ГОБОЗТЫ Вячеслав – политолог, ХИПУ-йы ахуыргæнæг, Генералон прокуратурæйы æхсæнадон советы уӕнг, фыццаг, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг парламентон ӕрсидтыты депутат

 

– Ацы азы егъаудæр политикон цау, æнæмæнг, уыдис президентон æвзæрстыты кампани. Фыццаджыдæр, республикон æвзæрстон закъондæттынады хъуагдзинæдтæ ирдæй рабæрæг кодта, йæ архайджыты политикон культурæ дæр бирæ фарстатæ ныууагъта. Цавæр хъуыдытӕ дӕм ис ивгъуыд ӕвзӕрстыты тыххӕй?

– Кæд æмæ ацы кампани егъау хъуагдзинæдтæ сбæлвырд кодта, уæддæр дзы хорздзинæдтæ дӕр уыдис. Зæгъæм, не ‘взæрстон системæ идеалон æгъдауæй æххæст кæй нæу, уый зыдтам. Хуссарирыстойнаг цардыуагмæ уæрæсейаг закъæтты адаптаци кæныны практикæ нæм рагæй ис. Уыцы закъæттæ-иу хатгай æргом рафыстой, бынæттон спецификæйыл-иу къух ауыгътой æмæ закъондæттынады фæзындис стыр «хуынчъытæ». Уæддæр-иу нын алы хатт дæр бантыст æвзæрстытæ æнæ стыр змæстытæй куыддæртæй ауадзын – æвæццæгæн, нæма фесæфт нæ ирон хæрзуагдзинад, æхсæнадон æнæфыст æгъдауы тых нæма скуынæг.

Фæлæ ацы азы æвзæрстытæ та ирдæй равдыстой  –  хицауад балæгæрста уыцы æгъдæуттыл, уыцы æхсæнадон мидбадзырдтыл, бахызти хæрзуагдзинады «сырх хæххыты» сæрты, æнæвгъауæй сæ ныссæрфта. Цыфæндыйæ дæр хицауад сæхи къухты бауромыны сæраппонд, республикæйы уæды разамынад ницæмæй уал æфсæрмы кодта. Ахæм уавæримæ фыццаг хатт сæмбæлдыстæм. Дыккаг хатт нын æвзаринаг хъуамæ макуыуал суа. Уый тыххæй та хъæуы закъондæттынады алы дамгъæ, алы къæдзыг æмæ стъæлфмæ дæр лæмбынæг æркæсын, цæмæй дзы мауал уа бынат алыхуы-зон интерпретацитæн æмæ æмбарынгæнинæгтæн.

– Дунеон историйыл куы афæлгæсæм, уæд фендзыстæм – æгæрон барты уæз æнтыстджынæй хæссын зæххон адæймӕгтӕй никӕмӕн бантыст. Сусӕггаг нӕу, мах президен-тӕн дӕр бирӕ бартӕ ис, ӕмӕ уыцы бынатмӕ ӕбӕрнон исчи бахаудта, зӕгъгӕ, уӕд ахӕм адӕймаг йӕ бынаты баззайыны охыл фыдбылызтӕ дӕр ӕрхӕссы. Ацы темӕйыл мӕ фӕнды хицӕнӕй аныхас кӕнын – вазыгджын у, хицӕн стыр политологон интервьюйы кӕннод та тымбыл фынджы аккаг, ныр та уал нæ дзырды сæрмæ раздæхæм. Чысыл раздæр бафиппайдтай, зæгъгæ, ивгъуыд кампанийы уыдис хорзæфтауӕны хатдзӕгтӕ дæр…

– Раздӕры хицауадӕн закъонхалæг фыдракæндты фæрцы рамбулын кæй нæ бантыст, гъе, уый у ивгъуыд æвзæрстыты стырдæр æнтыст.

Уый егъау хорзæфтауæны нысан у, уымæн æмæ ацы хицауад ивд куы не ‘рцыдаид, уæд уый уыдаид национ катастрофæ. Уымæн æмæ, иуæрдыгæй, хицауиуæггæнæг фыдгæнджытæ бынтон сæ рохтæ суагътаиккой,  адæм та æппынкъаддæр æвзæрстытæм нал цыдаиккой, ома, бафæрсæг нæ куы нæй, уæд нæ рæстæг дзæгъæ-лы цæмæн сафæм. Нырыонг алы æвзæрстыты сæйраг мидис уыдис – ацы хицауад нæ зæрдæмæ нал цæуы æмæ йæ нал равзардзыстӕм. Ахæм принцип махӕн уыдис æхсæнадон сабырдзинад æмæ паддзахады уагæвæрд хъахъхъæнæг, уый нæй, зæгъгæ, уæд Дзабиты Иналы амарыны фæстæ хицауад йæ бынаты иу уысм дæр нал баззадаид. Ома, æрцыдаид змæстытæ, ныхмæлæудтæ, террор æмæ æндæр фыдбылызтæ.  Уымæ гæсгæ та мæ ноджы дæр фæнды бахахх кæнын – 2022 азы æвзæрстыты фæлгæтты республикæйы сæргълæууæг ивд кæй æрцыд, уый у стыр, егъау хорздзинад.

Ныр алы ног хицауад дæр хъуамæ бамбара адæмы фæдзæхст – лæппутæ, тыхгæнджыты фæндаг куы равзарат, уæд уæ бынæттæй фесхъиудзыстут!..

Уыимæ иумæ, махæй рохуаты нæу нæ хуссайраг сыхаджы ахаст, рох нæу, ныридæгæн нæ «оккупацигонд территори» чи хоны, ахæм политикон тыхтæ дæр ацы уæрæх дунейы бирæ кæй сты. Иугæндзонæй нæм лæмбынæг кæсынц æмæ та сын радон хатт равдыстам – кæд искуы ис æвзæрстытæ, уæд мæнæ Хуссар Ирыстоны. Ӕцæг оккупацигонд территориты æвзæрстытæ никуы вæййы.

– Ӕнæмæнг, æвзæрстон закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы. Куыд дæм кæсы, кæцы барадон документтæй хъуамæ райдайæм?

– Нырыккон Конституци ист æрцыд 2001 азы, растдæр президентон æвзæрстыты размæ. Кандидаттæй алкæмæн дæр уыдис йæхи фæндтæ бахæссыны фадат. Лæмбынæг куыстæн та рæстæг нал фаг кодта, æмæ дзы цы хъæндзинæдтæ ис, уыдон, мæнмæ гæсгæ, уыцы тагъддзинады аххос уыдысты.

Дыууæ азы ма баззад парламентон æвзæрстытæм, æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, ног азы онг хъæуы бæстон, уæхскуæзæй бакусын, фыццаджыдæр, æвзæрстон процесс регуляцигæнæг закъæттыл. Цалдæр сты ныртæккæ: æвзарджыты бартæ гарантитæдæттæг, президентон æвзæрстыты закъон, парламентон æвзæрстыты закъон æмæ æнд. Дзæбæх ахъуыды кæнæм æмæ райсæм Иугонд æвзæрстон кодекс, кæцы регуляци кæндзæн алы æвзæрстон процесс дæр, президентон уа, парламентон, суанг горæтон, районон æмæ хъæууон æвзæрстыты онг. Уыцы барадон документтæн сæ бæрæг æрдæг, ома, фæндзай процентæй фылдæр, иуфæткон сты, уымæ гæсгæ Иугонд æвзæрстон кодексæн саразæн ис ацы азы кæронмæ.  Хорз уаид, президенты цур куы уаид сæрмагонд аналитикон къорд, политикон-барадон уавæр профессионалон æгъдауæй чи равзара, ахæм.  Политикон реформæты рæстæг кæй æрцыд, уый та дызæрдыггаг нæу.

– Дыууæ мæй æмæ æрдæгæй фылдæр Хуссар Ирыстоны ис ног президент Гаглойты Эдуарды фырт Алан. Цæстуынгæ, бындурон ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц дзыллæтæ. Нырыонг иунӕг популистон уынаффӕ дӕр нӕма федтам ӕмӕ уый иттӕг хорз нысан у мӕнӕн. Ды та цы зӕгъдзынӕ, приоритетон ӕгъдауӕй цавӕр фарстатыл хъуамӕ райдайой кусын нӕ президент ӕмӕ йӕ командӕ?

– Уыцы-иу системӕ иу хаттӕй иннӕ хаттмӕ, дӕсгай азты дӕргъы змӕсты къуыбылойы эпицентры арӕх куы ӕвзӕра, уӕд ӕй зон – системӕ йӕхӕдӕг у ивинаг, ӕппынкъаддӕр та домы ка-питалон цалцӕггӕнӕн мадзӕлттӕ. Райсӕм барадхъахъхъӕнынадон ӕмӕ тӕрхонгӕнӕн системӕтӕ. Ацы фадыгты куыст тынг арӕх, бӕлвырддӕр та иугӕндзонӕй, критикӕгонд цӕуы – хъыгагӕн, раст критикӕ вӕййы. Кадрты рӕдыдтыты фӕдыл адӕмы раз дзуапп чи дӕтты? Президент. Уымӕн ӕмӕ йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ фи-даргонд цӕуы йӕ куысты бынаты тӕрхонгӕнӕг уа, министр уа, алы бӕрнон кусӕг дӕр. Министры бынаты сӕвӕрыны фӕдыл бардзырд – уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Тӕрхонгӕнджыты та, мӕнмӕ гӕсгӕ, се ‘ппӕты дӕр хъӕуы ӕвзарын. Бирӕ паддзахӕдты ис ахӕм системӕ ӕмӕ йӕхи ӕвзӕр нӕ равдыста. Ӕз афтӕ нымайын, ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн дӕр сбӕздзӕн. Ӕххӕстхӕдбар тӕрхондонтӕ никуы ис, уый зонын, фӕлӕ уӕддӕр ахӕм системӕ хуыздӕр у. Хицӕнӕй нӕ саразын хъӕуы апелляцион ӕмӕ конституцион тӕрхондонтӕ. Уӕлдӕр тӕрхондонӕн та баззайӕд цӕстдарӕн функцитӕ.

Ӕххӕстгӕнӕг, закъондӕттӕг хицауӕдты равзарыны бар нын кӕд ис, уӕд ныл тӕрхон чи кӕны, уыдон ӕвзарыны бар та цӕуылнӕ хъуамӕ уа? Барадхъахъхъӕнæг структурӕты куыст фӕхуыздӕр кӕнынӕн та, мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ бон у эффективон механизмтӕ саразын, ома, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ архайд кӕм райсой, сӕ фӕндонтӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ кӕм раргом кӕной…

– Цӕстуынгӕ ивындзинӕдтӕ кӕд фендзыстӕм, куыд дӕм кӕсы?

– Ӕрхӕстӕг кӕнынц президентон хицауады сӕдӕ боны. Сӕйраг тенденцитӕ уыцы минималон рӕстӕджы рабӕрӕг вӕййынц. Августы мӕйӕ ма ӕртӕ къуырийы баззад. Уый размӕ президент ӕмӕ йӕ командӕйы бахъуыд ӕвӕстиатӕй инвестицион программӕ ӕмӕ референдумы фарстатыл бакусын. Уымӕ гӕсгӕ уал ва-зыгджын политикон фарстатӕ, кадрон фарстатӕ дыккаг пъланы аззадысты.  Мӕнмӕ гӕсгӕ, сентябры нӕ бирӕ фарстатӕн дзуаппытӕ исын райдайдзыстӕм. Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъын фӕнды уый дӕр ӕмӕ Гаглойты Алан Эдуарды фырт сарӕхсдзӕн. Хъусын зоны, хатдзӕгтӕ кӕнын зоны. Ноджы ма йӕм ис тынг хорз миниуӕг – ӕцӕг специалистты хъуыдытӕм хъусы ӕмӕ сӕ нымайы.

– Кӕронбӕттӕны йын уӕдӕ иумӕ зӕгъӕм: «Уӕлахиз у, Алан  Эдуарды фырт!»

– Ӕнӕмӕнг афтӕ уыдзӕн!

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.