Инвалидты куыстæй ифтонг кæныны фæдыл сæ бартæ Цæгат Ирыстоны куыд хъахъхъæд цæуынц, уый сбæрæг кодта республикæйы прокуратурæ æмæ дзы ссардта бирæ закъонхалыны цаутæ.

 Нæ бæстæйы Конституцимæ гæсгæ паддзахады хæс у инвалидты социалон бартæ хъахъхъæнын æмæ сын æнæниз адæмимæ æмхуызон уавæртæ аразын сæ æмбæстагон, экономикон, политикон æмæ æндæр бартæ æххæст кæнынæн.

Ног закъонмæ гæсгæ, куыстдæт-тæджы хæс у инвалидтæн сæхи аккаг куысты бынæттæ гом кæнын æмæ сæ исын, уавæртæ сын саразын, куыстдæттæг службæтæн хъусын кæнын сæрибар кусæн бынæтты тыххæй.

РЦИ – Аланийы адæмæн куыст-дæттыны службæйы разамонæг Платы Альбинæ куыд бафиппайдта, аф-тæмæй республикæйы амалхъом адæм сæ куыстуæттæм, йе ʻнæниздзинад цауд кæмæн у, уыдон зивæггæнгæ исынц. Кæй айсынц, уыдоны дæр ацы программæйы руаджы, фæлæ сæм зæрдиаг ахаст кæй нæ вæййы, уымæ гæсгæ сæм бирæ нæ бафæстиат вæййынц. Æмæ та сæ хъуыддаг куыст-дæттыны службæмæ æрхауы. Уым сын цыбыр рæстæгмæ фидынц компенсаци, фæлæ уый дæр цасы фаг у?…

 Прокуратурæ сбæлвырд кодта инвалидты тыххæй закъон чи не ‘ххæст кæны, ахæм цалдæр куыстуаты æмæ сæм барвыста бавдыст – домæнтæ, цæмæй закъонхалыны цаутæ аиуварс кæной. Бирæтæ  баййæфтой административон æмæ материалон æфхæрд.

Прокуратурæйы кусджытæ æмæ амынд службæйы специалисттæ ма арæх уадзынц рейдтæ, официалон уагæй чи нæ кусы æмæ закъонон уагыл мызд чи нæ исы уыдон раиртасыныл. Бæрæг куыд у, афтæмæй хисæрмагонд куыстуæтты разамонджытæн пайдадæр у кусæджы официалон уагæй ма срегистраци кæнын куыстуаты, цæмæй сын хъалонтæ ма фидой хъалонты инспекци æмæ пенсион фондмæ. Ахæм уавæры кусæг иунæг социалон зæрдæдарæн дæр нæ исы, нæй йын фидгæ отпуск, ничи йын бафиддзæн йæ рынчыны бонтæн. Фæлæ, сæйрагдæр, иунæг сом дæр ын пенсион фондмæ нæ цæуы, уый та сомбон цæмæ æркæндзæн, уæлдайдæр пенсион карыл куы бафтыдтой, уæдæй, уый амонын никæмæн хъæуы. Стаж адæймаджы куыд тынг хъæуы, уый уæд рабæрæг уыдзæн. Фæлæ тыхст, æгуыст адæм алцæуылдæр разы сты, æрмæст сын куыст уæд.

 Амынд рейдтæ дыууæ азы дæргъы бирæ ахæм фæллойадон æгъдаухæлдтытæ сбæрæг кодтой. 2018 азы сæ къухы бафтыд минмæ æввахс кусæджы официалон куыстмæ раивын кæнын. Ацы аз ахæм кусджыты куыстуæтты ссардтой, уыцы 6500, уыдонæй уал цалдæр бонмæ 100 адæймагæй фылдæрæн бафыссын кодтой фæллойадон бадзырдтæ сæ куыстуæтты хицæуттимæ. Платы Альбинæ куыд банысан кодта, афтæмæй бацархайдзысты, цæмæй иу азы æмгъуыдмæ алы адæй-маг дæр куса закъоны бындурыл.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.