Бæрæг куыд у, афтæмæй Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Наниты Сосланы хъæппæрисæй февралы мæйы райдиан нæ горæты байгом паддзахадон интернет-аптекæ. Интернет-аптекæйæн арæзт æрцыд сайт http www, aftek. Shop. Фæдзурæн та йæм ис ахæм номыртæй 8. 929-812-66-16. Уым гæнæн ис радтæн заказ хæдзарæй æнæрахизгæйæ. Ацы лæггæдтæй пайда кæныны фадат ис нырма æрмæстдæр горæты цæрджытæн. Аптекæ заказтæ исдзæн райсом 9 сахатæй æхсæв 24 сахаты онг. Уый нырма у эксперименты хуызы, кæд æмæ цæрджыты зæрдæмæ цæуа æмæ йæ куысты мидæг ницы згъуыдтытæ рабæрæг уа, уæд фæстæдæр та ахæм аптектæ конд æрцæудзысты республикæйы районты, цæмæй дæрддзæф хъæуты цæрджытæн бынатмæ хæссой, цы хос сæ хъæуы, уый.

Интернет-аптекы лæггæдтæй нæ горæты цæрджытæй бирæтæ райдыдтой пайда кæнын. «Цалдæр боны размæ æрбарынчын дæн. Мæ туджы æлхъывдад бæрзонд уыд. Фæскомцæдисы уынджы цæрын, хæстæг нæм аптек нæй. Иунæг сылгоймаг дæн кæмæн фæцума кодтаин, уый нæ уыд. Уалынмæ мын мæ зонгæ сылгоймаг ацы аптекæйы номыр радта. Хосты номхыгъд сын загътон æмæ 10 минутмæ мæ хæдзары раз машинæ æрбалæууыд. Хостæ мын кæй æрбаластой, уый тыххæй 100 сомы бафыстон. Æз уыцы уысм ахæм уынгæджы уыдтæн æмæ мын 500 сом куы загътаид, уæддæр разы уыдаин», – зæгъы  Хъæцмæзты  Разиат.

«Рынчын кæй дæн, уымæ гæсгæ бирæ азты æддæмæ нал хизын. Мæ чызг къуыри иу хатт æрцæуы хъæутæй, хæлцадон продукттæй мæ сифтонг кæны æмæ та фæстæмæ аздæхы йæ бинонтæм. Æрæджы мæ уавæр февзæрдæр, искæйы хостæм арвыстаин уый фадат мын нæ уыд, æхцайæ дæр ифтонг нæ уыдтæн. Мæ чызджы чызг Цæгат Ирыстон-Аланийы цæры, телефонæй ныхæстæ кодтам, æнæфæразон кæй дæн, уый дæр ын загътон. Æнхъæл нæ уыдтæн, афтæмæй мын 10 минутмæ æрбахастой хъæуæг хостæ. Æнæзонгæ лæг мæ къæсæрыл лæугæ куы федтон, уæд фергъиау дæн. Уæ заказ, дам, айсут хосты аргъ дам электронон картæйæ бафыстой, мæ чызджы чызгы ном мын загъта. Ахæм лæггæдтæ махмæ дæр ис, уый зонгæ дæр нæ кодтон», – зæгъы нæ горæты æндæр цæрæг Кокойты Серги дæр.

Æцæг, разынд ахæмтæ дæр, кæцытæ зæгъынц, зæгъгæ, интернет-аптекæйы цы хостæ ис, уыдон сты чысыл зынаргъдæр æндæр аптектæм абаргæйæ. Уый фæдыл та йæ кусджытæ зæгъынц, зæгъгæ, мах нæ хъус дардзыстæм, цы згъуыдтытæ æргом цæуой, уыдонмæ æмæ иуварс цæудзысты.

 

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.