Цыппæрæмы изæры æнæхъæн республикæйыл айхъуыст, Цæгат Ирыстоны Парламент æнæрадон сесси кæй уадзы, уый. Боны фæткы та уыд вирусы ныхмæ вакцинаци (кюар-код) хъæуы æви нæ? Ныхас цыд федералон закъон «О санитарно-эпидемиологическом благополучии населения» сфидар кæнын кæнæ йæ ныхмæ схъæлæс кæнын. Сессимæ журналистты хæстæг нæ бауагътой. Алкæй дæр стыр ныфс уыд, нæ бартæ нын Парламент кæй бахъахъхъæндзæн, уымæй. Фыццаг æркас-ты сæ фылдæр схъæлæс кодтой ацы æнæхайыры кюар-коды ныхмæ, фæлæ та ногæй сфæлхатт кодтой хъæлæс кæнын æмæ уæд сæ къухы бафтыд закъон сфидар кæнынæн фылдæр хъæлæстæ райсын.  Уый нысан кæны, æмæ бирæты сразы кодтой сæхи фæндоны ныхмæ рацæуыныл. Афтæмæй 44 депутаты схъæлæс кодтой йæ сæрыл, цыппар – йæ ныхмæ, дыууæ та æппындæр нæ хъæлæс кодтой. Æмæ сфидар кодтой ног закъон: нырæй фæстæмæ æнæ ацы кюар-кодæй æхсæнадон бынæттæм, транспортыл бадæн, кафетæм, дуканитæм цæуæн никæмæн уал ис. Хъæуы дæ, нæ дæ хъæуы, хъыг дын кæны, уæддæр æй скæн, кæннод дæ хæдзарæй дæ сæр мауал радар. Нæ закъонæвæрджытæ цъыф бакалдтой сæ адæмы цæсгæмттыл. Фæстæдæр телеуынынадæй радзырдта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев. Куыд загъта, афтæмæй ацы закъонæн ис стыр социалон нысаниуæг æмæ ахæм фæндон рахастой адæмы æнæниздзинадыл, санитарон-эпидемиологон уавæ-рыл хъуыды кæнгæйæ.

Адæмы уавæр æвзæр ныр уыдзæн, æхсæнадон бынæттæм, стыр ду-канитæм, ресторан-кафетæм æмæ стыр змæлд кæм ис, бирæ æндæр ахæм рæттæм куынæуал цæуой, уæд. Æмæ уæд кæуинаг уавæрмæ æрцæудзæн базарады куыст чи кæны, уыдоны уавæр дæр, куы ничиуал сæм цæуа, уæд, стæй цардуаджы системæ æппæтæй дæр. Уый та æнæмæнг æркæндзæн æхсæнады змæстытæм. Ахæм лæвар ракодтой ирон адæмæн не стыр бæрæгбоны.

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ дыккаг хатт хъæлæс кæныны протесты хуызы нал архайдтой КПРФ-ы депутаттæ. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутат Ортабайты Тимур та йæ депутаты бартæ æрæвæрдта. Ацы адæм сæ къæлæтджынтæй сæ намыс сæвæрдтой уæлдæр æмæ адæмы цæсты баззадысты хъæбатыртæй.

Æвæццæгæн та сын ахæм бардзырд уыд уæле? Æмæ уæд бирæ регионтæ цæуылнæ сразы сты уыцы закъон райсыныл? Цæмæн хъæуы ахæм Хицауад æмæ Парламент, йæ адæмы сæрыл ныхас зæгъынхъом чи нæ у?  Æмæ æлгъитынц мæстджын адæм ацы цард змæнтджыты…

 

РÆЗТЫ  ФАРСТАТÆ – УÆРÆСЕЙЫ РАЗАМЫНДИМÆ

Цæгат Ирыстонмæ хъуыддаджы балцы ссыд Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак. Йæ балцы сæйраг нысан уыд Цæгат Кавказы Федералон зылды рæзты тыххæй Уæрæсейы Президент Владимир Путины ныстуантæ сæххæст кæнын.

Цæгат Ирыстоны уæвгæйæ, уазæг æрзылд цардуаджы æппæт объекттыл æмæ рахаста бирæ хъæугæ уынаффæтæ.  Зæгъæм, республикæйы æмхæст социалон-экономикон рæзт, инвестицитæн уавæртæ аразын æмæ цæттæ проекттæ царды уадзын, национ программæтæ цæттæ кæнын æмæ æндæртæ. Федералон чиновник куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы экономикæйы къабаз ис рæзты фæндагыл.

Александр Новак, Президенты ныстуантæ фехъусын кæнгæйæ, загъта, республикæйы хæстæг рæстæджы арæзт кæй хъуамæ æрцæуа уæлæмхасæн инвестицитæ, уый тыххæй уал фыццагдæр хъæуы инвесторты æргом раздахын. Уыдон здæхт уыдзысты ног куысты бынæттæ радтынмæ, хи продукци уадзынмæ, хъæууон хæдзарады рæзт, туристон кластер æмæ чысыл бизнесæн æххуысмæ.

Уазæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй уал Фиагдоны хæстæгдæр рæстæджы æвæстиатæй райдайын хъæуы республикæйы пульмонологон центры арæзтад, зæронд центры бæстыхай та 2022 азы реконструк-ци скæнын Федералон инвестицион программæйы фæлгæтты.

Новак сæйрагдæр йе ʻргом аздæхта Беслæны хæрзвадат скæныны фарстатæм. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæджы бындур æрæвæрын хъæуы дыууæ скъолайы арæзтадæн, реабилитацион центрæн, æвзонг техникты станцæйæн, музыкалон скъолайæн, Сывæллæтты сфæлдыстадон центрæн, цæрæн-коммуналон хæдзарады коммуникацитæ раивынмæ, фæндæгтæм базилынмæ, стадионы реконструкци, фыццæгæм скъолайы мемориалы арæзтад бакæрон кæнынмæ, теракты хъыгдардбаййафджытæн курортты æмæ санаториты баулæфынæн уавæртæ саразынмæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг ма бабæрæг кодта туристон кластер «Мамысон»-ы арæзтад, Мæздæджы электрон тыхдæттæн ног технологон объект «Алания», завод «Янтарь» æмæ æндæртæ.

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны тынг бирæ ис, дзæгъæлы лæудæн æвгъау чи у, ахæм промышленнон фæзуæттæ, раздæры куыстуæттæ, æмæ нæ зæр-дæ дарæм бæстæйы разамындыл. Уыдоны æххуысæй нæ къухты бафт-дзæн æппæт дæр.

Александр Новак æмæ Сергей Меняйло дзуаппытæ радтой журналистты фарстытæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.