Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийæ кусæгон балцы æрцæуæг делегациимæ фембæлды фæстæ, дыккаг бон нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли ауагъта кусæгон æмбырд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хсæн социалон-экономикон æмгуыстадмæ хауæг фарстаты фæдыл.

Æмбырды куысты уæрæсейаг фарсæрдыгæй хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы Фæсарæйнаг бæстæтимæ  æхсæнрегионалон культурон бастдзтинæдты Управленийы хистæр Игорь Маслов æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Марат Кулахметов.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй – Президенты Администрацийы Сæргълæууæг Козаты Игорь, Хиауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, Хъæууонхæдзарады министр Мæргъиты Алан, Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ æмæ æндæртæ.

Бацæуæн ныхасы фæстæ Бибылты Анатоли банысан кодта, боны фæткы кæй ис, Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн чи ахъаз кæны, ахæм программæтæ æнтыстджынæй реализаци кæнынæн механизмтæ бакусынимæ бастуæвæг  фарстатæ.

– Ацы æмбырды мах хъуамæ лæмбынæг сахуыр кæнæм æппæт фарстаты дæр, æмæ сфидар кæнæм Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты механизмтæ. Программæ цæттæ у, мах æй нæ коллегæтимæ сахуыр кодтам, баззадис ма нын рмæстдæр техникон фарстатæ æрбиноныг кæнын, кæцытæ баст сты, цæмæй ацы программæ республикæйы Хицауад æмæ Парламент сфидар кæной, уыимæ. Фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы хъуыддаджы фæдыл мацы проблемæтæ хъуамæ фæзына, уымæн æмæ программæ здæхт у республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзт æмæ адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр кæнынмæ, – загъта Бибылты Анатоли.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта, ацы программæйыл кæимæ куыстæуыд, уыцы коллегæтæн, уый Хуссар Ирыстоны рæзтæн серьезонæй кæй фæахъаз уыдзæн, уый банысан кæнгæйæ, афтæ ма Уæрæсейæ истцæуæг дотаци фæкъаддæр кæнгæйæ, фæфылдæр уыдзысты республикæйы æфтиæгтæ.

Игорь Маслов дæр йæхи рады банысан кодта, программæйæн кæй ис комплексон характер, æмæ йæ нысанмæздæхтдзинад та ис уый мидæг, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон 2025 азмæ схиза Цæгат Кавказы Федералон зылды экономикон рæзты æмвæзадмæ, æмæ республикæйы цæрджыты æмвæзад та уа ноджы бæрзонддæр.

– Ацы программæ æнтыстджынæй реализаци кæныны сæйраг рахæцæнтæй иу у хицауиуæгады æппæт органтæ дæр æнгомæй кæй кусынц, уый.  Программæйы фарс Республикæйы Хицауад, Парламент æмæ адæм куынæ рахæцой, уæд ын реализаци кæнæн ницыхуызы ис, – загъта уый.

Игор Маслов ма банысан кодта уый дæр, гæнæн кæй ис æмæ программæ реализаци кæныны рæстæджы бахъæуа экономикон реформæтæ ауадзыны сæр.

– Программæйы нысан у, цæмæй республикæ цæрынхъом уа йæхи фæрæзтæй æмæ йæ ма хъæуа фæрсаг субсидитæм æнхъæлмæ кæсыны сæр, – загъта уый, Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады æппæт къабæзтимæ æнгом куыст кæнынæй ныфс кæй æвæры, уый банысан кæнгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.