Цымæ ма цавæр ног закъон ис рахæссæн, бæлццæтты æдасдзинадæн чи фæахъаз уа? Æнæхъæн Уæрæсейы уавæр кæуинаг у, фæлæ Ирыстоны хуызæн – никуы. Уымæн æмæ Ирыстоны адæм се ‘ппæт дæр кæрæдзийæн хион æмæ зонгæ сты æмæ та арæх, йæ къухмæ руль чи никуы райста, сæ уыцы хæлæрттæн æмæ  хæстæджытæн дæр шофыры бартæ рауæй кæнынц кæнæ та сын сæ фыдракæндтæ ныххатыр кæнынц. Æмæ адæм сæфынц фыдвæндæгтыл.

Цæгат Ирыстоны Паддзахадон инспекци ма цы нæ мадзæлттæ æрхъуыды кодта æбæрнон шофырты ныхмæ, ахæм ницыуал ис, фæлæ уавæр нæ хуыздæр кæны. Къуыри дыууæ, æртæ хатты уæддæр вæййы стыр аваритæ, фылдæр хатт – уды зиæнттимæ.

Шофыр машинæйыл куы сбада, уæд йæхимæ хъуамæ райса бæрнондзинад канд йæхи цардыл нæ, фæлæ бæлццæтты цардыл дæр. Фылдæр фыдбылызтæ æрцæуы нозтджын æмæ æвæлтæрд шофырты аххосæй.

Бæстæйы Юстицийы министрады зæрды ис «Административон барадхæлдтыты тыххæй» ног кодексы проектмæ æмбæлгæ бафтауинаг бахæссын. Афæдзы дæргъы фæндагыл цæуыны фæтк æртæ хатты гуымиры хуызы чи фехала, уыцы уæрæсейаг хæдтулгæскъæрджыты 18 мæйы æмгъуыдмæ æвдисæндартæй фæцух кæндзысты. Фæндаджы ныхмæцæуæг тæлммæ рахизыны, сырх рухс ницæмæ æрдарыны æмæ тыгъдад сахатмæ 60 километрæй фылдæр фæкæныны тыххæй хæдтулгæ скъæрæджы ныхмæ арæзт æр-цæудзысты æфхæрæн мадзæлттæ, бафтаудзысты ма сæм камерæтæ кæй ныффыстой, уыдон. Уымæй уæлдай, 16 азæй кæстæр сывæллæтты нозтджынæй чи ласы, уыцы хæдтулгæскъæрджыты ныхмæ арæзт æфхæрæн мадзæлттæ дæр фæкарз уыдзысты: барадхъахъхъæнджыты бон у ахæм шофырты 50 мин сомæй фæивар кæнын æмæ йын æртæ азы æмгъуыдмæ йæ шофыры бартæ байсын.

Ацы бонты дæр та республикæйы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ аразынц радон профилактикон рейдтæ. Йæ аххосаг у фæстаг рæстæг уды зиæнттимæ цы цалдæр уæззау фæндаггон фыдбылызы æрцыд, уый. Инспекцийы кусджытæ бæрæг æмæ ивар кæнынц, сæ шофыры бартæ сын байсгæйæ ногæй рулыл чи сбадт, стæй нозтджынæй чи скъæры, уыдоны. Дыууæ бонмæ уал ахæм æгъдаухалджыты нымæц ахызт  42 адæймагæй. Уыдонæй чи æхцайæ иваргонд æрцыд, кæмæн йæ бартæ байстой.

Автоинспекцийы республикон управлени адæмы зæрдыл лæууын кæны: шофыры бартæ кæмæ нæ уа, афтæмæй хæдтулгæйы рулыл чи сбада, уыдон иваргонд цæуынц 5 минæй 15 мины онг, уыимæ, раздæр тæрхондоны уынаффæйæ йæ шофыры бартæ рæстæгмæ кæмæн байстой, фæлæ та ногæй йæ къухмæ руль чи райста, уыцы шофыртæ та иваргонд цæудзысты 30 мин сомæй кæнæ 15 суткæ ахæстоны абадынæй.

Уæлдæр амынд æууæлтæ хынцгæйæ, автоинспекци фæндаггон змæлды æппæт архайджытæм дæр сиды, цæмæй æнæаиппæй æххæст кæной барадон фæтк æмæ æдасдзинады æппæт домæнтæ дæр æмæ бæлцæтты фыдбылызы мауал æппарой.

                                                                                      Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.