ног ахуыры азыл куыд сæмбæлдысты, уый тыххæй Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элисо дзуаппытæ радта нæ уацхæссæджы фарстытæн.

– Дыууæ къуырийы размæ райдыдта ног, 2018-2019 ахуыры аз. Куыд ацыдысты ахуыры фыццаг бонтæ?

Ахуыры фыццаг бонтæ алы скъолайы дæр райдыдтой бӕрӕгбонон линейкӕтæй. Алы скъоламӕ дӕр ӕрвыст ӕрцыдысты Хицауады бӕрнон кусджытӕ, Парламенты депутаттæ. Зонындзинæдты бæрæгбоны тыххæй алы скъолайы дæр уагъд æрцыдис æмбарынгæнæн уроктæ. Алы мадзал дæр дзы ацыдис бæрзонд æмвæзадыл. Иу ран дæр не ‘рцыд фæткхалæн цау.

– Сæрдыгон каникултæ афтæ тагъд азгъорынц, æмæ бирæтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, бирæ цæуылдæрты нæ аххæссыдыстæм. Уæддæр уын цы бантыст саразын æмæ ма уын бакæнинагæй цы баззад?

Сӕрдыгон мӕйты скъолаты ӕмӕ сабидæтты ауагъд æрцыдысты цалцæггæнæн куыстытæ. Уый фӕстӕ ахуырадон  уагдӕтты кусджытӕ бакодтой ӕфснайæн куыстытӕ.

Куыд фӕстаг азты, афтӕ ацы аз дӕр Ахуырад ӕмӕ зонады министрад стыр куыст бакодта, цӕмӕй  ахуыргӕнинӕгтӕ  ифтонг ӕрцӕуой  ахуырадон литературӕйӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй бæрæг аххосæгтæм гæсгæ алчи нӕ райста  ног чингуытӕ, уымæн æмæ ахуыргæнинæгты нымæц бæлвырд æрцæуы ахуыры азы кæрон æмæ дыккаг азмæ чингуытæ æрцæттæ кæнæм уыцы нымæцмæ гæсгæ.  Фӕлӕ арæх уыцы нымæц фæфылдæр вæййы æдтейæ чи ‘рбацæуы, уыдонæй. Афтæ та фæстаг азты вæййы арæх.  Чингуыты тыххæй ма банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ 5, 6 ӕмӕ 7 къластӕн кæй нæ фаг кæнынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингуытæ.

– Нæ республикæйы скъоладзаутæ куыд арвыстой сæ сæрдыгон улæфтытæ? Цавæр мадзæлтты истой хайад æмæ сын цавæр ӕнтыстытæ уыд?

– Ацы аз нæ министрад сорганизаци кодта ӕрвылбонон сӕрдыгон лагерь Цхинвалы скъола-интернаты. Баулӕфыдысты дзы æртæ фæлтæры, æдæппæт 320 сывӕллоны. Уымæй дарддæр ма нæ ахуыргæнинæгтæ 140 сывæллонæй баулæфыдысты, Къуайсайы астæуккаг скъолайы цы лагерь уыд, уым. Ам ма 46 сывæллоны баулæфыд Донецк æмæ Луганскæй. 131 сывæлоны та сæ фæллад уагътой  Хъырым æмæ Абхазы.

Сывӕллӕтты æппӕтдунейон лагертæ «Орел» ӕмӕ «Орленокы» та  Хуссар Ирыстонæй улӕфыд 20 сывӕллоны.

Сæрдыгон улæфтыты рæстæджы не скъоладзаутæ хайад истой алыгъуызон мадзæлдты. Се нтыстытæ æмæ сæ арæхстдзинæдтæй рухс кодтой нæ зæрдæтæ. Уæлдай хуыздæр сæхи равдыстой нæ хæдбардзинады 10 азы бæрæгбонон мадзæлтты. Алчи дæр æнкъардта стыр бæрдзинад æмæ се ‘нтыст дæр уыд ахæм.

– Фехъуыстон, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуыргæнинæгтæ ацы ахуыры аз дзæвгар фæфылдæр сты. Цæй фæрцы фæфылдæр сты?

– Ацы аз фыццаг хатт скъолайы къӕсӕрӕй  бахызтысты 833 фыццагкъласоны. Ӕмтгӕй сисгӕйӕ, уый у тынг хорз бӕрӕггӕнӕн, фӕлӕ, сӕ фылдӕр хай бацыдысты горæты скъолатæм.  Районты  фыццагкъласонты нымӕц та кæмдæрты  къаддӕр фæцис.

– Фæнда нæ, æви нæ, уæддæр, скъолаты фæзыны зын хъомылгæнæн ахуыргæнинæгтæ.   Скъолайы раз цы хæстæ лæууы уыдон рараст кæныны тыххæй æмæ куыд æххæст цæуынц уыцы хæстæ?

– Скъолаты фӕлгӕтты стыр куыст цӕуы, ацы категоримӕ цы ахуыргӕнинӕгтӕ хауы, уыдонимӕ. Фӕлӕ ӕмбӕрстгонд у, хъомылад хӕдзарӕй, бинонты ‘хсӕнӕй кӕй цӕуы, уый. Сывӕллон бинонты хсӕнӕй куы нӕ рахӕсса ӕгъдау, уӕд  бирӕ хатт скъолайӕн дӕр йӕ бон ницы свӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр куыст цӕуы. Ацы аз Ахуырад ӕмӕ зонады министрад ралæууыд ахӕм хъæппæрисимæ, цӕмӕй нӕ республикӕйы скъолаты арӕзт ӕрцӕуа сывӕллӕтты ног организаци, кӕцы бындуриуӕг кӕндзӕн ирон ӕгъдауыл, йӕ сæндидзын кӕныныл. Сӕйраг у, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ сахуыр кӕной, цахӕм хъуамӕ уа сӕ уагахаст ӕмӕ бӕстонӕй фӕхӕст уой ирон ӕгъдæуттыл.

– Не скъолатæ куыд ифтонг сты ахуыргæнджытæй? Ацы аз æвзонг ахуыргæнджыты нымæц фæфылдæр?

– Фӕстаг азтӕ куыд ӕвдисынц, уымӕ гӕсгӕ, нӕ горӕты скъолаты арӕх нӕ фаг кӕнынц райдиан кълæсты, уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ. Уыцы хъуагдзинад районты у ноджы мæгуыраудæр. Ваканситы тыххæй телеуынынады фехъусын кодтам цалдæр хатты. Ныр та мӕ уавæрæй пайда кæнгæйæ, фæнды  фехъусын кæнын, цæмæй уæлдæр ахуырдзинад кæмæ ис æмæ чи нæ кусы, уыдон куырдиæттæ бадæттой районты ахуырады хайадтæм æмæ райдайой кусын.

– Цахæм ахастытæ уын ис  æндæр республикæты ахуырады министрадтимæ?

– Иууыл уӕрӕхдӕр бастдзинад нын ис Уӕрӕсейы Федерацийы Ахуырад ӕмӕ зонады министрадимӕ. Ӕнгом куыст кӕнӕм Цӕгат Ирыстон-Аланийы, афтӕ ма Абхазы ӕмӕ Донецкы Республикæты Ахуырадты министрадтимӕ.

– Куыд уыдзæнис 3-æм астæуккаг скъолайы хъысмæт, сæ ахуыртæ куыд цæуынц 12  скъолайы агъуысты?

– Ӕртыккаг скъола рӕстӕгмӕ ахуырадон-хъомыладон процесс уадздзӕнис Цхинвалы 12 астӕуккаг скъолайы дыккаг сменӕйы. Скъолайы дирекци сӕ хорз райста. Скъолайы ис алы уавӕр дӕр ахуырдзауты райрӕзтӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дыккаг сменӕйы  ахуыр кӕнын зын у, фӕлӕ нын ныртӕккӕ нæй ӕндӕр уавæр. Ныййарджытӕ хъуамӕ фылдæр хъусдард аздахой сӕ сывӕллӕтты режиммӕ, цӕмӕй афоныл фынӕй кӕной. Уӕд сыл дыккаг сменӕйы ӕндӕвдад дӕр афтӕ тынг нæ бандавдзæн.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.