Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Кады Орденæй схорзæхджын кодта Цæгатирыстойнаг проектон  институт «Севоспроект»-ы техникон директор Магкеты Хъауырбеджы.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы номæй уый Магкеты Хъауырбегæн загъта бузныджы ныхæстæ Хуссар Ирыстоны арæзтадон фадыгмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта дарддæры æмгуыстадæй.

 «Æз республикæмæ æрцæуын арæх æмæ мæ фæнды банысан кæнын, уый стабилонæй кæй рæзы, фæстаг рæстæджыты дзы бирæ ивындзинæдтæ кæй æрцыд. Æхсызгон мын у, æз уыцы хъуыддагмæ бар кæй дарын, уый. Уый мын тынг ахсджиаг у. Хуссар Ирыстон рацыд зын, хъайтарон фæндагыл æмæ у сабырæй, æдасæй цæрыны аккаг. Ме стыр бæллиц у иугонд Ирыстон фенын. Уадз æмæ фарн алы-хатд дæр уа уемæ», – загъта Магкеты Хъауырбег.

Магкеты Хъауырбег кусы архитектурæйы æмæ проекттæ аразыны фадыджы 35 азæй фылдæр. Йæ хайадистæй республикæйы территорийыл арæзт æрцыд бирæ бæстыхæйттæ, цалцæг æрцыдысты пырх цæрæнуæттæ, сæйраджыдæр, Хъайтарты уынджы цæрæнуатон комплекстæ. Уый активонæй æмгуыстад кæны Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадимæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы фарстытæ реализаци кæныны фадыджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.